Захари
9 Тӕрхон+:
«Йегъовӕ дзуры Хадрахы бӕстӕйы ныхмӕ, ӕмӕ йӕ ныхас сӕйраджыдӕр у Дамаскы+ ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы адӕммӕ+ ӕмӕ Израилы мыггӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, 2 стӕй, Израилы тӕккӕ фарсмӕ чи ис, уыцы Хаматы+ ныхмӕ, ӕмӕ Тир+ ӕмӕ Сидоны+ ныхмӕ дӕр, кӕд тынг зондджын сты+, уӕддӕр. 3 Тир йӕхицӕн фидар къултӕ самадта ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта, зӕххыл рыг цас ис, уыйбӕрц ӕвзист ӕмӕ, уынгты цъыф цас ис, уыйбӕрц сызгъӕрин+. 4 Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕххытӕ байсдзӕн ӕмӕ йын йе ’фсад денджызы фӕдӕлдон кӕндзӕн+. Йӕхи та йын арт аныхъуырдзӕн+. 5 Аскалон уый куы фена, уӕд дзы тас бацӕудзӕн, Газӕ фыррыстӕй ныкъкъӕдзтӕ уыдзӕн. Ӕмӕ Екроныл+ дӕр ахӕм бон акӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ, йӕ ныфс+ кӕуыл дардта, уый ныххудинаг уыдзӕн. Газӕйы нал уыдзӕн паддзах ӕмӕ Аскалон ӕдзӕрӕг фӕуыдзӕн+. 6 Азоты+ хицауӕй ӕрбаддзӕн дзӕгъӕлзад+ фырт, ӕмӕ ӕз филистимӕгты сӕрбӕрзонддзинадӕн кӕрон скӕндзынӕн+. 7 Йӕ дзыхӕй йын туг рахсдзынӕн, йӕ дӕндӕгты+ ’хсӕн цы чъизитӕ ис, уыдон ын расыгъдӕг кӕндзынӕн. Нӕ Хуыцауӕн ӕй ныууадздзысты, ӕмӕ уый Иудӕйы+ уыдзӕн мыггаджы хистӕры+ хуызӕн, Екрон та уыдзӕн йевусейты хуызӕн+. 8 Ӕз мӕ хӕдзары раз ӕрбынат кӕндзынӕн+ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕн, ӕмӕ дзы мидӕмӕ дӕр ничи бацӕудзӕн ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр ничи рацӕудзӕн. Цӕстдарӕг дӕр се ’хсӕн нал рацу-бацу кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ сыл цы ’рцыд, уый мӕхи цӕстӕй уынын+.
9 Цин кӕн, Сионы чызг!+ Фырцинӕй хъӕр кӕн+, Иерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм дӕ паддзах+ фӕцӕуы!+ Уый у рӕстгӕнӕг ӕмӕ уӕлахиздзау+. Уый у сӕрныллӕг+ ӕмӕ ӕрбацӕуы хӕрӕгыл, сыл хӕрӕджы къӕлӕуыл+. 10 Ӕз Ефремы бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ Иерусалимы бӕхты фесафдзынӕн+. Хӕстон ӕрдынтӕ+ саст ӕрцӕудзысты. Уый адӕмтӕн дзурдзӕн фарны тыххӕй+ ӕмӕ хицау уыдзӕн иу денджызӕй иннӕмӕ, Стыр цӕугӕдонӕй* суанг зӕххы кӕрӕттӕм+.
11 Дӕуӕн та, сылгоймаг, дӕу ӕмӕ ме ’хсӕн цы бадзырд ис, уыцы бадзырды туджы фӕрцы+ дӕ ахст адӕмы ссӕрибар кӕндзынӕн+, дон кӕм нӕй, уыцы дзыхъхъӕй.
12 Ныфс кӕмӕн ис+, уыцы ахст адӕм, раздӕхут фидар мӕсыгмӕ+.
Абон дын зӕгъын: „Сылгоймаг, дыууӕ хайы дын ратдзынӕн+. 13 Ныллӕудзынӕн ӕрдыныл – Иудӕйыл. Ӕрдыныл сӕвӕрдзынӕн фат – Ефремы. Сион, дӕ фыртты+ дын сыстын кӕндзынӕн дӕуӕн, Греци+, дӕ фыртты ныхмӕ, ӕмӕ дӕу, Сион, скӕндзынӕн хъӕбатыр хӕстоны хъамайы хуызӕн“+. 14 Йегъовӕ сӕ сӕрмӕ фӕзындзӕн+, ӕмӕ йӕ фат арвӕрттывдау атӕхдзӕн+. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ сыкъайӕ ныууасдзӕн+ ӕмӕ хуссайраг тыхдымгӕтимӕ рацӕудзӕн+.15 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ сӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ уыдон аныхъуырдзысты+ дурӕхсӕнты дуртӕ ӕмӕ сӕ басӕтдзысты. Нуаздзысты+ ӕмӕ сызнӕт уыдзысты, сӕнӕй куыд сызнӕт вӕййынц, афтӕ. Къус кӕнӕ нывондхӕссӕны тигътӕ куыд байдзаг вӕййынц, афтӕ байдзаг уыдзысты+.
16 Уыцы бон сӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн+ – йӕ дзуг, йӕ адӕмы+. Ӕмӕ йӕ зӕххыл ӕрттивдзысты, паддзахы кадыхудыл дуртӕ куыд ферттивынц, афтӕ+. 17 Куыд стыр у йӕ хорздзинад+, куыд стыр у йӕ кад!+ Лӕппутӕ дидинӕгау райхӕлдзысты хорӕй, чызджытӕ та – ног сӕнӕй»+.