Ӕмбисӕндтӕ
5 Мӕ хъӕбул, мӕ зондмӕ мын байхъус+. Лӕмбынӕг хъус, арфуынындзинады тыххӕй цы дзурын, уымӕ+, 2 цӕмӕй хъуыды кӕнын зонай+ ӕмӕ алкӕддӕр дзурай ӕцӕг зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ+.
3 Хӕлд сылгоймагӕн* йе ’взагӕй тӕдзы фӕзгъӕр мыд+, йӕ ныхӕстӕ* сты сойӕ фӕлмӕндӕр+, 4 фӕлӕ цӕмӕ ӕркӕны, уый вӕййы скъӕлдзойау маст+ ӕмӕ дыууӕкомон хъамайау цыргъ+. 5 Йӕ фӕндаг* цӕуы мӕлӕтмӕ+. Йӕ къахдзӕфтӕ кӕнынц ингӕнмӕ*+. 6 Уый царды фӕндагмӕ нӕ кӕсы+. Йӕ къахы фӕдтӕ кӕмыты ныууагъта, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕны+. 7 Уӕдӕ мӕм, мӕ хъӕбултӕ, байхъусут+ ӕмӕ уын цы дзурын, ууыл уӕ къух ма ауигъут+. 8 Дӕхи дзы дард лас, йӕ хӕдзары къӕсӕрмӕ йын хӕстӕг дӕр ма цу+, 9 цӕмӕй дӕ кад иннӕтӕн ма раттай+ ӕмӕ дӕ царды бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕйӕ ма арвитай+, 10 цӕмӕй дын дӕ хъарутӕ исчи ма бахӕра+ ӕмӕ дӕ фыдӕбӕттӕ искӕй хӕдзармӕ ма ацӕуой+, 11 ӕмӕ цӕмӕй, дӕ хъару куы асӕтта+ ӕмӕ де уӕнгты тыхы мур куы нал уа, уӕд ма хъӕрзай+. 12 Уӕд дзурдзынӕ: «Зондамындӕй ме сӕфт цӕмӕн уыдтон+, уайдзӕфмӕ цӕуылнӕ хъуыстон?+ 13 Мӕ зондамонджытӕм нӕ хъуыстон+ ӕмӕ мӕ ахуыргӕнджыты ныхӕстӕм мӕ хъус нӕ дардтон+. 14 Уайтагъд алы ӕвзӕрдзинадыл бафтыдтӕн+ ӕмбырды астӕу, адӕмы цӕстыты раз»+.
15 Дон нуаз дӕхи цъайӕ ӕмӕ дӕхи суадонӕй+. 16 Дӕ суадӕттӕ уынгты цӕмӕн хъуамӕ кӕлой+ ӕмӕ дӕ цӕугӕдӕттӕ – горӕты фӕзты? 17 Ӕрмӕстдӕр дӕу уӕнт, ӕндӕртӕн дзы ма дӕтт+. 18 Дӕ суадон уӕд арфӕгонд+, ӕмӕ цин кӕн дӕ усыл, де ’взонджы бонты дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай, ууыл+ – 19 дӕ рӕсугъд сагыл, дӕ диссаджы сӕгуытыл+. Алкӕддӕр дӕ йӕ риутӕ расыг кӕнӕнт+, ӕдзух йӕ уарзтӕй ис дӕ мондӕгтӕ+. 20 Хӕлд сылгоймагӕй* цӕмӕн хъуамӕ исай дӕ мондӕгтӕ, мӕ хъӕбул, ӕндӕр сылгоймагӕн* цӕмӕн хъуамӕ хъӕбыстӕ кӕнай?+ 21 Адӕймаджы фӕндӕгтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы цӕстыты раз сты+ ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр лӕмбынӕг кӕсы+. 22 Фыдгӕнӕджы ӕрцахсдзысты йӕ фыдхъуыддӕгтӕ+, адӕймаджы бӕндӕнтӕй куыд сбӕттай, афтӕ йӕ сбӕтдзӕн йӕ тӕригъӕд+. 23 Уый амӕлдзӕн, зондамындмӕ кӕй нӕ байхъуыста+ ӕмӕ йе ’нӕзондӕй раст фӕндагӕй кӕй адзӕгъӕл, уый тыххӕй+.