Исай
49 Байхъусут мӕм, сакъадӕхтӕ+, ӕмӕ уӕ хъус ӕрдарут, дард ран чи цӕры, уыцы адӕмыхӕттытӕ+. Йегъовӕ мӕм фӕдзырдта+, мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕд+. Нӕма райгуырдтӕн, афтӕ мын мӕ ном загъта+. 2 Ме ’взаг* мын скодта цыргъ хъамайы хуызӕн+ ӕмӕ мӕ йӕ къухы аууонӕй+ бамбӕрзта+. Скодта мӕ цыргъ фат ӕмӕ мӕ йӕ фатдоны бамбӕхста. 3 Ӕмӕ мын загъта: «Ды дӕ мӕ лӕггадгӕнӕг, о Израил+, ӕз дӕуыл равдисдзынӕн мӕ рӕсугъддзинад»+.
4 Ӕз та загътон: «Дзӕгъӕлы фыдӕбон кодтон+. Мӕ тыхтӕ лӕвӕрдтон ницӕйаг, ӕнӕпайда цӕмӕндӕрты+. Мӕнӕн мӕ тӕрхонгӕнӕг у Йегъовӕ+, мӕ мызд мын дӕтты мӕ Хуыцау»+. 5 Ӕмӕ мын ныр Йегъовӕ,– мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕд мӕ йӕхицӕн лӕггадгӕнӕг чи скодта+, уый,– загъта, цӕмӕй йӕм Иаковы фӕстӕмӕ ӕрбакӕнон+, ӕмӕ Израил йӕ разы ӕрӕмбырд уа+. Ӕмӕ ӕз скадджын уыдзынӕн Йегъовӕйы цӕсты, ӕмӕ мӕ Хуыцау суыдзӕн мӕ хъару. 6 Уый мын загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг кӕй сдӕ ӕмӕ Иаковы мыггӕгтӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл кӕй хъуамӕ слӕууын кӕнай, Израилӕй кӕй фервӕзын кодтой, уыдоны фӕстӕмӕ кӕй хъуамӕ ӕрбакӕнай+, уый гыццыл хъуыддаг нӕу. Стӕй ма дӕ ӕз адӕмтӕн радтон рухсӕн+, цӕмӕй суанг зӕххы кӕроны онг дӕр ирвӕзындзинад ӕрхӕссон»+.
7 Ӕппындӕр кӕй ницӕуыл нымайынц+, адӕмӕн ӕнад чи у+, хицӕуттӕн лӕггадгӕнӕг чи у+, уымӕн Йегъовӕ, Израилы Ӕлхӕнӕг+, йӕ Сыгъдӕг Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Паддзӕхтӕ фендзысты ӕмӕ сыстдзысты+, афтӕ кънйӕзтӕ дӕр. Ӕмӕ сӕ зонгуытыл ӕрлӕудзысты Йегъовӕйы тыххӕй, иузӕрдион чи у+, уый тыххӕй, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы тыххӕй, дӕу чи равзӕрста, уый тыххӕй»+.
8 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Ӕз дын мӕ хорзӕхы рӕстӕг дзуапп радтон+ ӕмӕ дын ирвӕзындзинады бон баххуыс кодтон+. Ӕз дӕ хъахъхъӕдтон, цӕмӕй дӕ радтон адӕмӕн бадзырдӕн+, цӕмӕй зӕхх фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕнай+, чи сафтид, уыцы зӕххытӕ фӕстӕмӕ мӕ адӕмӕн бынӕн раттай+, 9 ахст адӕммӕ фӕдзурай+: „Рацӕут!“+ Ӕмӕ, талынджы чи ис, уыдонӕн зӕгъай+: „Уӕхи равдисут!“+ Уыдон хиздзысты фӕндаггӕрӕтты, сӕ хизӕнтӕ уыдзысты ӕппӕт къахвӕндӕгты раз+. 10 Ӕмӕ нӕдӕр ӕххормаг ӕййафдзысты+, нӕдӕр сын дойны уыдзӕн+, судзгӕ тӕвд сӕ тухӕнӕй нӕ мардзӕн ӕмӕ сӕ хур нӕ судздзӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕ кӕндзӕн, тӕригъӕд сын Чи кӕны, уый+, ӕмӕ сӕ кӕндзӕн суадӕттӕм+. 11 Ӕз ме ’ппӕт хӕхтӕй дӕр скӕндзынӕн фӕндаг ӕмӕ ме стыр фӕндӕгтӕ уӕлӕмӕ ссӕудзысты+. 12 Уыдон ӕрцӕудзысты дардӕй+: чи – цӕгатӕй+, чи – ныгуылӕнӕй+, чи та – Синимы зӕххӕй».
