Исай
54 «Фырцинӕй хъӕр кӕн, ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг, сывӕллон чи никуы ныййардта!+ Цин кӕн, фырцинӕй хъӕр кӕн, цъӕхснаг хъӕлӕсӕй хъӕр кӕн+, арыны тухӕнтӕ чи нӕ бавзӕрста!+ Уымӕн ӕмӕ, йӕ лӕг кӕй ныууагъта, уыцы усӕн йӕ фырттӕ моймӕдзыд сылгоймаджы фырттӕй фылдӕр сты+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 2 Дӕ цатыры бынат фестырдӕр кӕн+. Де стыр цӕрӕнбынаты ӕмбӕрзӕнтӕ дын айтындзӕнт. Мацы бавгъау кӕн. Дӕ цатыры бӕттӕнтӕ фӕдаргъдӕр кӕн ӕмӕ йын йӕ къӕбӕлтӕ ныффидар кӕн+. 3 Дӕ арӕнтыл ахӕцдзынӕ рахизырдӕм ӕмӕ галиуырдӕм+, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ адӕмты сӕ дӕлбар бакӕндзысты+ ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕтты ӕрцӕрдзысты+. 4 Ма тӕрс+, уымӕн ӕмӕ ды нӕ фӕхудинаг уыдзынӕ+. Дӕхимӕ ӕгад ма кӕс, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕ+. Ды ферох кӕндзынӕ, де ’рыгон бонты кӕй фӕхудинаг дӕ, уый+. Бирӕ рӕстӕг идӕдз кӕй уыдтӕ, уыцы худинаг нал ӕрхъуыды кӕндзынӕ».
5 «Де сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау+ у дӕ сӕрыхицау+, йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+. Израилы Сыгъдӕг Хуыцау у дӕ Ӕлхӕнӕг+. Хондзысты йӕ ӕгас зӕххы Хуыцау+. 6 Йегъовӕ дӕм фӕдзырдта, цыма, йӕ лӕг кӕй ныууагъта ӕмӕ зӕрдӕрыст чи у, ахӕм сылгоймаг уыдтӕ+, йӕ лӕг йе ’взонджы бонты йӕ цард кӕимӕ баиу кодта+ ӕмӕ стӕй кӕй ныууагъта, ахӕм сылгоймаг, уыйау»+,– зӕгъы дӕ Хуыцау.
7 «Ӕз дӕ иу гыццыл фӕуагътон+, фӕлӕ дӕм стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзынӕн ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн+. 8 Мӕ маст дыл куы ныккалдтон, уӕд дӕ мӕ цӕсгом иу гыццыл бамбӕхстон+, фӕлӕ дӕ ӕнустӕм уарздзынӕн ӕнувыд уарзтӕй ӕмӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисдзынӕн»+,– зӕгъы Йегъовӕ, дӕ Ӕлхӕнӕг+.
9 «Уый мӕнӕн у, Нойы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ+. Уӕд куыд расомы кодтон, Нойы рӕстӕг цы дон рацыд, зӕххыл ахӕм дон нал рацӕудзӕн+, зӕгъгӕ, афтӕ расомы кодтон, мӕ маст дӕм кӕй нал судздзӕн ӕмӕ дын кӕй нал уайдзӕф кӕндзынӕн, уый тыххӕй+. 10 Хӕхтӕ дӕр нал уыдзысты ӕмӕ къуыбыртӕ дӕр банкъуысдзысты+, фӕлӕ афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ ды ме ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай фӕуай+ ӕмӕ мӕ фарны бадзырд фенкъуыса»+,– зӕгъы Йегъовӕ, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад дӕм чи ӕвдисы, уый+.
11 «О ӕфхӕрд сылгоймаг+, тыхдымгӕ кӕй раппар-баппар кӕны+ ӕмӕ ныфсытӕ бавӕрӕг кӕмӕн нӕй+, уый, ӕз дын дӕ дуртӕ кӕрӕдзийыл баныхасдзынӕн чъыры змӕстӕй+, дӕ бындур дын скӕндзынӕн+ сапфиртӕй+. 12 Дӕ къулты цъуппытӕ дын скӕндзынӕн рубинтӕй, дӕ кулдуар – цӕхӕркалгӕ сырх-сырхид дуртӕй+, де ’ппӕт арӕнтӕ – диссаджы рӕсугъд дуртӕй. 13 Дӕ фыртты дын се ’ппӕты дӕр+ ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ+, ӕмӕ дӕ фырттӕ хайджын уыдзысты ӕнӕкӕрон фарнӕй+. 14 Ды ӕрфидар уыдзынӕ рӕстдзинады+. Ӕфхӕрджытӕй уыдзынӕ дард+, уымӕн ӕмӕ никӕмӕй тӕрсдзынӕ. Уыдзынӕ дард, зӕрдӕйы тас цы уадзы, уыдӕттӕй, уымӕн ӕмӕ дӕм хӕстӕг дӕр не ’рбацӕудзысты+. 15 Исчи дыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд уый мӕ ныхасӕй нӕ уыдзӕн+. Йӕхи дыл чифӕнды ма ныццӕва – дӕу тыххӕй фесӕфдзӕн»+.
16 «Ӕз сфӕлдыстон ӕрмгуыстгӕнӕджы. Уый судзгӕ зынгтыл+ бафу кӕны+ ӕмӕ йӕхи къухӕй хӕцӕнгарз скӕны. Ӕз сфӕлдыстон фыдгӕнӕджы дӕр+, цӕмӕй бӕстӕ пырх кӕна. 17 Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн+, ӕмӕ тӕрхондоны дӕ ныхмӕ чифӕнды ма дзура – йӕхи йын фӕзылын кӕндзынӕ+. Уый у, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн бынӕн лӕвӕрд чи ’рцыд+, уыцы хай, ӕмӕ сӕ рӕстдзинад у мӕнӕй»,– зӕгъы Йегъовӕ+.