Дыккаг закъон
31 Моисей ацыд ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмӕн загъта ацы ныхӕстӕ. 2 Загъта сын афтӕ: «Мӕныл ныр цӕуы сӕдӕ дыууын азы+. Мӕнӕн бар нал ис, цӕмӕй уын разамынд дӕттон+, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ ахиздзынӕ+. 3 Уӕ разӕй фаллаг фарсмӕ ахиздзӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Уый ныццӕгъддзӕн уыцы адӕмты, ӕмӕ сӕ хъуамӕ фӕсурат+. Уӕ разӕй фаллаг фарсмӕ ахиздзӕн Йесо+, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 4 Йегъовӕ сын бакӕндзӕн, аморейты паддзӕхтӕ Сигон+ ӕмӕ Огӕн+, стӕй сӕ зӕххӕн куыд бакодта, афтӕ – куы сӕ ныццагъта, уӕд+. 5 Йегъовӕ уын уыцы адӕмты уӕ къухмӕ радта+, ӕмӕ сын хъуамӕ бакӕнат, куыддӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, афтӕ+. 6 Ут хъӕбатыр ӕмӕ фидар+. Ӕппындӕр сӕ ма тӕрсут+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕуы уемӕ. Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ никуы ферох кӕндзӕн»+.
7 Уый фӕстӕ Моисей фӕдзырдта Йесомӕ ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмы раз загъта: «У хъӕбатыр ӕмӕ фидар+, уымӕн ӕмӕ ацы адӕмы ды бакӕндзынӕ, Йегъовӕ сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ. Ӕмӕ сын уыцы зӕхх бынӕн ды ратдзынӕ+. 8 Дӕ разӕй цӕуы Йегъовӕ. Уый уыдзӕн демӕ+. Нӕ дӕ ныууадздзӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс»+.
9 Ӕмӕ Моисей ацы закъон ныффыста+ ӕмӕ йӕ радта сауджынтӕм, Левийы фырттӕм+, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыдонмӕ+, ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. 10 Ӕмӕ сын Моисей бафӕдзӕхста: «Алы ӕвдӕм азы кӕрон дӕр, сӕрибардзинады азы+ нысангонд рӕстӕгыл, Халагъудты бӕрӕгбоны+, 11 ӕгас Израил дӕр уӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ+, кӕй равзара, уыцы бынатмӕ+, куы ’рбацӕуой, уӕд-иу ацы закъон бакӕсут Израилы ӕппӕт адӕмы раз дӕр, иууылдӕр ӕй куыд хъусой+. 12 Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы+ се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ, уӕ горӕтты чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггӕгты,– цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной+, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ тӕрсой уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ+ ӕмӕ, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕххӕст кӕной. 13 Хъуамӕ хъусой+ сӕ фырттӕ дӕр, уыдӕттӕ чи нӕ зоны, уыдон, ӕмӕ ахуыр кӕной уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсын, цалынмӕ, Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл цӕрат, уӕдмӕ»+.
14 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ мӕлӕты бон ӕрхӕццӕ кӕны+. Фӕдзур Йесомӕ ӕмӕ ӕрлӕуут ӕмбырды цатыры, цӕмӕй йӕ разамонӕгӕй сӕвӕрон»+. Гъемӕ Моисей ӕмӕ Йесо ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕрлӕууыдысты ӕмбырды цатыры+. 15 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ фӕзынд цатыры раз мигъы хуызӕн цӕджындзы, ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындз ӕрлӕууыд цатыры бахизӕны раз+.
