Амонӕгӕн. Давиды псалом.
11 Ӕз мӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакодтон+.
Уӕд мын куыд уӕндут афтӕ дзурын:
«Маргъау атӕх дӕ хохмӕ!+
2 Уӕртӕ фыдгӕнджытӕ се ’рдын ӕрбакъӕдз кодтой+,
Ӕрдынбосыл фат ӕрбавӕрдтой,
Цӕмӕй йӕ талынджы рӕстзӕрдӕтыл фехсой+.
3 Рӕстдзинады бындуртӕ куы фехӕлдысты+,
Уӕд рӕстгӕнӕгӕн куыд кӕнгӕ у?»
4 Йегъовӕ ис йӕ рухс кувӕндоны+.
Йегъовӕйӕн йӕ паддзахбадӕн ис уӕлӕрвты+.
Йӕ цӕстытӕ фӕлгӕсынц, йӕ цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц+ адӕймаджы фырттӕм.
5 Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы рӕстгӕнӕгмӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгмӕ дӕр+.
Фыддзинад чи уарзы, уымӕй уый йе сӕфт уыны+.
6 Уый фыдгӕнджытыл къӕвдайау ныккалдзӕн къӕппӕджытӕ, зынг ӕмӕ сондон+,
Ӕмӕ судзгӕ дымгӕ уыдзӕн сӕ нуазӕн+.
7 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у рӕстаг Хуыцау+, уый уарзы раст хъуыддӕгтӕ+.
Рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон ын фендзысты йӕ цӕсгом+.