1 Азфыстыты
20 Афӕдзы райдианы+, паддзӕхтӕ хӕстмӕ куы фӕцӕуынц+, уӕд Иоав ӕфсад акодта+ ӕмӕ Аммоны фыртты зӕххыл ницыуал ныууагъта. Уый фӕстӕ та ацыд, ӕмӕ Раввӕйыл+ ӕртыхстысты. Давид та уыд Иерусалимы. Иоав Раввӕ бацахста+ ӕмӕ йӕ ныппырх кодта. 2 Давид Малхамӕн* йӕ сӕрӕй йӕ кадыхуд систа+. Уыцы кадыхуд уыд зынаргъ дуртӕй фӕлыст, уыди дзы иу талант* сызгъӕрин. Ӕмӕ йӕ Давиды сӕрыл ӕркодтой. Давид горӕтӕй рахаста тынг бирӕ фӕллӕйттӕ+. 3 Горӕты цӕрджыты та ракодта ӕмӕ сӕ бафтыдта+ дур фадыныл, стӕй цыргъ ӕфсӕйнаг мигӕнӕнтӕй ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл+. Афтӕ бакодта Давид Аммоны фыртты ӕппӕт горӕттӕн дӕр. Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты.
4 Стӕй та Газеры+ филистимӕгтимӕ+ бацайдагъ хӕст. Ӕмӕ хушаг Сивхай+ амардта Сафӕйы, рефаимты+ байзӕддӕгтӕй иуы, ӕмӕ филистимӕгтӕ сӕ дӕлбар баисты.
5 Ӕмӕ та ногӕй филистимӕгтимӕ хӕст бацайдагъ, ӕмӕ Иаиры фырт Елханан+ амардта Лахмийы, гефаг Голиафы+ ӕфсымӕры. Лахмийӕн йӕ арцы хъӕд уыди, тынуафӕныл цы ӕндӕхты къӕбӕл вӕййы, уый стӕвдӕн+.
6 Уый фӕстӕ та хӕст бацайдагъ Гефы+. Уым уыд иу ӕнахуыр стыр лӕг+, йӕ къухтыл ӕмӕ йӕ къӕхтыл уыди ӕхсӕзгай ӕнгуылдзтӕ – ӕдӕппӕтӕй дыууын цыппар ӕнгуылдзы+. Уый дӕр уыди рефаимты+ байзӕддаг. 7 Уыцы адӕймаг хынджылӕг кодта+ Израилӕй, ӕмӕ йӕ Давидӕн йе ’фсымӕр Шимӕйы+ фырт Ионафан амардта.
8 Адон уыдысты, рефаимтӕн+ Гефы+ чи райгуырд, уыдон. Ӕмӕ сӕ мӕлӕт ссардтой+ Давид ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты къухӕй.