2 Самуилы
14 Саруйӕйы+ фырт Иоав+ базыдта, паддзахӕн Авессаломмӕ+ йӕ зӕрдӕ кӕй фӕфӕлмӕн. 2 Ӕмӕ Иоав Фекойӕйӕ+ иу зондджын+ сылгоймаджы ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕхи афтӕ равдис, цыма дын чидӕр амард ӕмӕ йыл хъыг кӕныс. Дӕ уӕлӕ скӕн зианджыны дарӕс ӕмӕ дӕхи сойӕ ма байсӕрд+. Ахӕм хуыз скӕн, цыма бирӕ рӕстӕг мардыл хъыг кӕныс+. 3 Ӕмӕ бацу паддзахмӕ ӕмӕ йын афтӕ ӕмӕ афтӕ зӕгъ». Ӕмӕ йын Иоав бацамыдта, цы хъуамӕ загътаид, уый+.
4 Уыцы фекойаг сылгоймаг дӕр паддзахмӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта+ ӕмӕ загъта: «О паддзах, баххуыс мын кӕн!»+ 5 Паддзах ӕй бафарста: «Цы хабар дыл ӕрцыд?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн идӕдз сылгоймаг+, мӕ сӕрыхицау амард. 6 Дӕ цагъар-сылгоймагӕн уыди дыууӕ фырты. Иу бон быдыры+ фӕхыл сты, иргъӕвӕг+ та сӕ нӕ уыд. Ӕмӕ сӕ иу иннӕйы ныццавта ӕмӕ йӕ амардта. 7 Ныр ӕгас бинонтӕ дӕ цагъар-сылгоймаджы ныхмӕ систы ӕмӕ мын дзурынц: „Ратт нын, йе ’фсымӕры чи амардта, уый, ӕмӕ йӕ амарӕм ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры+ туг райсӕм+. Кӕд дӕ иунӕг бындар у, уӕддӕр ӕй амардзыстӕм!“ Уыдон мын афтӕмӕй мӕ къонайы фӕстаг зынг ахуыссын кӕндзысты, ӕмӕ мӕ сӕрыхицауӕн йӕ ном зӕххӕй фесӕфдзӕн, йӕ фӕстӕ ничиуал баззайдзӕн»+.
8 Паддзах сылгоймагӕн загъта: «Ацу уӕхимӕ, уыцы хъуыддаг та мӕ бар уадз»+. 9 Уӕд фекойаг сылгоймаг паддзахӕн загъта: «Мӕ буц хицау, мӕныл ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарыл уӕд тӕригъӕд+, паддзах ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаг та сыгъдӕг уыдзысты». 10 Паддзах ын загъта: «Исчи дӕм исты куы сдзура, уӕд-иу ӕй мӕнмӕ ӕрбакӕн, ӕмӕ дӕ нал бафхӕрдзӕн». 11 Фӕлӕ уый загъта: «Паддзах, курын дӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы дӕ зӕрдыл дар+, цӕмӕй тугисӕг+ ноджы фылдӕр фыдбылызтӕ ма ракӕна, ӕмӕ мын мӕ фырты ма амарой». Паддзах загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын+, дӕ фырты сӕрӕй иу хъуын дӕр+ зӕхмӕ не ’рхаудзӕн». 12 Уӕд сылгоймаг загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъар-сылгоймагӕн+ бар ратт, ӕмӕ мӕ буц хицауӕн иу ныхас зӕгъон»+. «Дзур!»+ – бар ын радта паддзах.
13 Сылгоймаг загъта: «Ӕмӕ уӕд Хуыцауы адӕмы ныхмӕ+ ахӕм фыдвӕнд цӕмӕн скодтай?+ Паддзах афтӕ кӕй дзуры, уымӕй йӕхӕдӕг йӕхицӕн тӕрхон кӕны+, уымӕн ӕмӕ паддзах, йӕхицӕй кӕй фӕсырдта, уый фӕстӕмӕ не ’ркӕны+. 14 Мах не ’ппӕт дӕр амӕлдзыстӕм+ ӕмӕ уыдзыстӕм, зӕххыл кӕй акалдтой ӕмӕ сӕмбырд кӕнӕн кӕмӕн нал ис, уыцы доны хуызӕн. Фӕлӕ Хуыцау никӕй цард*+ исы – уый дзӕбӕх ахъуыды кодта, хауӕггаг чи фӕци, уый дзы ӕнустӕм цӕуылнӕ хъуамӕ уа хауӕггаг, ууыл. 15 Ӕмӕ мӕнӕ ӕрбацыдтӕн, цӕмӕй паддзахӕн, мӕ буц хицауӕн, зӕгъон ацы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕм стӕрсын кодтой. Ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг ахъуыды кодта: „Цӕуон ӕмӕ паддзахимӕ аныхас кӕнон. Кӕд паддзах йӕ цагъар-сылгоймаджы ныхасмӕ байхъусид. 16 Паддзах байхъусдзӕн йӕ цагъар-сылгоймагмӕ, ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕн ӕмӕ мӕ иунӕг фырты Хуыцауы лӕвӕрд бынтӕй бынтондӕр ӕнӕхай фӕкӕнынмӕ чи хъавы, уыцы адӕймаджы къухӕй“+. 17 Ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг йӕхицӕн загъта: „Уадз ӕмӕ мын мӕ буц хицауы ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕной“. Уымӕн ӕмӕ паддзах, мӕ буц хицау, ӕцӕг Хуыцауы зӕдӕй+ уӕлдай нӕу – уый зоны, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ демӕ уӕд».
