1 Тимофеймӕ
2 Уӕдӕ уын фыццаджыдӕр фӕдзӕхсын: Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнут, кувут+ ӕм, курут дзы ӕмӕ йын бузныг дзурут алыхуызон адӕймӕгты тыххӕй+, 2 стӕй паддзӕхты+ ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй+, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст+. 3 Афтӕ кӕнат, уый хорз у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы+ цӕсты ӕмӕ йын у ӕхсызгон+. 4 Уый фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм+, рӕстдзинад*+ цы у, уый бӕлвырдӕй базоной+ ӕмӕ фервӕзой+. 5 Ис иу Хуыцау+, стӕй Хуыцау+ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн+ дӕр ис иу ӕхсӕны лӕг+ – адӕймаг Йесо Чырысти+. 6 Уый йӕхи радта, цӕмӕй се ’ппӕты дӕр балхӕна*+, ӕмӕ уый тыххӕй хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн йӕ рӕстӕджы. 7 Ӕз дӕр уый тыххӕй фехъусын кӕнынӕн+ ӕрцыдтӕн ӕвӕрд иннӕ адӕмтӕн хъусынгӕнӕгӕй+ ӕмӕ апостолӕй+ – ахуыргӕнӕгӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнон уырнындзинад+ ӕмӕ рӕстдзинады* тыххӕй базонынӕн,– раст цы у, уый зӕгъын+, нӕ сайын.
8 Гъемӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй, иумӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййут, уым-иу нӕлгоймӕгтӕ сӕ къухтӕ сдаргӕйӕ Хуыцаумӕ кувой, уой иузӕрдион+, мӕсты ма кӕной+ ӕмӕ быцӕу макӕимӕ кӕной, афтӕмӕй+. 9 Фӕнды ма мӕ, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ сӕхи рӕсугъд кӕной*, сӕ дзыккутӕ алыхуызӕттӕ кӕй бийынц, сызгъӕрин ӕмӕ налхъуыт* кӕнӕ тынг зынаргъ дзаумӕттӕ кӕй дарынц, уымӕй нӕ+, фӕлӕ аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм+ ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты. 10 Стӕй сӕхи хъуамӕ рӕсугъд кӕной, йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ+ – хорз хъуыддӕгтӕй+.
11 Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕнӕдзургӕйӕ, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕсӕй+. 12 Сылгоймагӕн уый бар нӕ дӕттын, ӕмӕ искӕй ахуыр кӕна+ кӕнӕ йӕхи нӕлгоймагӕн хицау кӕна+, фӕлӕ-иу ӕнцад хъусӕд. 13 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыццаг Адамы скодта, стӕй та Евӕйы+. 14 Стӕй сайд дӕр Адамыл не ’рцыд+, фӕлӕ сылгоймагыл ахӕм сайд ӕрцыд+, ӕмӕ сси фыдгӕнӕг*+. 15 Фӕлӕ сылгоймаг зӕнӕг куы рауадза+, уӕд ӕй уый хъахъхъӕндзӕн, ӕрмӕст ӕм кӕд дарддӕр дӕр уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад уа, кӕд Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ уа, уӕд+.