Псалом
Давиды псалом. Маскил*.
32 Амондджын у, Хуыцау йӕ фыдракӕнд кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕд кӕмӕн ныххатыр кодта+.
2 Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕ рӕдыды тыххӕй Йегъовӕ дзуапп кӕмӕй не ’рдомдзӕн+
Ӕмӕ хиндзинад кӕмӕ нӕй+.
3 Куы ницы дзырдтон, уӕд бон-изӕрмӕ хъӕрзыдтӕн ӕмӕ ме стджытӕ ныххус сты+,
4 Уымӕн ӕмӕ мыл ӕхсӕвӕй-бонӕй дӕ къух уӕз кодта+.
Мӕ хъару байсыст, сӕрдыгон тӕвды дон куыд байсысы, афтӕ+. (Села́)
5 Ӕппынфӕстаг дын мӕ тӕригъӕд раргом кодтон, нӕ басусӕг кодтон мӕ рӕдыд+.
Ӕз загътон: «Йегъовӕйӕн мӕ тӕригъӕдтӕ раргом кӕндзынӕн»+.
Ӕмӕ мын ды мӕ рӕдыд ӕмӕ мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтай+. (Села́)
6 Уый тыххӕй дӕм, иузӕрдион дыл чи у, уыдонӕй алчидӕр кувдзӕн+,
Цалынмӕ дӕ ссарӕн ис, уӕдмӕ+.
Ӕмӕ йӕм ивылд доны гуылфӕнтӕ дӕр нӕ бахӕццӕ уыдзысты+.
7 Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн бынат, ды мӕ бахъахъхъӕндзынӕ бӕллӕхӕй+.
Фервӕзын мӕ кӕндзынӕ ӕмӕ мӕ алыварс хъуысдзӕн цины хъӕртӕ+. (Села́)
8 Ды загътай: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн+.
Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн+.