18 Уӕд паддзах сылгоймагӕн загъта: «Иу хъуыддагӕй дӕ бафӕрсдзынӕн, ӕмӕ мын ӕй, дӕ хорзӕхӕй, ма басусӕг кӕн»+. Сылгоймаг ын загъта: «Табуафси, зӕгъ ӕй, мӕ буц хицау». 19 Ӕмӕ йӕ паддзах бафарста: «Мыййаг, Иоавы+ дзыхӕй нӕ дзурыс адӕттӕ?»+ Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Сомы дын кӕнын+, мӕ буц хицау, раст зӕгъыс. Дӕ цагъар Иоав мӕ ӕрбарвыста ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймагӕн ӕппӕт ацы ныхӕстӕ дӕр уый бацамыдта+. 20 Дӕ цагъар Иоав афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсай. Фӕлӕ мӕ буц хицау ӕцӕг Хуыцауы зӕдау+ зондджын у ӕмӕ зоны, зӕххыл цыдӕриддӕр цӕуы, уый».
21 Уӕд паддзах Иоавӕн загъта: «Афтӕ фӕуӕд, сараздзынӕн уыцы хъуыддаг+. Ацу ӕмӕ ӕркӕн уыцы лӕппуйы, Авессаломы»+. 22 Иоав паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта ӕмӕ йын раарфӕ кодта+. Иоав загъта: «Мӕ буц хицау, ныр ӕй дӕ цагъар зоны, дӕ хорзӕх дын кӕй ссардта+, уымӕн ӕмӕ паддзах байхъуыста йӕ цагъары ныхасмӕ». 23 Уый фӕстӕ Иоав сыстад, Гессурмӕ+ ацыд ӕмӕ Авессаломы Иерусалиммӕ ӕркодта+. 24 Фӕлӕ паддзах загъта: «Ацӕуӕд йӕ хӕдзармӕ, мӕнӕн та йӕхи ма равдисӕд»+. Авессалом дӕр йӕ хӕдзармӕ ацыд ӕмӕ паддзахӕн йӕхи нӕ равдыста.
25 Ӕгас Израилы Авессаломы хуызӕн рӕсугъд нӕлгоймаг нӕ уыди+. Къахӕй сӕрмӕ йӕм иу хъӕндзинад дӕр нӕ уыд ссарӕн. 26 Йӕ сӕрыхъуынтӕ-иу куы алвыдта,– ӕлвынгӕ та сӕ кодта алы афӕдзы кӕрон дӕр, уымӕн ӕмӕ йыл уӕз кодтой+,– уӕд-иу сӕ сбарста ӕмӕ-иу сӕ уӕз уыди дыууӕсӕдӕ сиклы*, паддзахы барӕн дурӕй баргӕйӕ. 27 Авессаломӕн райгуырд ӕртӕ лӕппуйы+ ӕмӕ иу чызг, Фамар, зӕгъгӕ. Фамар уыди тынг рӕсугъд чызг+.
28 Авессалом Иерусалимы фӕци дыууӕ азы, фӕлӕ паддзахы нӕ федта+. 29 Уый фӕстӕ Авессалом Иоавмӕ фӕдзырдта, цӕмӕй йӕ паддзахмӕ арвыстаид, фӕлӕ йӕм Иоав не ’рбацыд. Дыккаг хатт дӕр та йӕм арвыста, фӕлӕ йӕм уый уӕддӕр не ’рбацыд. 30 Ӕмӕ уӕд Авессалом йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Мӕ хуымы фарсмӕ Иоавы хуым уынут? Хъӕбӕрхор ын дзы ис тыд. Ацӕут ӕмӕ уыцы хуымыл арт бандзарут»+. Авессаломы лӕггадгӕнджытӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ уыцы хуымыл арт бандзӕрстой+. 31 Уӕд Иоав Авессаломмӕ хӕдзармӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕ мын мӕ хуымыл арт цӕмӕн бандзӕрстой?» 32 Ӕмӕ Авессалом Иоавӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнджыты дӕм цалдӕр хатты арвыстон, зӕгъгӕ мӕм ӕрцу, ӕмӕ дӕ паддзахмӕ арвитон, цӕмӕй йын зӕгъай: „Гессурӕй цӕмӕн ӕрцыдтӕн?+ Фӕлтау уым куы баззадаин. Паддзах мын бар раттӕд, цӕмӕй йӕ фенон. Кӕд исты тӕригъӕд ракодтон+, уӕд та мӕ амарӕд“».
33 Иоав паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын Авессаломы ныхӕстӕ радзырдта. Уӕд паддзах Авессаломмӕ фӕдзырдта. Ӕмӕ йӕм куы бацыд, уӕд паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта, ӕмӕ йын паддзах апъа кодта+.