Райдиан
34 Иаковы чызг Динӕ, Лийӕ+ йын кӕй ныййардта, уый, арӕх цыди+ уымы чызджытӕм+. 2 Ӕмӕ йыл уымы адӕмы хистӕр евейаг+ Емморы фырт Сихем йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта. Иуахӕмы Сихем ацыд ӕмӕ Динӕйӕн тыхми бакодта+. 3 Ӕмӕ Иаковы чызг Динӕ Сихемы зӕрдӕйӕ нал хызти, тынг ӕй бауарзта ӕмӕ йын дзырдта, уарзын дӕ, зӕгъгӕ. 4 Ӕмӕ уӕд Сихем йӕ фыдӕн загъта+: «Ракур мын ацы чызджы»+.
5 Иаков фехъуыста, Сихем ын йӕ чызг Динӕйы кӕй фӕхудинаг кодта. Йӕ фырттӕ та уыцы рӕстӕг фосимӕ быдыры уыдысты+. Ӕмӕ цалынмӕ не ’рбацыдысты, уӕдмӕ никӕмӕн ницы загъта+. 6 Иуцасдӕры фӕстӕ Сихемы фыд Еммор ӕрбацыд Иаковимӕ аныхас кӕнынмӕ+. 7 Уӕдмӕ Иаковы фырттӕ дӕр хабар фехъуыстой, ӕмӕ уайтагъд быдырӕй ӕрбаздӕхтысты. Уыцы хъуыддаг сӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл банымадтой ӕмӕ мӕстӕй фыхтысты+, уымӕн ӕмӕ Сихем сарӕзта, чи не ’мбӕлд, ахӕм ӕнӕзонд ми+ – Иаковы чызгӕн тыхми бакодта+, ӕмӕ уымӕй фӕхудинаг кодта Израилы.
8 Гъемӕ сын Еммор загъта: «Мӕ фырт Сихем уын уӕ чызджы бауарзта+. Ӕмӕ уӕ курӕг дӕн, раттут нын уӕ чызджы+. 9 Ӕмӕ немӕ хӕстӕгдзинад кӕнут+: уӕ чызджыты дӕттут нӕ лӕппутӕн, уӕ лӕппутӕн та курут нӕ чызджыты+. 10 Ам немӕ цӕрут, нӕ зӕхх иууылдӕр уӕ разы ис. Цӕрут ыл, уӕ хъуыддӕгтӕ кӕнут ӕмӕ ам баззайут»+. 11 Уый фӕстӕ Сихем Динӕйы фыдӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, „нӕ“ мын ма зӕгъут. Цыдӕриддӕр зӕгъат, уый уын ратдзынӕн. 12 Цыфӕнды стыр ирӕд ӕмӕ мӕ цавӕрфӕнды лӕвӕрттӕ ма ’рцагурат+, ратдзынӕн уын сӕ, ӕрмӕст мын уӕ чызджы раттут».
13 Иаковы фырттӕ сфӕнд кодтой Сихемыл ӕмӕ йӕ фыд Емморыл хинӕй рацӕуын, Сихем сын сӕ хо Динӕйы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй+. 14 Ӕмӕ сын загътой: «Нӕ бон нӕу нӕ хойы, сунӕтгонд+ чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн раттын. Уый махӕн стыр худинаг у. 15 Кӕд мах хуызӕн суат,– кӕд уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр сунӕт скӕной,– уӕд сразы уыдзыстӕм+. 16 Уӕд уын дӕтдзыстӕм нӕ чызджыты, ӕмӕ уын уӕ чызджыты дӕр курдзыстӕм, ӕмӕ уемӕ цӕрдзыстӕм ӕмӕ суыдзыстӕм иу адӕм+. 17 Фӕлӕ нӕм куы нӕ байхъусат ӕмӕ сунӕт куы не скӕнат, уӕд нӕ чызджы ракӕндзыстӕм ӕмӕ ацӕудзыстӕм».
