Иоанны
19 Ӕмӕ уӕд Пилат Йесойы ехсӕй фӕнӕмын кодта+. 2 Уый фӕстӕ ӕфсӕддонтӕ сындзытӕй кадыхуд сбыдтой ӕмӕ йын ӕй йӕ сӕрыл ӕркодтой, йӕ уӕлӕ та йын скодтой тарсырх дарӕс+, 3 ӕмӕ йӕм цыдысты ӕмӕ йын дзырдтой: «Ӕгас цу, дзуттӕгты Паддзах!» Ӕмӕ-иу ӕй ныдздзӕхст кодтой+. 4 Пилат та ногӕй ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ дзуттӕгтӕн загъта: «Мӕнӕ уӕм ӕй фӕкӕнын, цӕмӕй йӕ зонат, ӕз ӕм кӕй ницы аххос ссардтон»+. 5 Гъемӕ Йесо рацыд сындзытӕй быд кадыхуды ӕмӕ тарсырх дарӕсы. Ӕмӕ сын уӕд Пилат загъта: «Ай у Адӕймаг!» 6 Фӕлӕ йӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ куы федтой, уӕд ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз ӕй! Хъӕдыл ӕй байтындз!»+ Пилат та сын загъта: «Уӕхӕдӕг ӕй акӕнут ӕмӕ йӕ байтындзут, ӕз ӕм ницы аххос ссардтон»+. 7 Дзуттӕгтӕ та йын загътой: «Махӕн ис закъон+, ӕмӕ нӕ закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ йӕхи Хуыцауы фырт хуыдта»+.
8 Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр фӕтарст. 9 Ӕмӕ фӕстӕмӕ галуанмӕ бацыд ӕмӕ Йесойы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо ницы загъта+. 10 Ӕмӕ йын уӕд Пилат загъта: «Нӕ мын дӕттыс дзуапп?+ Нӕ йӕ зоныс, мӕ бар дыл кӕй цӕуы ӕмӕ мӕ бон кӕй у, цӕмӕй дӕ ауадзон кӕнӕ дӕ байтындзон?» 11 Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Дӕ бар мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уӕлейӕ дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд+. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, мӕн дӕ къухмӕ чи радта, ууыл стырдӕр тӕригъӕд ис».
12 Ӕмӕ уӕд Пилат ногӕй архайын райдыдта, куыд ӕй ссӕрибар кӕна, ууыл. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ хъӕр кодтой: «Куы йӕ рауадзай, уӕд Ромы паддзахӕн* ӕмбал нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чи аразы, уый Ромы паддзахы ныхмӕ цӕуы»+. 13 Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта, йӕхӕдӕг та ӕрбадт тӕрхоны бадӕныл, Дурӕй конд фӕз кӕй хонынц, уым, дзуттагау та – Гаввафӕ. 14 Уый уыдис Куадзӕнмӕ цӕттӕгӕнӕн бон*+, ӕхсӕзӕм сахатыл*. Ӕмӕ Пилат дзуттӕгтӕн загъта: «Мӕнӕ уӕ паддзах!» 15 Фӕлӕ та уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Амар ӕй! Амар ӕй! Хъӕдыл ӕй байтындз!» Пилат та сӕ бафарста: «Уӕ паддзахы уын байтындзон?» Ӕмӕ йын сауджынты хистӕртӕ дзуапп радтой: «Махӕн Ромы паддзах йеддӕмӕ паддзах нӕй»+. 16 Ӕмӕ уӕд Пилат бардзырд радта, цӕмӕй йӕ байтындзой+.
Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой. 17 Ӕмӕ, Йесо йӕ хъизӕмӕртты хъӕд хӕсгӕйӕ+, ацыд+, Сӕрыкӕхц кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ, дзуттагау та – Голгофӕ+, 18 ӕмӕ йӕ уым хъӕдыл байтыгътой+. Йемӕ ма йын йӕ фӕйнӕ фарс байтыгътой ноджыдӕр дыууӕ лӕджы, Йесо та уыди сӕ астӕу+. 19 Пилат ма ныффыста, чи у, уый дӕр ӕмӕ йын уыцы фыст йӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл бакодта. Фыст та уыди афтӕ: «Назаретаг Йесо, дзуттӕгты Паддзах»+. 20 Уыцы ныхӕстӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ бакастысты, уымӕн ӕмӕ, Йесойы кӕм байтыгътой, уыцы бынат горӕтмӕ хӕстӕг уыд+, ӕмӕ фыст уыди дзуттаг, латинаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл. 21 Фӕлӕ дзуттӕгты сауджынты хистӕртӕ Пилатӕн загътой: «Ма дзы ныффысс: „Дзуттӕгты Паддзах“, фӕлӕ ныффысс, куыд дзырдта, афтӕ: „Ӕз дӕн дзуттӕгты Паддзах“». 22 Пилат та сын загъта: «Цы ныффыстон, уый ныффыстон».
