Дыккаг закъон
16 Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй+. Бӕрӕг кӕн Куадзӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+, уымӕн ӕмӕ дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ авивы мӕйы ӕхсӕвы ракодта Египетӕй+. 2 Дӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ де стуртӕй+ ӕрхӕсс Куадзӕны нывонд дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+, Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты+. 3 Уыцы нывондимӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы хӕр. Авд боны+ хъуамӕ хӕрай донгонд дзултӕ, удхайраг дзул, уымӕн ӕмӕ Египеты зӕххӕй куы цыдтӕ, уӕд тагъд кодтай+. Афтӕмӕй цӕрӕнбонтӕм дӕ зӕрдыл дардзынӕ, Египеты зӕххӕй куы рацыдтӕ, уыцы бон+. 4 Кӕм цӕрай, уым дӕм авд боны ӕнхъизӕн хъуамӕ макуы уа+. Ӕмӕ фыццаг бон изӕрӕй цы нывонд ӕрхӕссай, уымӕн йӕ дзидзайӕ райсоммӕ мацы ныууадз+. 5 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы горӕттӕй дын иуы дӕр нӕй Куадзӕны нывонд хӕссӕн. 6 Фӕлӕ Куадзӕны нывонд хъуамӕ ӕрхӕссай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты+ изӕрӕй, хур куы аныгуыла, уӕд+, Египетӕй цы нысангонд рӕстӕгыл рацыдтӕ, уыцы рӕстӕг. 7 Ӕрцӕттӕ йӕ кӕн ӕмӕ йӕ бахӕр+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты+. Райсомӕй та аздӕхдзыстут уӕ цатыртӕм. 8 Ӕхсӕз боны хӕрдзынӕ донгонд дзултӕ, ӕвдӕм бон та дын уыдзӕн сӕрмагонд ӕмбырд дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+. Уыцы бон мацы кус.
9 Хъуамӕ анымайай авд къуырийы. Авд къуырийы анымайын хъӕудзӕн, кӕрдинаг хуымтыл ӕхсырф фыццаг хатт куы рауадзай, уыцы бонӕй+. 10 Уый фӕстӕ бӕрӕг кӕндзынӕ Къуыриты бӕрӕгбон дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+, ӕрбахӕсдзынӕ-иу нывонд дӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд раарфӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цас у, уыйбӕрц+. 11 Ӕмӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты-иу+ цин кӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз+: дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар-нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг дӕр, дӕ горӕты чи цӕры, уыцы левит дӕр, стӕй уе ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггаг+, сидзӕр+ ӕмӕ идӕдз+ дӕр. 12 Рох дӕ ма уӕд, дӕхӕдӕг дӕр Египеты цагъар кӕй уыдтӕ+. Уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕн ацы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архай+.
13 Дӕ найгӕнӕн мусы тыллӕг ӕфснайыны куыстытӕ куы фӕуай, дӕ сойлӕмарӕны сой куы ныллӕмарай ӕмӕ дӕ сӕндуцӕны сӕн куы ’рдуцай, уӕд авд боны бӕрӕг кӕндзынӕ Халагъудты бӕрӕгбон+. 14 Ӕмӕ-иу бӕрӕгбоны рӕстӕг цин кӕн+: дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар-нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг дӕр, стӕй, дӕ горӕты чи цӕры, уыцы левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдз дӕр. 15 Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты авд боны бӕрӕг кӕндзынӕ ацы бӕрӕгбон+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл, уымӕн ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕтдзӕн тыллӕджы бӕркад ӕмӕ арфӕ кӕндзӕн+, цыдӕриддӕр аразай, уымӕн. Ӕмӕ-иу цин кӕн+.
16 Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрбацӕуой дӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ, кӕй равзара, уыцы бынатмӕ+ – Донгонд дзулты бӕрӕгбоны+, Къуыриты бӕрӕгбоны+ ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбоны рӕстӕджы+. Йегъовӕйы размӕ-иу афтидкъухӕй мачи ӕрбацӕуӕд+. 17 Алчидӕр йӕ къухы цы лӕвар ӕрбахӕсдзӕн, уый хъуамӕ уа, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд раарфӕ кӕна, уымӕ гӕсгӕ+.
18 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ кӕй дӕтты, уыцы горӕттӕй алкӕцыйы дӕр сӕвӕр тӕрхонгӕнджытӕ+ ӕмӕ хицӕуттӕ+. Уыдон хъуамӕ адӕмӕн кӕной раст тӕрхон. 19 Рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+. Макӕй хъулон кӕн+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам зондджын адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны+ ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕгӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны. 20 Хъуамӕ архайай рӕстӕй, ӕрмӕстдӕр рӕстӕй+, цӕмӕй цӕрай ӕмӕ бацахсай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕхх+.
21 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕй сараздзынӕ, уыцы нывондхӕссӕны раз ма ныссадз, кӕмӕн кувай, ахӕм бӕлас+.
22 Ма сӕвӕр кувӕн дур дӕр+ – уый дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕнад у+.