Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йесо Навин 6
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Йесо Навин 6:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 2:9

Йесо Навин 6:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 14:9; Д.з 7:24; Трх 11:24; Не 9:24

Йесо Навин 6:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Трх 3:27; 7:22; 2См 2:28; Сф 1:16

Йесо Навин 6:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Йер 50:15; Ос 5:8
  • +Дзт 11:30

Йесо Навин 6:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 20:2
  • +Д.з 31:25
  • +Нм 4:15

Йесо Навин 6:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 10:14, 18, 22; ЙсН 1:14; 4:13

Йесо Навин 6:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 10:25

Йесо Навин 6:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 34:9
  • +ЙсН 1:18

Йесо Навин 6:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 3:1
  • +Нм 3:31; 4:15; Д.з 31:9; 1Аз 15:2

Йесо Навин 6:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 6:4

Йесо Навин 6:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 6:3

Йесо Навин 6:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 6:4

Йесо Навин 6:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 6:5, 10; 2Аз 13:15
  • +Д.з 9:1; ЙсН 6:1

Йесо Навин 6:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 27:28; Нм 21:3; Д.з 7:2; 20:16
  • +ЙсН 2:1; Мф 1:5; Дзт 11:31
  • +Рд 12:3; ЙсН 2:4, 6; Мф 25:40; Дзт 6:10; Иак 2:25

Йесо Навин 6:18

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕнӕ «хъоды ма бакӕнын кӕнат».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 7:26
  • +Д.з 13:17; ЙсН 7:21; Дзт 13:5
  • +ЙсН 7:11
  • +ЙсН 7:25; 1Аз 2:7

Йесо Навин 6:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 31:22
  • +ЙсН 6:24; 2См 8:11; 1Пд 7:51; 1Аз 18:11

Йесо Навин 6:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 6:4, 16
  • +ЙсН 6:5; Дзт 11:30

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    15/11/2015, 13 ф.

Йесо Навин 6:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 27:29; Д.з 7:2; 20:16; 1См 15:3

Йесо Навин 6:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 2:14; Дзт 11:31

Йесо Навин 6:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 2:13, 18

Йесо Навин 6:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 13:16
  • +ЙсН 6:19

Йесо Навин 6:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +ЙсН 2:14; 6:17, 22
  • +Мф 1:5
  • +Дзт 6:10; Иак 2:25

Йесо Навин 6:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 16:34

Йесо Навин 6:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 31:6; ЙсН 1:5; Ро 8:31
  • +ЙсН 9:1, 9

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Йес. Н. 6:1ЙсН 2:9
Йес. Н. 6:2Нм 14:9; Д.з 7:24; Трх 11:24; Не 9:24
Йес. Н. 6:4Трх 3:27; 7:22; 2См 2:28; Сф 1:16
Йес. Н. 6:5Йер 50:15; Ос 5:8
Йес. Н. 6:5Дзт 11:30
Йес. Н. 6:6Д.з 20:2
Йес. Н. 6:6Д.з 31:25
Йес. Н. 6:6Нм 4:15
Йес. Н. 6:7Нм 10:14, 18, 22; ЙсН 1:14; 4:13
Йес. Н. 6:9Нм 10:25
Йес. Н. 6:10Д.з 34:9
Йес. Н. 6:10ЙсН 1:18
Йес. Н. 6:12ЙсН 3:1
Йес. Н. 6:12Нм 3:31; 4:15; Д.з 31:9; 1Аз 15:2
Йес. Н. 6:13ЙсН 6:4
Йес. Н. 6:14ЙсН 6:3
Йес. Н. 6:15ЙсН 6:4
Йес. Н. 6:16ЙсН 6:5, 10; 2Аз 13:15
Йес. Н. 6:16Д.з 9:1; ЙсН 6:1
Йес. Н. 6:17Лв 27:28; Нм 21:3; Д.з 7:2; 20:16
Йес. Н. 6:17ЙсН 2:1; Мф 1:5; Дзт 11:31
Йес. Н. 6:17Рд 12:3; ЙсН 2:4, 6; Мф 25:40; Дзт 6:10; Иак 2:25
Йес. Н. 6:18Д.з 7:26
Йес. Н. 6:18Д.з 13:17; ЙсН 7:21; Дзт 13:5
Йес. Н. 6:18ЙсН 7:11
Йес. Н. 6:18ЙсН 7:25; 1Аз 2:7
Йес. Н. 6:19Нм 31:22
Йес. Н. 6:19ЙсН 6:24; 2См 8:11; 1Пд 7:51; 1Аз 18:11
Йес. Н. 6:20ЙсН 6:4, 16
Йес. Н. 6:20ЙсН 6:5; Дзт 11:30
Йес. Н. 6:21Лв 27:29; Д.з 7:2; 20:16; 1См 15:3
Йес. Н. 6:22ЙсН 2:14; Дзт 11:31
Йес. Н. 6:23ЙсН 2:13, 18
Йес. Н. 6:24Д.з 13:16
Йес. Н. 6:24ЙсН 6:19
Йес. Н. 6:25ЙсН 2:14; 6:17, 22
Йес. Н. 6:25Мф 1:5
Йес. Н. 6:25Дзт 6:10; Иак 2:25
Йес. Н. 6:261Пд 16:34
Йес. Н. 6:27Д.з 31:6; ЙсН 1:5; Ро 8:31
Йес. Н. 6:27ЙсН 9:1, 9
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Йесо Навин 6:1–27

