2 Паддзӕхты
2 Йегъовӕ Илийайы+ тыхдымгӕйы уӕлӕрвтӕм+ куы хъуамӕ ахастаид, уӕд Илийа ӕмӕ Елисей+ Галгалӕй+ фӕцӕйцыдысты. 2 Ӕмӕ Илийа Елисейӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ды ам лӕуу, уымӕн ӕмӕ мӕн Йегъовӕ Вефилмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+ ӕмӕ дын дӕхи раз сомы кӕнын+, нӕ дӕ ныууадздзынӕн»+. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Вефилмӕ+ ацыдысты. 3 Вефилы чи уыд, уыцы пехуымпарты фырттӕ+ Елисейӕн загътой: «Абон дын Йегъовӕ дӕ хицауы кӕй акӕндзӕн ӕмӕ дӕ хистӕр демӕ кӕй нал уыдзӕн, уый зоныс?»+ Елисей сын дзуапп радта: «Зонын ӕй+. Мацы дзурут».
4 Уӕд та йын Илийа загъта: «Елисей, дӕ хорзӕхӕй, ды ам лӕуу, уымӕн ӕмӕ мӕн Йегъовӕ Иерихонмӕ+ ӕрвиты». Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ дын дӕхи раз сомы кӕнын, нӕ дӕ ныууадздзынӕн». Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Иерихонмӕ ацыдысты. 5 Иерихоны чи уыд, уыцы пехуымпарты фырттӕ дӕр та Елисеймӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Абон дын Йегъовӕ дӕ хицауы кӕй акӕндзӕн ӕмӕ дӕ хистӕр демӕ кӕй нал уыдзӕн, уый зоныс?» Елисей сын дзуапп радта: «Зонын ӕй. Мацы дзурут»+.
6 Илийа та йын ногӕй загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ды ам лӕуу, уымӕн ӕмӕ мӕн Йегъовӕ Иорданмӕ+ ӕрвиты». Фӕлӕ йын Елисей дзуапп радта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ дын дӕхи раз сомы кӕнын, нӕ дӕ ныууадздзынӕн»+. Ӕмӕ дарддӕр иумӕ ацыдысты. 7 Уӕд пехуымпарты фырттӕ фӕндзай адӕймагӕй сӕ фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕм дӕрддзӕфгомау, куыд сӕ уыдтаиккой, афтӕ слӕууыдысты+. Илийа ӕмӕ Елисей та Иорданы раз лӕууыдысты. 8 Уӕд Илийа йӕ уӕлӕдарӕс райста+, стыхта йӕ ӕмӕ дзы дон ӕрцавта, ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр иннӕ фарсмӕ хус зӕххыл ахызтысты+.
9 Цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ куы ахызтысты, уӕд Илийа Елисейӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ Хуыцау дӕуӕй нӕ акодта, уӕдмӕ ракур, цы дӕ хъӕуы, уый»+. Елисей йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, Хуыцау дӕуӕн цы тых*+ радта, уымӕй мын дыууӕ хайы+ ратт»+. 10 Илийа йын загъта: «Зын хъуыддаг курыс+. Куыд мӕ акӕндзӕн, уый кӕд фенай, уӕд афтӕ уыдзӕн. Кӕд мӕ нӕ фенай, уӕд та нӕ уыдзӕн».
11 Ӕмӕ фӕндагыл ныхӕстӕгӕнгӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕ разы февзӕрд, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдон+ ӕмӕ бӕхтӕ ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ Илийайы тыхдымгӕ уӕлӕрвтӕм ахаста+. 12 Елисей йӕм каст ӕмӕ хъӕр кодта: «Мӕ фыд! Мӕ фыд!+ Израилы хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ йӕ барджытӕ!»+ Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ нал федта. Уӕд Елисей йӕ уӕлӕдарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ ӕрыскъуыдта+. 13 Илийайы тыхдымгӕ куы ахаста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрхауд+, ӕмӕ йӕ Елисей систа, фӕстӕмӕ раздӕхт ӕмӕ Иорданы былыл слӕууыд. 14 Стӕй Илийайы уӕлӕдарӕсӕй дон ӕрцавта+ ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Илийайы Хуыцау Йегъовӕ?»+ Елисей дон куы ’рцавта, уӕд дон дыууӕ дихы фӕци, ӕмӕ Елисей цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызт.
15 Иерихоны цы пехуымпарты фырттӕ уыд, уыдон ӕй дардӕй федтой ӕмӕ загътой: «Илийа цы тыхӕй*+ уыд хайджын, уый Елисейыл ӕрцыд». Ӕмӕ йӕ размӕ рацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывтой+. 16 Ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъартӕм ис фӕндзай хъӕбатыр лӕджы. Уадз ӕмӕ ацӕуой ӕмӕ дын дӕ хицауы бацагурой. Кӕд ӕй, мыййаг, Йегъовӕйы тых*+ ахаста ӕмӕ йӕ искуы хохыл кӕнӕ комы ӕрӕппӕрста». Фӕлӕ сын Елисей загъта: «Ма сӕ арвитут». 17 Уыдон ын уӕддӕр лӕгъстӕ кодтой, ӕмӕ уый дӕр стыхст ӕмӕ сын загъта: «Омӕ сӕ арвитут». Ӕмӕ уӕд фӕндзай адӕймаджы арвыстой, ӕмӕ уыдон Илийайы ӕртӕ боны фӕцагуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой. 18 Елисей та Иерихоны+ уыд, ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ уырдӕм ӕрбаздӕхтысты. Ӕмӕ сын загъта: «Нӕ уын дзырдтон, ма ацӕут, зӕгъгӕ?»
19 Цасдӕры фӕстӕ горӕты цӕрджытӕ Елисейӕн загътой: «Нӕ буц хицау, куыд уыныс, афтӕмӕй горӕт хорз ран ис+, фӕлӕ йӕ дон+ нӕ бӕззы, ӕмӕ дзы ацы бӕстӕйы сывӕрджын сылгоймӕгтӕ февзӕр вӕййынц»+. 20 Уӕд сын Елисей загъта: «Ног гыццыл къус-ма мын рахӕссут ӕмӕ дзы цӕхх ныккӕнут». Уыдон дӕр ын къус ӕрбахастой. 21 Ӕмӕ Елисей донмӕ рацыд, цӕхх дзы ӕркалдта+ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз ацы дон ссыгъдӕг кодтон+. Амӕй фӕстӕмӕ дзы ничиуал мӕлдзӕн ӕмӕ-иу дзы сывӕрджын сылгоймӕгтӕ дӕр нал февзӕр уыдзысты“». 22 Ӕмӕ уыцы дон абоны онг дӕр у сыгъдӕг+, Елисей куыд загъта, афтӕ.
23 Уырдыгӕй Елисей ацыд Вефилмӕ+. Ӕмӕ фӕндагыл куы фӕцӕйцыд, уӕд горӕтӕй гыццыл лӕппутӕ+ рацыдысты ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой+ ӕмӕ йын дзырдтой: «Фесӕф ардыгӕй, лопъосӕр!+ Фесӕф ардыгӕй, лопъосӕр!» 24 Уӕд сӕм Елисей фӕзылд, бакаст сӕм ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы номӕй ралгъыста+. Ӕмӕ уӕд хъӕдӕй дыууӕ сыл арсы+ рацыд ӕмӕ дзы цыппор дыууӕ сывӕллоны аскъуыдтӕ кодтой+. 25 Стӕй Елисей ацыд Кармилы хохмӕ+ ӕмӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ Самаримӕ ӕрцыд.