18 Ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ фӕцыдысты Емморы ӕмӕ йӕ фырт Сихемы зӕрдӕмӕ+. 19 Ӕмӕ лӕппу уайтагъд ацыд, цы йын загътой, уый бакӕнынмӕ+, уымӕн ӕмӕ тынг уарзта Иаковы чызджы. Стӕй йӕ фыды+ хӕдзары уымӕй нымаддӕр лӕг+ нӕ уыди.
20 Ӕмӕ Еммор ӕмӕ йӕ фырт Сихем ӕрбацыдысты сӕ горӕты кулдуармӕ ӕмӕ горӕты лӕгтӕн+ загътой: 21 «Ацы адӕм нӕм хорз цӕстӕй кӕсынц+. Гъемӕ уадз ӕмӕ цӕрой нӕ зӕххыл ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ кӕной. Нӕ зӕхх уыдоны фаг дӕр у+. Сӕ чызджыты сын курдзыстӕм, ӕмӕ сын нӕ чызджыты дӕр дӕтдзыстӕм+. 22 Фӕлӕ, немӕ цӕрой ӕмӕ иу адӕм суӕм, ууыл ӕрмӕстдӕр уӕд сразы уыдзысты, нӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр уыдонау сунӕт куы скӕной+. 23 Ӕмӕ уӕд сӕ мулк, сӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ сӕ фос иууылдӕр нӕхи нӕ уыдзысты?+ Ӕрмӕст сӕ ныхасыл сразы уӕм, ӕмӕ уӕд немӕ цӕрдзысты»+. 24 Ӕмӕ горӕты кулдуары раз чи ӕрӕмбырд, уыдон иууылдӕр байхъуыстой Еммормӕ ӕмӕ Сихеммӕ, ӕмӕ горӕты нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сунӕт скодтой.
25 Фӕлӕ ӕртыккаг бон, сӕ тӕккӕ рынчыныл куы уыдысты+, уӕд Иаковы фырттӕ Симеон ӕмӕ Леви+, Динӕйы+ ӕфсымӕртӕ, райстой сӕ хъаматӕ, бацыдысты горӕтмӕ, никӕй зӕрдӕ сӕм фехсайдта, афтӕмӕй, ӕмӕ нӕлгоймӕгты цӕгъдын райдыдтой+. 26 Амардтой Емморы ӕмӕ йӕ фырт Сихемы дӕр+. Уый фӕстӕ Динӕйы Сихемы хӕдзарӕй ракодтой ӕмӕ рацыдысты+. 27 Иаковӕн йӕ иннӕ фырттӕ та фӕмардтой, уӕззау цӕф чи уыди, уыцы нӕлгоймӕгты, ӕмӕ горӕты никуыуал ницы ныууагътой, сӕ хойы сын кӕй фӕхудинаг кодтой, уый тыххӕй+. 28 Ратардтой сын сӕ дзугтӕ, се стурты ӕмӕ сӕ хӕрджыты, рахастой, горӕты дӕр ӕмӕ быдыры дӕр цыдӕриддӕр уыди, уыдон+. 29 Сӕ мулк сын иууылдӕр ахастой, сӕ сывӕллӕтты ӕмӕ сын сӕ устыты уацары акодтой, ӕмӕ сын сӕ хӕдзӕртты ницыуал ныууагътой+.
30 Уӕд Иаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта+: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат*. Сымах тыххӕй ацы бӕстӕйы адӕмӕн, ханаайнӕгтӕн ӕмӕ ферезейтӕн, се знаг фестадтӕн+. Мӕнмӕ адӕм бирӕ нӕй+, ӕмӕ уыдон иумӕ мӕ ныхмӕ рацӕудзысты ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ хӕдзар дӕр бабын кӕндзысты». 31 Уыдон та йын дзуапп радтой: «Уӕдӕ сын нӕ хо исты хӕлд сылгоймаг у?»+