Йесо Навин

6 Израилы фыртты тӕссӕй Иерихоны цӕрджытӕ сӕ горӕты кулдуӕрттӕ фидар сӕхгӕдтой, ӕддӕмӕ дӕр дзы ничи хызти, ӕмӕ мидӕмӕ дӕр ничи цыди+.

2 Ӕмӕ Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ къухмӕ дын радтон Иерихон, йӕ паддзахы ӕмӕ йӕ хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгты+. 3 Уӕ хӕстонтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ ӕрзилой горӕты алыварс – иу хатт хъуамӕ ӕрзилой йӕ алыварс. Афтӕ хъуамӕ кӕнат ӕхсӕз боны. 4 Авд сауджыны авд сыкъаимӕ, фыры сыкъатимӕ, хъуамӕ цӕуой бадзырды чырыны разӕй. Ӕвдӕм бон та горӕты алыварс хъуамӕ ӕрзилат авд хатты, ӕмӕ сауджынтӕ хъуамӕ уасой сыкъатӕй+. 5 Ӕмӕ сауджынтӕ фыры сыкъатӕй куы ныууасой ӕмӕ сыкъаты уасын куы фехъусат, уӕд хъуамӕ адӕм иууылдӕр хъӕлӕсыдзагӕй тохы хъӕр ныккӕной+. Ӕмӕ уӕд горӕты къул йӕ бындуры онг ныккӕлдзӕн+, ӕмӕ адӕм горӕтмӕ бабырсдзысты, алчидӕр сӕ кӕм уа, уырдыгӕй».

6 Уӕд Навины фырт Йесо сауджынтӕм фӕдзырдта+ ӕмӕ сын загъта: «Сисут бадзырды чырын+, ӕмӕ авд сауджыны авд сыкъаимӕ ацӕуӕнт Йегъовӕйы бадзырды чырыны+ разӕй». 7 Адӕмӕн та загъта: «Ацӕут ӕмӕ горӕты алыварс ӕрзилут. Гӕрзифтонг ӕфсад+ хъуамӕ цӕуа Йегъовӕйы бадзырды чырыны разӕй». 8 Ӕмӕ алцыдӕр сарӕзтой, Йесо адӕмӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ: авд сауджыны авд сыкъаимӕ ацыдысты Йегъовӕйы разӕй ӕмӕ райдыдтой сыкъатӕй уасын, Йегъовӕйы бадзырды чырын та хастой сӕ фӕстӕ. 9 Сыкъатӕй чи уасыд, уыцы сауджынты разӕй цыди гӕрзифтонг ӕфсад, бадзырды чырыны фӕстӕ та цыдысты, фӕстейӕ сӕ чи хъахъхъӕдта, уыдон+. Ӕмӕ сауджынтӕ ӕнӕрлӕугӕйӕ сыкъатӕй уасыдысты.

10 Стӕй Йесо адӕмы бафӕдзӕхста+: «Цалынмӕ уын афтӕ нӕ зӕгъон, ныхъхъӕр кӕнут, зӕгъгӕ, уӕдмӕ хъӕр ма кӕнут, уӕ хъӕлӕс дӕр ма хъуысӕд ӕмӕ иу ныхас дӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй. Куы уын зӕгъон, уӕд-иу ныхъхъӕр кӕнут»+. 11 Уыйадыл Йегъовӕйы бадзырды чырын горӕты алыварс иу хатт ӕрзилын кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ ӕхсӕв уым арвыстой.

12 Райсомӕй та раджы Йесо сыстад+, ӕмӕ та сауджынтӕ ахастой Йегъовӕйы бадзырды чырын+. 13 Авд сауджыны авд сыкъаимӕ цыдысты Йегъовӕйы бадзырды чырыны разӕй ӕмӕ сыкъатӕй уасыдысты. Сӕ разӕй цыди гӕрзифтонг ӕфсад, Йегъовӕйы бадзырды чырыны фӕстӕ та цыдысты, фӕстейӕ сӕ чи хъахъхъӕдта, уыдон. Ӕмӕ сауджынтӕ ӕнӕрлӕугӕйӕ сыкъатӕй уасыдысты+. 14 Дыккаг бон дӕр та иу хатт ӕрзылдысты горӕты алыварс, стӕй уӕд ӕрбаздӕхтысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Ӕмӕ афтӕ кодтой ӕхсӕз боны+.

