Исай
65 «Мӕн тыххӕй фӕрсгӕ дӕр чи нӕ кодта+, уыдонӕн бар радтон, цӕмӕй мӕ агурой+. Чи мӕ нӕ агуырдта, уыдонӕн бар радтон, цӕмӕй мӕ ссарой+. Мӕ ном-иу мын чи не ссардта+, уыцы адӕмӕн загътон: „Мӕнӕ дӕн! Мӕнӕ дӕн!“+
2 Алы бон дӕр мӕ къухтӕ ивӕзтон хивӕнд+ адӕммӕ, ӕвзӕр фӕндагыл чи лӕууы+, йӕхи зондыл чи цӕуы+, уыдонмӕ. 3 Уыцы адӕм мӕ ӕдзух ӕргом ӕфхӕрынц+, дыргъдӕтты нывӕндтӕ хӕссынц+, агуыридуртӕй суадзынц нывӕндты фӕздӕг+. 4 Уыдон бадынц ингӕнты ’хсӕн+, ӕхсӕв арвитынц хъалагъуры мусонгты, хӕрынц хуыйы фыд+ ӕмӕ сӕ мигӕнӕнты ис, ӕлгъаг цы у, уыдӕтты бас+. 5 Ӕмӕ дзурынц: „Дард лӕуу. Хӕстӕг мӕм ма ’рбацу, науӕд ды дӕр мӕнау суыдзынӕ сыгъдӕг“+. Уыдон сты фӕздӕг мӕ фындзыхуынчъыты+, ӕнӕхъӕн бон чи судзы, ахӕм арт+.
6 Уыдӕттӕ мӕ разы фыст сты+. Ӕз ӕнцад нӕ лӕудзынӕн+, фӕлӕ сын цы хъӕуы, уый сын бафиддзынӕн+. Цы сын хъӕуы, уый сын сӕ роны* нывӕрдзынӕн+ 7 сӕ фыдракӕндты тыххӕй, стӕй сӕ фыдӕлты фыдракӕндты тыххӕй дӕр+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Хӕхтыл нывӕндты фӕздӕг кӕй уадзынц ӕмӕ мӕ къуыбыртыл+ кӕй худинаг кӕнынц+, уый тыххӕй сын ӕз дӕр фыццаджыдӕр сӕ мызд сбардзынӕн ӕмӕ сын ӕй сӕ роны нывӕрдзынӕн»+.
8 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Цупалы ног сӕн+ куыд уа ӕмӕ исчи куыд зӕгъа, ма йӕ фесаф+, йӕ мидӕг арфӕдзинад ис+, зӕгъгӕ, афтӕ ӕз дӕр бакӕндзынӕн мӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй, цӕмӕй се ’ппӕты ма фесафон+. 9 Ӕз Иаковӕн ратдзынӕн байзӕддаг+, Иудӕйӕн ратдзынӕн, мӕ хӕхтӕ кӕй бауыдзысты, ахӕм бындар+. Ӕмӕ уыцы зӕхх бауыдзӕн ме ’взӕрст адӕмы+, цӕрдзысты дзы мӕ лӕггадгӕнджытӕ+. 10 Сарон+ суыдзӕн хизӕн бынат фыстӕн+, Ахоры+ дӕлвӕз – улӕфӕн бынат стуртӕн. Уыдӕттӕ уыдзысты мӕ адӕмы тыххӕй, чи мӕ агура, уыдоны тыххӕй+.
11 Фӕлӕ сымах Йегъовӕйы ныууагътат+, мӕ сыгъдӕг хох мын ферох кодтат+ ӕмӕ Амонды хуыцауы номыл фынгтӕ ӕвӕрут+, Хъысмӕты хуыцауы номыл хъӕбӕр сӕны нуазӕнтӕ уадзут+. 12 Ӕмӕ уӕ ӕз бакӕндзынӕн хъамайы амӕттаг+, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр уӕ зонгуытыл ӕрлӕудзыстут, цӕмӕй уӕ ныццӕгъдой+, уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз дзырдтон+, фӕлӕ мын сымах дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, ӕз дзырдтон, фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат+. Сымах уӕддӕр арӕзтат, мӕ цӕсты ӕвзӕр цы уыд+, уыдӕттӕ, ӕвзӕрстат, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый»+.
