Иов
34 Елиуй йӕ ныхас адарддӕр кодта ӕмӕ загъта:
2 «Зондджын адӕм, мӕ ныхӕстӕм мын байхъусут,
Бирӕ чи зоны, уыцы адӕм, уӕ хъус мӕм ӕрдарут,
4 Хъуыддаг рӕстӕй равзарӕм,
Хорз цы у, уый сбӕрӕг кӕнӕм.
6 Цы раст тӕрхон мын ӕмбӕлы, уый тыххӕй мӕнгӕй исты зӕгъын?
Мӕ арф хъӕдгом нал ӕгас кӕны, афтӕмӕй та ницы фыддзинад ракодтон“+.
8 Бирӕ йӕ нал хъӕуы, ӕмӕ ӕвзӕргӕнджытимӕ балымӕн уыдзӕн
Ӕмӕ фыдгӕнджытимӕ цӕудзӕн+,
9 Уымӕн ӕмӕ уый афтӕ зӕгъы: „Адӕймагӕн ницы пайда у+,
Хуыцауы зӕрдӕ ссарыныл кӕй архайы, уый“.
10 Уӕдӕ мӕм байхъусут сымах, ӕмбаргӕ адӕм+.
Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза+,
Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!+
11 Зӕххон адӕймагӕн бафиддзӕн+ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ,
Бавзарын ын кӕндзӕн, йӕ фӕндаг цӕмӕ кӕны, уыдӕттӕ.
13 Зӕхх ын йӕ бар чи бакодта,
Йӕ дӕлбар ын чи бакодта зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр?
14 Искӕмӕ йе ’ргом куы раздаха,
Йӕ царды тых* ӕмӕ йын йӕ улӕфт куы айса+,
15 Уӕд, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй иу дӕр нал баззайдзӕн,
Ӕмӕ зӕххон адӕймаг фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзӕн+.
16 Уӕдӕ дӕм кӕд ӕмбарындзинад ис, уӕд мӕм байхъус,
Лӕмбынӕг мын байхъус мӕ ныхӕстӕм.
17 Рӕстдзинадӕй йе сӕфт чи уыны, уый хицау уыдзӕн?+
Ӕмӕ барджын адӕймаг раст куы уа, уӕд ӕй фыдгӕнӕг рахондзынӕ?+
18 Паддзахӕн исчи зӕгъдзӕн: „Ды ницы дӕ“?
Кӕнӕ кадджын адӕмӕн: „Сымах фыдгӕнджытӕ стут“?+
19 Хуыцау кънйӕзтӕм хъулон цӕстӕй нӕ кӕсы,
Кадджынты мӕгуыртӕй уӕлдӕр не ’вӕры+,
Уымӕн ӕмӕ иууылдӕр сты йӕ къухты фыдӕбон+.
20 Ӕвиппайды ӕрбамӕлынц+, суанг ӕмбисӕхсӕв дӕр+.
Адӕймаг базыр-зыр кӕны ӕмӕ аивгъуыйы,
Ӕмӕ барджынтӕн адӕймаджы къухӕй не ’рцӕуы сӕ мӕлӕт+.
21 Уымӕн йӕ цӕстытӕ кӕсынц адӕймаджы фӕндӕгтӕм+
Ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕф дӕр уыны.
23 Хуыцау иу адӕймагӕн дӕр рӕстӕг не снысан кӕны,
Цӕмӕй йӕ разы тӕрхоны ӕрлӕууа.
24 Уый барджынтӕн+ сӕ хъуыддаг ӕвзаргӕ дӕр нӕ ракӕны, афтӕмӕй сӕ фесафы
Ӕмӕ сын сӕ бынаты ӕндӕрты сӕвӕры+.
26 Фыдгӕнджытау сӕ ӕрцӕвы
Се ’ппӕты раз+.
27 Афтӕ сын уымӕн бакӕны, ӕмӕ йӕ коммӕ нал фӕкӕсынц+,
Йӕ фӕндӕгтӕй йын иу дӕр ницӕмӕ фӕдарынц+.
28 Уый тыххӕй йӕм схӕццӕ вӕййы мӕгуырты дзыназын,
Ӕмӕ, ӕфхӕрд чи у, уыдоны дзыназын фехъусы+.
29 Бӕстӕ куы ныссабыр кӕны, уӕд йӕ ныхмӕ кӕмӕн цы йӕ бон у зӕгъын?
Ӕмӕ йӕ цӕсгом куы бамбӕхса+, уӕд ӕй чи фендзӕн –
Уӕлдай нӕу, ӕнӕхъӕн адӕмыхаттӕй+ бамбӕхса йӕ цӕсгом ӕви иу адӕймагӕй?
30 Афтӕ уый тыххӕй бакӕны, цӕмӕй, чи йӕ ныууагъта, уый хицау ма уа+
Ӕмӕ адӕм къӕппӕджыты+ ма бахауой.
31 Хуыцауӕн чи зӕгъдзӕн:
„Ӕз бавзӕрстон хъизӕмӕрттӕ, афтӕмӕй та ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон+.
32 Мӕхӕдӕг мӕ рӕдыд нӕ уынын, фӕлӕ мын зонд бацамон.
Кӕд исты фыддзинад сарӕзтон,
Уӕд дыккаг хатт афтӕ нал бакӕндзынӕн“?+
33 Йӕ тӕрхоны уынаффӕ йын кӕй ницӕмӕ дарыс, уый тыххӕй дын, мыййаг, хорздзинад ракӕндзӕн, ды куыд хъуыды кӕныс, афтӕ?
Йӕ уынаффӕ йын мацӕмӕ дарай, уый дӕ фӕнд у, мӕ фӕнд нӕу.
Ныр, цы зоныс, уый дзур.
34 Ӕмбаргӕ+ адӕм мын зӕгъдзысты,
Чи мӕм хъусы, уыцы зондджын адӕймаг дӕр зӕгъдзӕн:
35 „Иов, цы дзуры, уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ зоны+,
Ӕнӕмбаргӕ ныхӕстӕ кӕны“.
36 Мӕ фыдыхай, уадз ӕмӕ Иов кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуа,
Фыдгӕнджыты ’хсӕн цы ныхӕстӕ кодта, уыдоны тыххӕй+.