Псалом
Давиды зарӕг.
143 О Йегъовӕ, фехъус мын мӕ куывд+,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм+.
Дзуапп мын ратт дӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+.
2 Дӕ лӕггадгӕнӕджы тӕрхоны раз ма ӕрлӕууын кӕн+,
Уымӕн ӕмӕ дӕ разы иу адӕймаг дӕр рӕстгӕнӕг нӕ разындзӕн+.
3 Знаг мӕ фӕдыл зилы+,
Мӕ цард мын йӕ къӕхты бын ныссӕста+.
Ме знаджы тыххӕй цӕрын талынг ран, рагон мӕрдтӕ куыд сты талынджы, афтӕ+.
5 Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагон замантӕ+.
Хъуыды кӕнын де ’ппӕт хъуыддӕгтыл+,
Мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, дӕ къухтӕ цы сарӕзтой, ууыл+.
7 Фӕтагъд кӕн, о Йегъовӕ, дзуапп мын ратт+,
Мӕ уды бон нал у+.
Ма мӕ бамбӕхс дӕ цӕсгом+,
Кӕннод, ингӕны былыл чи лӕууы, уыдонау фӕуыдзынӕн+.
8 Райсомӕй мын фехъусын кӕн де ’нувыд уарзты тыххӕй+,
Уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ+.
Бацамон мын, цы фӕндагыл мӕ хъӕуы цӕуын, уый+,
Уымӕн ӕмӕ дӕуӕн радтон мӕ уд+.
10 Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын+,
Уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ Хуыцау+.
Фӕндагамонӕг мын уӕд рӕстзӕрдӕты зӕххыл+.