13 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ хӕргӕ кӕндзысты+, сымах та ӕххормаг уыдзыстут+. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дон нуаздзысты+, сымах та дойныйӕ мӕлдзыстут+. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цин кӕндзысты+, сымахӕн та фырхудинагӕй уӕ цӕсгом судздзӕн+. 14 Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цины хъӕр кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн, уый тыххӕй+, сымах та хъӕр кӕндзыстут уӕ зӕрдӕйы рыстӕй ӕмӕ ӕрдиаг кӕндзыстут, уӕ ныфс бынтондӕр кӕй асӕтдзӕн, уый тыххӕй+. 15 Сымахӕн уӕ ном баззайдзӕн, цӕмӕй дзы ме ’взӕрст адӕм сомы кӕной*, ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ уе ’ппӕты дӕр амардзӕн+. Йӕ лӕггадгӕнджытӕн та ратдзӕн ӕндӕр ном+. 16 Ӕмӕ, зӕххыл йӕхицӕн арфӕдзинад чи кура, уый йӕхицӕн арфӕдзинад курдзӕн иузӕрдион Хуыцауы номӕй+. Ӕмӕ, зӕххыл чи сомы кӕна, уый сомы кӕндзӕн иузӕрдион Хуыцауӕй+, уымӕн ӕмӕ раздӕры зындзинӕдтӕ ферох уыдзысты ӕмӕ мӕ цӕстыты разӕй фесӕфдзысты+.
17 Ӕз аразын ног арв+ ӕмӕ ног зӕхх+. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн+ ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты+. 18 Цин кӕнут+, уӕ зӕрдӕ ӕнустӕм райӕд, цы аразын, уый тыххӕй+. Ӕз Иерусалим скӕндзынӕн цины хос ӕмӕ йӕ адӕмы – хъӕлдзӕгдзинады хос+. 19 Мӕ зӕрдӕ райдзӕн Иерусалимы тыххӕй, ӕз цин кӕндзынӕн мӕ адӕмыл+. Уырдыгӕй нал райхъуысдзӕн кӕуын ӕмӕ, зӕрдӕ кӕмӕй уынгӕг кӕны, ахӕм хъӕр»+.
20 «Уым нал уыдзӕн, цалдӕр боны йеддӕмӕ чи нӕ фӕцард, ахӕм ноггуырд сывӕллон+, нӕдӕр, йӕ царды бонтӕ ӕххӕстӕй чи нӕ фӕцард, ахӕм зӕронд лӕг+. Сӕдӕаздзыдӕй чи амӕла, уый дӕр уыдзӕн ӕрыгон. Ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕймагыл сӕдӕ азы дӕр куы цӕуа, уӕддӕр ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн+. 21 Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты+, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты+. 22 Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра. Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау бирӕ+, ӕмӕ ме ’взӕрст адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй+. 23 Сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн+ ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр мастӕн нӕ ардзысты+, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот+ дӕр уыдзысты Йегъовӕйӕ арфӕгонд байзӕддаг+. 24 Нӕма-иу мӕм фӕдзурдзысты, афтӕ-иу сын дзуапп ратдзынӕн+, нырма-иу сӕ ныхас кӕронмӕ нӕ фӕуыдзысты, афтӕ-иу сӕ фехъусдзынӕн+.
25 Бирӕгъ+ ӕмӕ уӕрыкк хиздзысты иумӕ+, ӕмӕ домбай дӕр галау хӕрдзӕн хъӕмп+. Калмӕн та йӕ хӕринаг уыдзӕн рыг+. Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл+ иу ран дӕр ницы зиан+ хӕсдзысты ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты»,– зӕгъы Йегъовӕ.