Иудӕйы
1 Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕ, Иаковы+ ӕфсымӕр, фыссы, нӕ Фыд+ Хуыцау кӕй уарзы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй кӕй хъахъхъӕны+, уыцы хуындтытӕм+.
2 Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+, фарн+ ӕмӕ уарзтӕй+ ноджы фылдӕр хайджын куыд уат, уыцы арфӕ уӕ уӕд+.
3 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ+, зӕрдиагӕй мӕ фӕндыди сымахмӕ нӕ иумӕйаг ирвӕзындзинады+ тыххӕй ныффыссын, фӕлӕ хъӕугӕ хъуыддагыл банымадтон сымахӕн ныффӕдзӕхсын: сыгъдӕджытӕн+ иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад ӕрцыди, уый сӕрвӕлтау ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнут+. 4 Ӕз уӕ уый тыххӕй фӕдзӕхсын, ӕмӕ уе ’хсӕнмӕ ӕрбахъуызыдысты+, Фыстадмӕ гӕсгӕ рагӕй+ дӕр ацы тӕрхон+ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм ӕнӕхуыцау адӕймӕгтӕ+. Уыдонӕн нӕ Хуыцауы стыр хорзӕх уый ӕфсон фӕци, цӕмӕй хӕлд митӕ* кӕной+, уыдон сӕ зӕрдӕ сивтой+ нӕ иунӕг Хицау+ Йесо Чырыстийыл, чи нӕ балхӕдта+, ууыл.
5 Сымах ӕппӕт адӕттӕ ӕнӕуи дӕр зонут+, фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕнды уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын: кӕд Йегъовӕ йӕ адӕмы Египеты+ зӕххӕй раирвӕзын кодта, уӕддӕр уый фӕстӕ, уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыдоны фесӕфта+. 6 Йӕ фыццаджы бынат чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынат чи ныууагъта+, уыцы зӕдты та ӕнусон рӕхыстӕй+ бастӕй дары саудалынджы, стыр тӕрхоны бонмӕ+. 7 Афтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алыварс горӕттӕ+ дӕр, бафтыдысты хӕтыныл ӕмӕ амӕй-ай хӕлддӕр митыл+, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ӕнусон арты тӕрхон баййӕфта+. Ӕмӕ уымӕй махӕн сты зонды хос+.
8 Фӕлӕ уӕддӕр уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ахӕмтӕ. Фынтӕй цӕргӕйӕ+, чъизи кӕнынц сӕхи буар дӕр ӕмӕ иннӕты буӕрттӕ дӕр, сӕ сӕргълӕуджыты ницӕмӕ дарынц+ ӕмӕ фауынц кадджынты+. 9 Хистӕр зӕд+ Михаилӕн+ та Хӕйрӕгимӕ Моисейы марды+ тыххӕй ныхас куы рауад+ ӕмӕ йемӕ разы куы нӕ уыд, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, иу ӕфхӕрӕн ныхас дӕр дзы не схауд+, ӕрмӕст ын загъта: «Йегъовӕ дын уӕд тӕрхонгӕнӕг»+. 10 Уыцы адӕймӕгтӕ та фауынц, ӕппындӕр цы не ’мбарынц, уыдӕттӕ+. Ӕнӕмбаргӕ фосау+ ӕрдзӕй рахӕсгӕ зондӕй цы ’мбарынц, уымӕй та сӕхи быныхӕлд кӕнынц+.
11 Мӕгуыр сӕхӕдӕг, уымӕн ӕмӕ ацыдысты Каины+ фӕндагыл, Валаамау+ исты райсын ӕнхъӕлӕй рӕдыд фӕндагыл адзӕгъӕл сты, Корейау+ змӕнтынц+, ӕмӕ сӕфынц! 12 Уарзондзинады номыл цы куывдтӕ скӕнут+, уым уемӕ минасгӕнгӕйӕ уыдон вӕййынц, доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхты хуызӕн. Уыдон сты, сӕхи ӕнӕфсармӕй чи ӕфсады, ахӕм фыййӕутты хуызӕн+, дымгӕ+ дыууӕрдӕм кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, ахӕм ӕнӕдон мигъты+ хуызӕн, дыргътонӕн афон* дыргъ кӕуыл нӕй, бынтондӕр чи бахус* ӕмӕ бындзарӕй+ кӕй срӕдывтой, ахӕм бӕлӕсты хуызӕн. 13 Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн кӕлы, ахӕм денджызы знӕт уылӕнты хуызӕн+, ӕнусон саудалынг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм дзӕгъӕлдзу стъалыты хуызӕн+.
14 Уыдоны тыххӕй дзырдта Енох+ дӕр, Адамӕй ӕвдӕм: «Мӕнӕ, Йегъовӕ ӕрцыд йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ+, 15 цӕмӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон скӕна+ ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм ӕнӕфсармӕй цы ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ дзы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ цы алы фыдтӕ дзырдтой, уыдоны сӕ фӕаххосджын кӕна!»+
16 Уыцы адӕймӕгтӕ ӕдзух кӕнынц хъуыр-хъуыр+, хъаст кӕнынц сӕ цардӕй, сӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕуынц+, сӕхицӕй ӕппӕлынц+ ӕмӕ исты райсын ӕнхъӕлӕй цӕстмӕ митӕ кӕнынц*+.
17 Фӕлӕ сымах, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ӕрхъуыды кӕнут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы апостолты ныхӕстӕ+, 18 афтӕ уын куы дзырдтой: «Фӕстаг рӕстӕг фӕзындзӕн ахӕм адӕм, ӕмӕ, хорз цы у, ууыл худдзысты ӕмӕ, сӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕугӕйӕ, ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ араздзысты»+. 19 Уыдон сымах дихтӕ кӕнынц+, цӕуынц сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл+, Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕм нӕ хӕццӕ кӕны+. 20 Фӕлӕ сымах, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ удыхъӕд аразут+ уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл+ ӕмӕ кувут Хуыцауы сыгъдӕг тыхы* разамындмӕ гӕсгӕ+, 21 ӕмӕ афтӕмӕй, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ+ ӕмӕ ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ+, Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут+. 22 Дызӕрдыг чи кӕны, уыдонмӕ+ ут фӕлмӕнзӕрдӕ+, 23 ирвӕзын сӕ кӕнут+ – раскъӕфут-иу сӕ арты дзыхӕй+. Фӕлмӕнзӕрдӕ ут иннӕтӕм дӕр, ӕрмӕст уӕхи хъахъхъӕнут – уе сӕфт уынут, буарӕй цы хӕдон фӕчъизи, уымӕй дӕр+.
24 Сымах фӕкӕлынӕй бахизын+ ӕмӕ уӕ йӕ кады раз ӕнӕфауӕй+ ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕрлӕууын кӕнын кӕй бон у, 25 уыцы иунӕг Хуыцауӕн, нӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕн+, стыр тыхы+ хицау чи у, уымӕн, уӕд кад+, намыс ӕмӕ бартӕ+ ӕнусты размӕ+ дӕр, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм+ дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы+ уылты! Аммен+.