13 Арв, фырцинӕй хъӕр кӕн+, ӕмӕ ды, зӕхх, цин кӕн+. Хӕхтӕ цин кӕнӕнт, фырцинӕй хъӕр кӕнӕнт+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ барӕвдыдта+, йӕ адӕмӕй ӕфхӕрд чи у, уыдонӕн фӕтӕригъӕд кодта+.
14 Фӕлӕ Сион дзырдта: «Йегъовӕ мӕ ныууагъта+, Йегъовӕ мӕ ферох кодта»+. 15 Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна?+ Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна+, фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн+. 16 Мӕнӕ, ӕз дӕ ныффыстон мӕ къухтыл+. Дӕ къултӕ ӕдзух мӕ разы сты+. 17 Дӕ фырттӕ тагъд-тагъд ӕрбацӕуынц. Чи дӕ пырх кодта ӕмӕ дын чи ницыуал ныууагъта, уыдон та ацӕудзысты. 18 Уӕртӕ-ма акӕс, дӕ алыварс-ма дӕ цӕст ахӕсс. Уыдон иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, ӕрбацыдысты дӕм+. «Ӕз дӕн удӕгас Хуыцау ӕмӕ сомы кӕнын,– зӕгъы Йегъовӕ+,– дӕхи уыдонӕй аивгӕнӕнтау кӕй срӕсугъд кӕндзынӕ, чындзау сӕ дӕ уӕлӕ кӕй скӕндзынӕ+. 19 Кӕд дӕм афтид бынӕттӕ йеддӕмӕ ницыуал баззад, ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн сдӕ ӕмӕ дӕ зӕхх иууылдӕр хӕлддзӕгтӕ у+, уӕд ныр дӕ зӕххыл адӕм нал цӕуынц ӕмӕ дӕ чи ӕфхӕрдта, уыдон сты дард+. 20 Ӕмӕ, дӕ сывӕллӕттӕ куы амардысты, уӕд дын цы фырттӕ фӕзынд+, уыдон дын зӕгъдзысты: „Нал дзы цӕуӕм+. Фылдӕр бынат нын ратт, цӕмӕй дзы цӕрӕм“+. 21 Ӕмӕ ды дӕхицӕн зӕгъдзынӕ: „Кӕй мын радтой, уыцы сывӕллӕтты фыд чи у? Мӕ сывӕллӕттӕ амардысты, уыдтӕн ӕнӕзӕнӕг, акодтой мӕ уацары ӕмӕ уыдтӕн ахст+. Ӕз иунӕгӕй куы баззадтӕн+ – уӕд сӕ чи схъомыл кодта?+ Кӕм уыдысты?“»+
22 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: «Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, цӕмӕй йӕ адӕмтӕ феной+, сӕвӕрдзынӕн амонӕн цӕджындз+, цӕмӕй йӕ феной адӕмыхӕттытӕ. Ӕмӕ дын уыдон дӕ фыртты сӕ хъӕбысы ӕрбахӕсдзысты, дӕ чызджыты дын хӕсдзысты се уӕхсчытыл+. 23 Паддзӕхтӕ дӕм сӕ хъус дардзысты+, сӕ кънйӕзты устытӕ уыдзысты дӕ хъомылгӕнджытӕ. Уыдон дын сӕрӕй зӕххы онг кувдзысты+ ӕмӕ дын дӕ къӕхты рыг сдӕрдзысты+. Ӕмӕ йӕ базондзынӕ, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ ӕмӕ мыл йӕ ныфс чи дары, уыдон кӕй никуы фӕхудинаг уыдзысты»+.
24 Тыхджын лӕджы къухмӕ чи бахауд, уыдоны ма байсӕн ис?+ Кӕнӕ, ӕгъатыр адӕймаг уацары кӕй райста, уыдонӕн сӕ бон алидзын у?+ 25 Йегъовӕ та афтӕ зӕгъы: «Тыхджын лӕг уацары кӕй акодта, уыдоны дӕр байсдзысты+, ӕмӕ, ӕгъатыр адӕймаджы къухмӕ чи бахауд, уыдон дӕр алидздзысты+. Демӕ чидӕриддӕр тох кӕна, уыдонимӕ ӕз мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн+, ӕмӕ дын дӕ фыртты фервӕзын кӕндзынӕн+.26 Чи дӕ ӕфхӕры, уыдонӕн афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ буары фыдтӕ хӕрдзысты. Сӕхи тугӕй срасыг уыдзысты, раст цыма адджын сӕн банызтой, уыйау. Ӕмӕ йӕ иууылдӕр базондзысты, ӕз, Йегъовӕ+, кӕй дӕн дӕ Ирвӕзынгӕнӕг+, дӕ Ӕлхӕнӕг+, Иаковы Тыхджын Хуыцау»+.