Ӕмбисӕндтӕ
13 Йӕ фыды зондамындмӕ чи хъусы, уыцы фырт у зондджын+, иннӕтыл чи худы, уый та уайдзӕфмӕ нӕ хъусы+.
2 Адӕймаг йӕ дзыхы дыргъы фӕрцы хорздзинадӕй бафсӕддзӕн+, мӕнгард уд та, кӕмӕн цы фыдми ракӕна, ууыл у+.
3 Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕ уд хъахъхъӕны+. Йӕ дзыхы чи ницы уромы, уый та фесӕфдзӕн+.
4 Магусайы бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕм ницы ис+. Куыстуарзаг адӕймагӕн та йӕ уд уыдзӕн хорздзинӕдтӕй ӕфсӕст+.
5 Рӕстгӕнӕг мӕнг ныхасӕй йе сӕфт уыны+, фыдгӕнджытӕ та кӕнынц ӕнаккаг митӕ ӕмӕ сӕхи худинаг кӕнынц+.
6 Рӕстдзинад хъахъхъӕны, рӕстӕй чи цӕры, уыцы адӕймаджы+, фыддзинад та тӕригъӕдджыны сафгӕ кӕны+.
7 Иуӕй-иу йӕхи хъӕздыг фӕхоны, афтӕмӕй та йӕм ницы вӕййы+. Иннӕ та йӕхи мӕгуыр фӕхоны, афтӕмӕй та йӕм вӕййы бирӕ.
8 Хъӕздыг адӕймаг йӕ уд балхӕны йӕ хъӕздыгдзинадӕй+, мӕгуыр та уайдзӕф дӕр никӕмӕй фехъусы+.
9 Рӕстгӕнджытӕн сӕ рухс цины тыбар-тыбур кӕндзӕн+, фыдгӕнджыты цырагъ та ахуысдзӕн+.
10 Адӕймаг йӕхиуыл куы фервӕсса, уӕд уый ӕркӕндзӕн быцӕутӕм+, уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ та ис зонд+.
11 Адӕймагмӕ ӕнцонтӕй* цы фӕллой ӕрбафты, уый йын уайтагъд атайы+, йӕхи къухтӕй чи фыдӕбон кӕны, уымӕн та йӕ фӕллой фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны+.
12 Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у+, йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд ын уый та у царды бӕлас+.
13 Ныхасы сӕрты чи ахызт+, уымӕн, цъынды цы ныууагъта, уый дӕр нал ратдзысты, закъонӕй* чи тӕрсы, уый та райсдзӕн хорзӕх+.
14 Зондджыны закъон у царды суадон+, адӕймаджы бахъахъхъӕны мӕлӕты къӕппӕджытӕй+.
15 Ӕмбаргӕ адӕймаг ссары иннӕты хорзӕх+, мӕнгард адӕмы фӕндаг та у къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ+.
16 Ӕмбаргӕ адӕймаг архайы зондӕй+, ӕнӕзонд та ахъӕр кӕны йе ’нӕзонддзинад+.
17 Мӕнгард хабархӕссӕг у фыдбылызы хос+, иузӕрдион минӕвары ныхас та у ӕвдадзы хос+.
18 Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый смӕгуыр уыдзӕн ӕмӕ фегад уыдзӕн+, уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый та уыдзӕн кадджын+.
19 Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд уый йӕ удӕн ӕхсызгон у+, ӕнӕзӕндтӕн та уымӕй ӕнаддӕр ницы ис, ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой+.
20 Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын+, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн+.
21 Тӕригъӕдджынтӕн бӕллӕх сӕ фӕдыл зилы+, рӕстгӕнджытӕн та хорздзинад ратты хӕрзиуӕг+.
22 Хорз адӕймаг бынтӕ ныууадзы йӕ фыртты фырттӕн дӕр, тӕригъӕдджыны хъӕздыгдзинад та ӕвӕрд у рӕстгӕнӕгӕн+.
23 Мӕгуыр адӕм сӕ хуымӕй сисынц бирӕ тыллӕг+, иуӕй-иутӕ та бабын вӕййынц, рӕстдзинад кӕй нӕй, уый тыххӕй+.
24 Йӕ фыртмӕ уис чи нӕ исы, уый йӕ нӕ уарзы+, чи йӕ уарзы, уый та йӕм йӕ хъус дары ӕмӕ йын зонд амоны+.
25 Рӕстгӕнӕг йӕ уды дзӕбӕхӕн бахӕры ӕмӕ бафсӕды+, фыдгӕнджытӕн та сӕ гуыбын уыдзӕн афтид+.