15 Ӕвдӕм бон та сыстадысты тынг раджы, куыддӕр бон ӕрбацъӕх, афтӕ, ӕмӕ та раст афтӕ горӕты алыварс авд хатты ӕрзылдысты. Горӕты алыварс авд хатты ӕрмӕстдӕр уыцы бон ӕрзылдысты+. 16 Ӕвдӕм хатт куы зылдысты ӕмӕ та сауджынтӕ сыкъатӕй куы ныууасыдысты, уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Ныхъхъӕр кӕнут!+ Йегъовӕ уын горӕт уӕ къухмӕ радта!+ 17 Горӕт сӕфты хай бакӕнут+. Ацы горӕт ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уый у Йегъовӕйы. Удӕгасӕй ныууадзут ӕрмӕстдӕр хӕтаг сылгоймаг Раавы+, йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзары йемӕ чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр, уымӕн ӕмӕ нын уый не ’рвыст лӕгты бамбӕхста+.18 Ӕрмӕст, сӕфты хай цы хъӕуы бакӕнын, уыдӕттӕй хӕстӕг мацӕмӕ бацӕут+, цӕмӕй сӕм ма бабӕллат+ ӕмӕ дзы мацы райсат+, ӕмӕ афтӕмӕй Израил сӕфты хай ма бакӕнат ӕмӕ йӕ фыдбылызы ма баппарат*+. 19 Ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, стӕй дзы ӕрхуыйӕ ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та сты табуйаг ӕмӕ сты Йегъовӕйы+. Уыдон бахӕссын хъӕуы Йегъовӕйы хӕзнадонмӕ»+.

20 Ӕмӕ сауджынтӕ сыкъатӕй куы ныууасыдысты, уӕд адӕм ныхъхъӕр кодтой+. Ӕмӕ куыддӕр адӕм сыкъаты уасын фехъусгӕйӕ хъӕлӕсыдзагӕй тохы хъӕр ныккодтой, афтӕ горӕты къул йӕ бындуры онг ныккалд+. Ӕмӕ уӕд адӕм горӕтмӕ бабырстой, алчидӕр сӕ кӕм уыди, уырдыгӕй, ӕмӕ горӕт байстой. 21 Ӕмӕ горӕты чидӕриддӕр ӕмӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, ӕрыгонӕй-зӕрондӕй, галӕй, фысӕй ӕмӕ хӕрӕгӕй – сӕфты хай бакодтой, карды комӕй сӕ ныццагътой+.

22 Зӕхх сгарӕг чи уыди, уыцы дыууӕ нӕлгоймагӕн та Йесо загъта: «Ацӕут уыцы хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йын чидӕриддӕр ис, уыдоны дӕр уырдыгӕй ракӕнут, куыд ын расомы кодтат, афтӕ»+. 23 Гъемӕ, зӕхх сгарӕг чи уыд, уыцы дыууӕ лӕппуйы ацыдысты ӕмӕ ракодтой Раавы, йӕ фыды, йӕ мады, йе ’фсымӕрты ӕмӕ йын чидӕриддӕр уыди, уыдоны – йӕ хиуӕтты се ’ппӕты дӕр+. Ӕмӕ сын бынат радтой Израилы цатырты ӕддейӕ.

24 Горӕт ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр уыд, уый та арты хай бакодтой+. Ӕрмӕстдӕр ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, стӕй дзы ӕрхуыйӕ ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй цы уыд, уыдон радтой Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадонмӕ+. 25 Хӕтаг сылгоймаг Раавы, йӕ фыды хӕдзаронты ӕмӕ йын чидӕриддӕр уыди, уыдоны Йесо ныууагъта удӕгасӕй+. Ӕмӕ Раав абоны онг дӕр цӕры Израилы ’хсӕн+, уымӕн ӕмӕ уый бамбӕхста, Йесо Иерихон сгарӕг кӕй арвыста, уыдоны+.

26 Уыцы рӕстӕг Йесо расомы кодта: «Йегъовӕйы раз ӕлгъыст фӕуӕд, ацы горӕт Иерихон саразынмӕ чи бавнала, уыцы адӕймаг. Бындур ын цы бон ӕрӕвӕра, уыцы бон йӕ хистӕр фырт амӕлӕд, йӕ кулдуӕрттӕ йын цы бон сӕвӕра, уыцы бон йӕ кӕстӕр фырты мард фенӕд»+.

27 Йегъовӕ уыди Йесоимӕ+, ӕмӕ йӕ кад айхъуыст ӕгас зӕххыл дӕр+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын