Йереми
18 Йегъовӕ Йеремийӕн загъта: 2 «Сыст ӕмӕ ацу дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ+ ӕмӕ дын уым зӕгъдзынӕн мӕ ныхӕстӕ».
3 Ӕз дӕр дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ ацыдтӕн ӕмӕ йӕ баййӕфтон дурынгӕнӕн цалхыл кусгӕ. 4 Ӕмӕ дурынгӕнӕг ӕлыгӕй цы мигӕнӕн арӕзта, уый йӕ къухы фехӕлд. Ӕмӕ дзы уӕд райдыдта ӕндӕр мигӕнӕн аразын, цавӕр ӕй фӕндыд, ахӕм+.
5 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: 6 «„Израилы адӕм, ау, мӕнӕн мӕ бон нӕу, уыцы дурынгӕнӕг куыд бакодта, сымахӕн афтӕ бакӕнын? – зӕгъы Йегъовӕ.– Дурынгӕнӕджы къухы ӕлыг куыд у, раст афтӕ стут сымах дӕр мӕ къухы, Израилы адӕм+. 7 Искӕцы адӕмы ӕмӕ паддзахады тыххӕй куы зӕгъон, бындзарӕй сӕ кӕй стондзынӕн, кӕй сӕ ныппырх кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ кӕй фесафдзынӕн+, 8 ӕмӕ уыцы адӕм, цы фыдхъуыддӕгты ныхмӕ дзырдтон, уыдон куы ныууадзой+, уӕд фӕфӕсмон кӕндзынӕн, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдтӕн, ууыл+. 9 Фӕлӕ искӕцы адӕмы ӕмӕ паддзахады тыххӕй куы зӕгъон, кӕй сӕ ӕрфидар кӕндзынӕн ӕмӕ сын бындур кӕй ӕрӕвӕрдзынӕн*+, 10 ӕмӕ уыдон та, мӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый куы кӕной ӕмӕ мӕм куы нӕ хъусой+, уӕд фӕфӕсмон кӕндзынӕн, хорздзинад аразинаг сын кӕй уыдтӕн, ууыл“.
11 Ныр та, дӕ хорзӕхӕй, Иудӕйы адӕмӕн ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз хъавын сымахыл бӕллӕх ӕруадзынмӕ, фӕнд кӕнын сымах фыдбылызы хай бакӕнын+. Курӕг уӕ дӕн, алчидӕр уӕ йе ’взӕр фӕндаг ныууадзӕд, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“»+.
12 Фӕлӕ уыдон загътой: «Уыдӕттӕ дзӕгъӕлы сты!+ Мах кӕндзыстӕм, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ ӕмӕ нӕ алчидӕр цӕудзӕн йе ’взӕр, йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл»+.
13 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Уӕ хорзӕхӕй, адӕмты-ма бафӕрсут: ахӕм хабӕрттӕ ма исчи фехъуыста? Израилы чызг ахӕм ӕвирхъау хъуыддаг бакодта, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй+. 14 Мыййаг, Ливаны къӕдзӕхтыл цы мит ис, уый батайдзӕн? Науӕд ӕцӕгӕлон хӕлхӕлгӕнаг уазал дӕттӕ байсысдзысты? 15 Мӕ адӕм та мӕ ферох кодтой+: ницӕйаг цы у, уыдӕттӕн нывӕндты фӕздӕг уадзынц+, ӕмӕ уый тыххӕй адӕм фӕкӕлынц сӕ фӕндӕгтыл+, рагон фӕндӕгтыл+, ӕмӕ ацӕуынц къахвӕндӕгтыл, къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ фӕндагыл. 16 Уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕхх суыдзӕн диссагӕн дзуринаг+. Уыцы зӕхх-иу чи фена, уый-иу ныхситт кӕндзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм дӕр уыдзӕн афтӕ+. Йӕ рӕзты-иу чидӕриддӕр цӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн ӕмӕ-иу йӕ сӕр батилдзӕн+. 17 Ӕз сӕ се знӕгты раз ныххӕлиу кӕндзынӕн, цыма сӕ скӕсӕйнаг дымгӕ ныххӕлиу кодта, афтӕ+. Бӕллӕхы бон сӕм раздахдзынӕн мӕ чъылдым, ме ’ргом нӕ, фӕлӕ»+.
18 Фӕлӕ уыдон загътой: «Цом ӕмӕ Йеремийӕн исты ӕрхъуыды кӕнӕм+, уымӕн ӕмӕ нӕ сауджынтӕм алкӕддӕр уыдзӕн закъон+, зондджынтӕм – уынаффӕ ӕмӕ пехуымпартӕм – ныхас+. Цом ӕмӕ йын дзӕбӕх фӕуӕм+, йӕ ныхӕстӕй та йын иумӕ дӕр нӕ хъус не ’рдардзыстӕм».
19 О Йегъовӕ, ӕркӕс мӕм ӕмӕ, мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны ныхӕстӕ фехъус+. 20 Исчи хорздзинад ӕвзӕрдзинадӕй фиды?+ Уыдон та мын* скъахтой дзыхъхъ+. Ӕрхъуыды-ма йӕ кӕн, дӕ разы-иу куыд лӕууыдтӕн ӕмӕ сӕ хорзы кой куыд кодтон, цӕмӕй-иу сӕм дӕ маст ӕрсабыр уыдаид+. 21 Уӕдӕ сын уый тыххӕй сӕ фырттыл ӕххормаг заман скӕнын кӕн+ ӕмӕ сӕ хъамайы амӕттаг бакӕн+. Сӕ устытӕ сӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай фӕуӕнт ӕмӕ идӕдзтӕй баззайӕнт+. Сӕ нӕлгоймӕгтӕ мӕлӕтдзаг низӕй фӕцагъды уӕнт, сӕ лӕппутӕ та тохы сӕ мӕлӕт хъамайӕ ссарӕнт+. 22 Ӕнӕнхъӕлӕджы сыл абырджыты куы сардауай, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕй хъуысӕд цъӕхахст+, уымӕн ӕмӕ мын дзыхъхъ скъахтой, цӕмӕй мӕ ӕрцахсой, мӕ къӕхты раз мын сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ+.
23 Фӕлӕ сын ды, о Йегъовӕ, сӕ фӕндтӕ иууылдӕр зоныс, зоныс, марынмӕ мӕ кӕй хъавынц, уый+. Ма сын ныххатыр кӕн сӕ фыдракӕнд ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕд ма ферох кӕн*, фӕлӕ уадз ӕмӕ дӕ разы фӕкӕлӕнт+. Дӕ масты рӕстӕг сӕ ныхмӕ рацу+.