Псалом
Амонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.
2 Дымгӕ фӕздӕг куыд фӕсуры, афтӕ сӕ фӕсур+.
Мыдадз арты куыд атайы+,
Афтӕ фесӕфӕнт фыдгӕнджытӕ Хуыцауы разӕй+.
4 Зарут Хуыцауӕн, зарут йӕ номӕн+.
Зарӕг бӕрзонд сисут, ӕдзӕрӕг быдыртыл чи фӕцӕуы, уымӕн+ –
Йагъ* у йӕ ном+ – ӕмӕ йӕ разы фырцинӕй кафут.
5 Сидзӕрты фыд ӕмӕ идӕдзты тӕрхонгӕнӕг+ –
Хуыцау йӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынаты+.
6 Хуыцау иунӕджы ӕрцӕрын кӕны хӕдзары+,
Ссӕрибар кӕны, ахст чи у, уыдоны ӕмӕ сын фӕрнӕйдзаг цард ратты+.
Хивӕнд чи у, уыдон та цӕрдзысты хурсыгъд зӕххыл+.
7 О Хуыцау, дӕ адӕмы разӕй куы цыдтӕ+,
Ӕдзӕрӕг быдырыл куы фӕцӕйцыдтӕ+ (села́),
8 Уӕд зӕхх ӕнкъуысыд+,
Арв ӕртах кодта Хуыцауы раз+.
Ацы хох, Синай, ӕнкъуысыд Хуыцауы раз+, Израилы Хуыцауы раз+.
9 Ды тӕрккъӕвда рауагътай, о Хуыцау+.
Дӕ адӕмӕн-иу сӕ бон куы нал уыд, уӕд-иу сӕ ног хъарутӕ бауагътай+.
12 Лидзынц ӕфсӕдтӕн сӕ паддзӕхтӕ, лидзынц+.
Хӕдзары чи баззад, уыцы сылгоймагмӕ та хай ӕрхауы амӕттагӕй+.
13 Кӕд фӕнычы рӕгъты фарсмӕ хуыссыдыстут,
Уӕддӕр уын уыдзӕн бӕлоны базыртӕ – ӕвзистӕй ӕмбӕрзт,
14 Уым Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау паддзӕхты алырдӕмты куы ныппырх кодта+,
Уӕд Селмоны+ райдыдта мит уарын.
16 Уӕлӕ хӕхты цъуппытӕ, хӕлӕггӕнгӕйӕ цӕмӕн кӕсут,
Хуыцауы цӕрын кӕм бафӕндыд, уыцы хохмӕ?+
Йегъовӕ уым цӕрдзӕн ӕнустӕм+.
17 Хуыцауы хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ сты дӕсгай минтӕ, ӕнӕнымӕц минтӕ+.
Йегъовӕ Синайӕ ӕрцыд сыгъдӕг бынатмӕ+.
Акодтай уацайрӕгты+,
Райстай лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты+,
Суанг хивӕндты+ дӕр, цӕмӕй се ’хсӕн цӕрай+, о Йагъ, о Хуыцау.
19 Табу Йегъовӕйӕн, алы бон дӕр нын нӕ уаргъ чи хӕссы, уымӕн+,
Нӕ ирвӕзынгӕнӕг ӕцӕг Хуыцауӕн+. (Села́)
20 Ӕцӕг Хуыцау у, чи нӕ ирвӕзын кӕны, уыцы Хуыцау+.
21 Хуыцау ныппырх кӕндзӕн йе знӕгтӕн сӕ сӕртӕ+,
Йӕ тӕригъӕд хъуыддӕгтӕ чи нӕ уадзы, уыдоны хъуынджын тылтӕ+.
22 Йегъовӕ загъта: «Раздахдзынӕн сӕ Васанӕй+,
Денджызы арфӕй сӕ сисдзынӕн+,
23 Цӕмӕй дӕ къӕхтӕ туджы ныхсай+
Ӕмӕ цӕмӕй дӕ куыйтӕ се ’взагӕй знӕгты туг сдӕрой»+.
24 О Хуыцау, уыдон федтой, куыд-иу фӕцӕйцыдтӕ+,
Куыд-иу фӕцӕйцыд мӕ Хуыцау, мӕ Паддзах, сыгъдӕг бынатмӕ+.
25 Разӕй цыдысты зарӕггӕнджытӕ, сӕ фӕстӕ – хъисфӕндыртыл чи цагъта, уыдон+,
Се ’хсӕн та цыдысты чызджытӕ далатӕй цӕгъдгӕ+.
27 Чысыл Вениамин сыл уӕлахиз кӕны+,
Уӕлахиз сыл кӕнынц Иудӕйы кънйӕзтӕ сӕ бирӕ адӕмимӕ, цины хъӕр чи кӕны, уыдонимӕ
Завулоны кънйӕзтӕ ӕмӕ Неффалимы кънйӕзтӕ+.
28 Дӕ Хуыцау радта бардзырд, цӕмӕй дын лӕвӕрд ӕрцӕуа хъару+.
Равдис дӕ хъару, о Хуыцау, нӕ фарс чи хӕцы+, уый.
30 Ныссабыр кӕн хъӕзты ’хсӕн цӕрӕг сырды+, галты рӕгъау+
Ӕмӕ адӕмты уӕнгуыты. Уыдонӕй алчидӕр йӕ къӕхты бын ссӕнды ӕвзист+.
Уый алырдӕмты ныххӕлиу кодта хӕстмондаг адӕмты+.
32 О зӕххон паддзахӕдтӕ, зарут Хуыцауӕн+,
Зарут Йегъовӕйӕн (села́),
33 Ӕнусон арвы бӕрзӕндтыл чи рацӕуы, уымӕн+.
Хъусут! Йӕ хъӕлӕс, йӕ тыхджын хъӕлӕс, нӕры+.