16 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ды тагъд баиу уыдзынӕ дӕ фыдӕлтӕм+. Ацы адӕм та бавдӕлдзысты+ ӕмӕ хӕтын райдайдзысты ӕцӕгӕлон хуыцӕуттимӕ, кӕдӕм цӕуынц, уыцы бӕстӕйы хуыцӕуттимӕ+, ӕмӕ уыцы хуыцӕуттӕ уыдзысты се ’хсӕн. Уыдон мӕ ныууадздзысты+ ӕмӕ фехалдзысты мӕ бадзырд, семӕ кӕй скодтон, уыцы бадзырд+. 17 Ӕмӕ сӕм уыцы бон мӕ маст ссудздзӕн+, ӕмӕ сӕ ӕз ныууадздзынӕн+ ӕмӕ сӕ мӕ цӕсгом бамбӕхсдзынӕн+, ӕмӕ сӕфты хай бауыдзысты. Сӕ сӕр баййафдзӕн бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ+, ӕмӕ уыцы бон зӕгъдзысты: „Ацы фыдбылызтӕ ныл уый тыххӕй нӕ цӕуынц, ӕмӕ нӕ Хуыцау не ’хсӕн кӕй нӕй?“+ 18 Ӕз та сӕ уыцы бон мӕ цӕсгом бынтондӕр бамбӕхсдзынӕн се ’ппӕт фыдхъуыддӕгты тыххӕй, ӕндӕр хуыцӕуттӕм кӕй аздӕхтысты, уый тыххӕй+.
19 Ӕмӕ ныр уӕхицӕн ныффыссут ацы зарӕг+ ӕмӕ йӕ бацамонут Израилы фырттӕн+. Уадз ӕмӕ йӕ сахуыр кӕной. Уый мын уыдзӕн ӕвдисӕн Израилы фыртты ныхмӕ+. 20 Ӕз сӕ бакӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон+, ӕхсыр ӕмӕ мыд+ кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ. Уыдон хӕрдзысты+, уыдзысты ӕфсӕст ӕмӕ бухъцард кӕндзысты+, ӕмӕ аздӕхдзысты ӕндӕр хуыцӕуттӕм+ ӕмӕ сын кувдзысты, мӕн та ницӕмӕ дардзысты ӕмӕ мын мӕ бадзырд фехалдзысты+. 21 Ӕмӕ сӕ сӕр бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ куы баййафа+, уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ уыдзӕн ӕвдисӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕй нӕ ферох уыдзӕн. Ӕз ӕй зонын, сӕ зӕрдӕ ныр дӕр кӕцырдӕм здӕхт у+, афтӕмӕй та, кӕй тыххӕй сын расомы кодтон, уыцы зӕхмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр нӕма бакодтон».
22 Гъемӕ уыцы бон Моисей ныффыста уыцы зарӕг, Израилы фырттӕн кӕй хъуамӕ бацамыдтаид, уый+.
23 Ӕмӕ Хуыцау Навины фырт Йесойы+ разамонӕгӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «У хъӕбатыр ӕмӕ фидар+, уымӕн ӕмӕ Израилы фыртты ды бакӕндзынӕ, кӕй тыххӕй сын расомы кодтон, уыцы зӕхмӕ+. Ӕз мӕхӕдӕг уыдзынӕн демӕ».
24 Моисей ацы закъон иууылдӕр чиныджы куы ныффыста+, 25 уӕд, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыцы левиттӕн+ загъта: 26 «Райсут ацы закъоны чиныг+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз+. Уый уыдзӕн ӕвдисӕн Израилы фыртты ныхмӕ+, 27 уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз зонын, сымах хивӕнд+ ӕмӕ ӕнӕсӕттон+ адӕм кӕй стут. Ӕз нырма ӕгас дӕн, нырма уе ’хсӕн дӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ кӕм цӕут+, уым, куы амӕлон, уӕд та цытӕ кӕндзыстут! 28 Фӕдзурут уӕ мыггӕгты хистӕртӕм+ ӕмӕ уӕ хицӕуттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, мӕ разы ӕрӕмбырд уӕнт, цӕмӕй сын ӕз ацы ныхӕстӕ зӕгъон. Арв ӕмӕ мын зӕхх уыдзысты ӕвдисӕн сӕ ныхмӕ+. 29 Ӕз ӕй зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ сымах ныллӕудзыстут сӕфты фӕндагыл+. Цы фӕндагыл уын бафӕдзӕхстон цӕуын, уыцы фӕндагӕй адзӕгъӕл уыдзыстут. Ӕмӕ фӕстагмӕ фыдбылызы+ хай бауыдзыстут, уымӕн ӕмӕ араздзыстут, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, уый ӕмӕ йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй ӕфхӕрдзыстут»+.
30 Ӕмӕ Моисей ӕппӕт Израилы адӕмӕн кӕрӕй-кӕронмӕ ракодта ацы зарӕджы ныхӕстӕ+: