Галатӕгтӕм
2 Цыппӕрдӕс азы фӕстӕ та Варнавӕимӕ+ ногӕй ацыдтӕн Иерусалиммӕ+, мемӕ акодтон Титы дӕр. 2 Цӕугӕ та уымӕн акодтон, ӕмӕ мын уӕларвӕй афтӕ раргом+. Уым зындгонд ӕфсымӕртӕн хибарӕй дзӕбӕх бамбарын кодтон+, иннӕ адӕмтӕн цы хорз хабар хъусын кӕнын, уый, цӕмӕй афтӕ ма рауадаид, ӕмӕ дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕнын*+, кӕнӕ дзӕгъӕлы фӕфыдӕбон кодтон*+. 3 Фӕлӕ уыдон ме ’мбӕлццон Титӕй+ дӕр сунӕт скӕнын+ нӕ домдтой, кӕд грекъаг у, уӕддӕр. 4 Сунӕт кӕныны тыххӕй дзурын райдыдтой, ӕмбырдмӕ сусӕгӕй чи ӕрбахъуызыд+, уыцы мӕнг ӕфсымӕртӕ+. Уыдон сгарджытау ӕрбахъуызыдысты, цӕмӕй базоной, Чырыстийы фӕрцы нын цы сӕрибардзинад+ ис, уый тыххӕй ӕмӕ нӕ цагъартӕ скӕной+. 5 Мах уыцы адӕймӕгтӕн нӕ басастыстӕм ӕмӕ сӕ ныхасмӕ ӕппындӕр нӕ байхъуыстам+, цӕмӕй сымах дарддӕр дӕр рӕстдзинадыл*+, ома хорз хабарыл, фидар хӕцат.
6 Фӕлӕ, зындгонд лӕгтыл кӕй нымадтой, уыдонӕй+,– раздӕр чи ӕмӕ цы уыдысты, уый мын уӕлдай нӕу+, уымӕн ӕмӕ, адӕймагмӕ иннӕтӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый Хуыцауӕн сӕйраг нӕу+,– ӕз ногӕй ницы фехъуыстон. 7 Уый нӕ, фӕлӕ йӕ бамбӕрстой, сунӕтгонд чи нӕу, уыдонӕн+ хорз хабар хъусын кӕнын Хуыцау мӕ бар кӕй бакодта+, сунӕтгонд чи у, уыдонӕн+ хъусын кӕнын Петры бар куыд бакодта, афтӕ,– 8 уымӕн ӕмӕ Петрӕн чи радта уыцы бартӕ, цӕмӕй, сунӕтгонд чи у, уыдонӕн апостолӕй лӕггад кӕна, мӕнӕн дӕр уый радта уыцы бартӕ+, цӕмӕй иннӕ адӕмтӕн апостолӕй лӕггад кӕнон. 9 Гъемӕ мын+ Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй+ бахай кодта, уый Иаков+, Кифӕ ӕмӕ Иоанн – ӕмбырды цӕджындзтыл+ кӕй нымадтой, уыдон,– куы базыдтой, уӕд мӕнмӕ ӕмӕ Варнавӕмӕ+ сӕ къухтӕ радтой, ӕмӕ уымӕй равдыстой, разы кӕй сты+, цӕмӕй мах иннӕ адӕмтӕм ацӕуӕм, уыдон та – сунӕтгонд чи у, уыдонмӕ. 10 Ӕрмӕст ма нын загътой, зӕгъгӕ, ӕфсымӕртӕй мӕгуыр чи у, уыдоны ма рох кӕнут+. Ӕмӕ ӕз дӕр раст афтӕ кӕныныл архайдтон+.
11 Фӕлӕ Кифӕ+ Антиохимӕ+ куы ’рцыд, уӕд ӕм ӕз ныхмӕ ӕрлӕууыдтӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ миты тыххӕй хъуыди бауайдзӕф кӕнын+. 12 Иаковы+ ӕрвыст лӕгтӕ цалынмӕ не ’рцыдысты, уӕдмӕ-иу, иннӕ адӕмтӕй дзы чи уыд, уыдонимӕ фынгыл бадт+. Фӕлӕ куы ’рцыдысты, уӕд, сунӕт кӕныны фарс чи уыд, уыдоны+ зӕрдӕхудтӕй тӕрсгӕйӕ+, йӕхи иуварс айста ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыдонмӕ хӕстӕг нал цыди. 13 Йемӕ цӕстмӕ митӕ кодтой+ иннӕ дзуттӕгтӕ дӕр, ӕмӕ ма сын суанг Варнавӕ+ дӕр сӕ цӕстмӕ митӕ бафӕзмыдта. 14 Фӕлӕ ӕз уый куы федтон, ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, ома хорз хабармӕ гӕсгӕ, нӕ архайынц+, уӕд Кифӕйӕн се ’ппӕты раз загътон+: «Кӕд ды дӕхӕдӕг, дзуттаг уӕвгӕйӕ, дзуттӕгты хуызӕн нӕ, фӕлӕ иннӕ адӕмты хуызӕн цӕрыс, уӕд, иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдоны дзуттаг ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ куыд цӕрын кӕныс?»+
15 Мах стӕм дзуттӕгтӕ+, ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй чи у, уыцы тӕригъӕдджынты+ хуызӕн не стӕм. 16 Мах ӕй зонӕм: закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, адӕймаг уыдоны фӕрцы не ’рцӕуы рӕстгӕнӕгыл нымад+, фӕлӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды+, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Ӕмӕ мах нӕхӕдӕг дӕр Йесо Чырыстийыл баууӕндыдыстӕм, цӕмӕй рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуӕм+, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдоны фӕрцы нӕ, фӕлӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы, уымӕн ӕмӕ, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдоны фӕрцы иу адӕймаг дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад не ’рцӕудзӕн+. 17 Ӕмӕ кӕд мах, цӕмӕй Чырыстийы фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуӕм+, уымӕ тырнгӕйӕ, нӕхӕдӕг дӕр тӕригъӕдджынтӕ разындыстӕм+, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ Чырысти тӕригъӕдӕн лӕггад кӕны?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! 18 Кӕд, кӕддӕр цы фехӕлдтон, уый фӕстӕмӕ аразын+, уӕд ӕз дӕн закъонхалӕг+. 19 Мӕхи кой куы кӕнон, уӕд, закъон йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕз закъонӕн амардтӕн+, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй райгас уон+. 20 Мӕн Чырыстиимӕ хъӕдыл байтыгътой+. Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын+, фӕлӕ мӕ мидӕг цӕры Чырысти+. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, ныр ацы зӕххон буары цы цӕрын+, уый цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта+, ууыл ӕууӕндгӕйӕ. 21 Ӕз Хуыцауы стыр хорзӕхыл мӕ къух нӕ исын+, уымӕн ӕмӕ кӕд адӕймаг рӕстгӕнӕгыл закъоны фӕрцы цӕуы нымад+, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард+.