23 Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд ын йе ’ддаг дарӕс райстой ӕмӕ йӕ цыппар дихы акодтой – алы ӕфсӕддонӕн дӕр фӕйнӕ хайы. Райстой йын йӕ хӕдон дӕр. Йӕ хӕдон та хуыд нӕ уыд, фӕлӕ сӕрӕй бынмӕ уыди уӕфт+. 24 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ, кӕмӕ ӕрхаудзӕн, ууыл хӕлттӕ сӕппарӕм». Афтӕ уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, Фыстад цы дзуры, уый: «Ме ’ддаг дарӕс мын сӕ кӕрӕдзийыл адих кодтой, мӕ дарӕсыл мын хӕлттӕ сӕппӕрстой»+. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодтой.
25 Йесо цы хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд уыди, уый раз лӕууыдысты йӕ мад+, йӕ мады хо, Клеопӕйы ус Марийӕ+, ӕмӕ Марийӕ Магдалинӕ+. 26 Ӕмӕ Йесо йӕ мады ӕмӕ йӕ мады фарсмӕ та, кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаджы+ лӕугӕ куы федта, уӕд йӕ мадӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ фырт!» 27 Стӕй та уыцы ахуыргӕнинагӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ мад!» Ӕмӕ Йесойы мады уыцы ахуыргӕнинаг йӕхимӕ акодта.
28 Уый фӕстӕ, ӕппӕт дӕр кӕй сӕххӕст, уый зонгӕйӕ, Йесо загъта: «Дойны мын у»+. Афтӕ уый тыххӕй загъта, цӕмӕй Фыстад сӕххӕст уыдаид. 29 Уым та уыди туаг сӕнӕй йедзаг мигӕнӕн. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ губкӕ туаг сӕны нытътъыстой, иссопы зӕнгыл ӕй ӕрсагътой ӕмӕ йын ӕй йӕ дзыхмӕ схастой+. 30 Ӕмӕ Йесо туаг сӕнӕй куы федта, уӕд загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!»+ Ӕмӕ йӕ сӕр йӕ риуыл ӕркъул ӕмӕ амард*+.
31 Дзуттӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕрдтӕ сабатмӕ хъизӕмӕртты хъӕдтыл баззадаиккой+, уымӕн ӕмӕ уый уыди стыр сабат+, Цӕттӕгӕнӕн бон+. Ӕмӕ Пилатӕн загътой, цӕмӕй сын сӕ зӕнгтӕ асастаиккой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ уырдыгӕй ахастаиккой. 32 Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ ’рбацыдысты ӕмӕ, Йесоимӕ кӕй байтыгътой, уыдонӕй фыццаг сӕ иуӕн асастой йӕ зӕнгтӕ, стӕй та иннӕмӕн. 33 Фӕлӕ Йесомӕ куы бацыдысты ӕмӕ, амард, уый куы федтой, уӕд ын йӕ зӕнгтӕ нал асастой. 34 Фӕлӕ ма йын уӕддӕр ӕфсӕддонтӕй сӕ иу йӕ фарс арцӕй барӕхуыста+, ӕмӕ дзы туг ӕмӕ дон ракалд. 35 Уыцы хабӕрттӕ чи федта, уый лӕууы ӕвдисӕн, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ сты раст, ӕмӕ уыцы адӕймаг зоны, ӕцӕг цы у, уый кӕй дзуры, цӕмӕй сымах дӕр баууӕндат+. 36 Адӕттӕ уымӕн ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, Фыстад цы зӕгъы, уый: «Йе стджытӕй йын иу дӕр нӕ асӕтдзысты»+. 37 Ӕмӕ ма Фыстад ӕндӕр ран дӕр зӕгъы: «Кӕсдзысты, кӕй барӕхуыстой, уымӕ»+.
38 Ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ иу аримафейаг лӕг, Иосиф, зӕгъгӕ, Пилатӕн загъта, цӕмӕй йын Йесойы мард ахӕссыны бар радтаид, ӕмӕ йын Пилат дӕр бар радта+. Иосиф дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кодта, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй тарст+. Гъемӕ ацыд ӕмӕ йын йӕ мард ахаста+. 39 Ӕрбацыди ма Никодим дӕр, Йесомӕ фыццаг хатт ӕхсӕвы чи ’рбацыд, уыцы адӕймаг, йемӕ ’рбахаста миррӕ ӕмӕ алойы тыхтон, ӕртын килӕйы бӕрц+. 40 Ӕмӕ Йесойы мард рахастой ӕмӕ, дзуттӕгтӕ мард ныгӕнынмӕ куыд фӕцӕттӕ кӕнынц, афтӕ йӕ хӕрздӕфгӕнаг+ кӕрдӕджытимӕ хӕцъилты батыхтой. 41 Кӕм ӕй байтыгътой, уым уыди цӕхӕрадон, ӕмӕ цӕхӕрадоны та – ӕвӕрд кӕм ничима уыд, ахӕм ног зӕппадз+. 42 Ӕмӕ дзуттӕгтӕ бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕныныл кӕй уыдысты+, ӕмӕ уыцы зӕппадз та хӕстӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ Йесойы уым бавӕрдтой.