Галатӕгтӕм
5 Чырысти нӕ ахӕм сӕрибардзинады тыххӕй ссӕрибар кодта+. Уӕдӕ фидар лӕуут+ ӕмӕ уӕхиуыл ногӕй цагъары ӕфсондз сӕвӕрын ма бауадзут+.
2 Ӕз, Павел, сымахӕн зӕгъын: сунӕт куы скӕнат+, уӕд уын, Чырысти цы сарӕзта, уымӕй ницы пайда уыдзӕни. 3 Стӕй, сунӕт чидӕриддӕр кӕны, уыдонӕн ма ноджыдӕр иу хатт зӕгъын: кӕд сунӕт скодтат, уӕд хъуамӕ Закъоны фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнат+. 4 Ӕмӕ кӕд афтӕ хъуыды кӕнут, ӕмӕ, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдоны фӕрцы ӕрцӕудзыстут рӕстгӕнджытыл нымад+, уӕд Чырыстийӕ фӕхицӕн стут, йе стыр хорзӕхӕй ӕнӕхай фестут+. 5 Мах та ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытӕ кӕй суыдзыстӕм, уымӕ – ӕрмӕстдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ нӕ уырнындзинады фӕрцы куыд ис гӕнӕн, афтӕ+. 6 Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдон сунӕтгонд сты ӕви нӕ, уый уӕлдай нӕу+ – сӕйраг у, цӕмӕй сӕм уа, уарзондзинадӕй+ чи цӕуы, ахӕм уырнындзинад+.
7 Хорз куы цыдыстут раст фӕндагыл*+, уӕд уӕ чи бахъыгдардта рӕстдзинады* коммӕ кӕсын?+ 8 Йӕхимӕ уӕ чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцау уӕ нӕ сарӕзта ахӕм зондыл+. 9 Гыццыл ӕнхъизӕнӕй хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕнхъизы+. 10 Фӕлӕ сымах тыххӕй – Хицауимӕ иудзинады чи ис+, уыдоны тыххӕй,– мӕ бон у фидарӕй зӕгъын+, ӕмӕ ӕндӕрхуызон кӕй нӕ райдайдзыстут хъуыды кӕнын. Чи уӕ къуылымпы кӕны+, уый та, чифӕнды ма уӕд,– ӕфхӕрд баййафдзӕн+. 11 Мӕхи тыххӕй та уын, ме ’фсымӕртӕ, уый зӕгъдзынӕн: кӕд афтӕ у, ӕмӕ адӕмӕн нырмӕ дӕр сунӕт кӕнын амонын, уӕд ма мӕ ӕфхӕргӕ та цӕй тыххӕй кӕнынц? Уӕд, хъизӕмӕртты хъӕды+ тыххӕй цы дзурын, уый хъуамӕ цӕлхдур макӕмӕнуал уаид+. 12 Уӕ зонд уын чи зыгъуыммӕ кӕны+, уыдон та сӕхицӕн сунӕт нӕ, фӕлӕ ноджы фыддӕр ми дӕр бакӕнӕнт*+.
13 Ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау уӕ сӕрибардзинадмӕ ӕрхуыдта+. Ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинадӕй уӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн ма архайут+, фӕлӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, кӕрӕдзийӕн цагъары лӕггад кӕнут+. 14 Ӕнӕхъӕн Закъонӕн йӕ хъуыды+ иу ныхасы мидӕг ис: «Иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»+. 15 Фӕлӕ уӕ кӕрӕдзимӕ куы лӕбурат ӕмӕ кӕрӕдзи куы хӕрат+, уӕд афтӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы цӕгъдгӕ дӕр ныккӕндзыстут+.
16 Ӕз та уын зӕгъын: Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсут+, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл никуы ацӕудзыстут+. 17 Уымӕн ӕмӕ, сыгъдӕг тыхы цы фӕнды+, уый тӕригъӕдджын буары нӕ фӕнды, тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, уый та сыгъдӕг тыхы нӕ фӕнды. Уыдон сты кӕрӕдзийы ныхмӕ, ӕмӕ уӕ цы фӕфӕнды, уый нӕ саразут+. 18 Ӕмӕ кӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ кӕнут+, уӕд закъоны дӕлбар не стут+.
19 Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ та бӕлвырд сты+: хӕтын*+, чъизи хъуыддӕгтӕ, хӕлд митӕ* кӕнын+, 20 мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнын+, искӕмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын, хыл кӕнын, ӕнӕууӕнк кӕнын*, мӕстӕй рафыцын, загъд кӕнын, къордтыл, сектӕтыл дихтӕ кӕнын, 21 хӕлӕг кӕнын, фыднозт кӕнын+, ӕнӕуаг цӕл-минас кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ. Адӕтты тыххӕй ма уӕ раздӕр дӕр куыд фӕдзӕхстон, афтӕ уӕ ныр дӕр фӕдзӕхсын: ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны+, уыдон Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты+.
22 Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ+ дӕтты, уый та у уарзондзинад, цин, фарн*, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад*+, уырнындзинад, 23 фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын+. Ахӕм миниуджыты ныхмӕ закъон нӕй+. 24 Уымӕй уӕлдай, Йесо Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын буар йӕ монцтӕ ӕмӕ йӕ фӕндтимӕ хъӕдыл байтыгътой+.
25 Кӕд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд дарддӕр дӕр, сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ кӕнӕм+. 26 Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм+, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм+.