2 Паддзӕхты
3 Ахавы фырт Иорам+ Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иосафат Иудӕйы ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ паддзах уыд дыууадӕс азы. 2 Иорам арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+, ӕрмӕст йӕ фыд+ ӕмӕ йӕ мады хуызӕн нӕ. Иорам ныппырх кодта, йӕ фыд Ваалӕн кувынӕн цы дур сӕвӕрдта+, уый. 3 Фӕлӕ уый дӕр бафтыд, Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта+ ӕмӕ Израилы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта+, уыдоныл, нӕ сӕ ныууагъта.
4 Моавы паддзах Месӕ+ та дардта фыстӕ ӕмӕ Израилы паддзахӕн хъалон фыста сӕдӕ мин уӕрыччы ӕмӕ сӕдӕ мин ӕнӕлвыд фыры. 5 Ахавы мӕлӕты фӕстӕ+ Моавы паддзах Израилы паддзахы ныхмӕ рацыд+. 6 Ӕмӕ уӕд паддзах Иорам Самарийӕ рацыд ӕмӕ израилӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+. 7 Уымӕй уӕлдай ма Иорам Иудӕйы паддзах Иосафатмӕ дӕр арвыста ныхас: «Моавы паддзах мӕ ныхмӕ рацыд. Мемӕ рацӕудзынӕ, цӕмӕй моавӕгтимӕ схӕцӕм?» Иосафат ын дзуапп радта: «Ацӕудзынӕн+. Ды куыд кӕнай, ӕз дӕр афтӕ. Мӕ адӕм сты дӕ адӕм+, мӕ бӕхтӕ та – дӕ бӕхтӕ». 8 Ӕмӕ йӕ бафарста: «Кӕцы фӕндагыл ацӕудзыстӕм?» «Едомы+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл»,– дзуапп ын радта уый.
9 Гъемӕ Израилы паддзах, Иудӕйы паддзах ӕмӕ Едомы паддзах+ рацыдысты ӕмӕ цыдысты авд боны – дӕрдтыл ӕрзылдысты, ӕмӕ ӕфсадӕн дӕр ӕмӕ, семӕ цы фос уыд, уыдонӕн дӕр нуазынӕн дон нал уыди. 10 Ӕмӕ Израилы паддзах загъта: «Мӕнӕ куыд сӕфӕм! Ӕртӕ паддзахӕй нӕ Йегъовӕ иумӕ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй нӕ моавӕгты къухмӕ ратта!»+ 11 Уӕд Иосафат бафарста+: «Ам Йегъовӕйы пехуымпартӕй ничи ис?+ Уый уылты бафӕрсиккам Йегъовӕйы»+. Ӕмӕ йын Израилы паддзахы лӕггадгӕнджытӕй иу дзуапп радта: «Ис. Сафаты фырт Елисей+, Илийайы къухтыл-иу дон чи кодта, уый»+. 12 Уӕд Иосафат загъта: «Йегъовӕ уый уылты фӕдзуры». Ӕмӕ Израилы паддзах, Иосафат ӕмӕ Едомы паддзах Елисеймӕ ацыдысты.
13 Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй?+ Ацу ӕмӕ дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады пехуымпарты+ бафӕрс». Фӕлӕ йын Израилы паддзах загъта: «Ма мӕ асур. Ӕртӕ паддзахӕй нӕ Йегъовӕ иумӕ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй нӕ моавӕгты къухмӕ ратта»+. 14 Уӕд ын Елисей загъта: «Сомы дын кӕнын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ+, ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы Хуыцауӕй: Иудӕйы паддзах Иосафатӕй куы не ’фсӕрмы кӕнин+, уӕд дӕм кӕсгӕ дӕр нӕ бакӕнин ӕмӕ дӕ хъуыды дӕр не ’ркӕнин+. 15 Ракӕнут-ма мӕм, хъисфӕндырӕй чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы»+. Ӕмӕ куыддӕр уыцы адӕймаг цӕгъдын райдыдта, афтӕ Йегъовӕ Елисейыл йӕ къух ӕруагъта+, 16 ӕмӕ Елисей загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Дӕлвӕзы кӕрӕй-кӕронмӕ дзыхъхъытӕ скъахут+, 17 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Нӕдӕр дымгӕ уыдзӕн, нӕдӕр къӕвда, афтӕмӕй дӕлвӕз донӕй байдзаг уыдзӕн+, ӕмӕ дзы бануаздзыстут+, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фос дӕр“. 18 Йегъовӕйӕн уый зын нӕу+, ӕмӕ уын моавӕгты дӕр уӕ къухмӕ ратдзӕн+. 19 Ӕмӕ сын сӕ фидаргонд горӕттӕ+ ӕмӕ сӕ хуыздӕр горӕттӕ иууылдӕр ныппырх кӕнут, цыдӕриддӕр дзы хорз+ бӕлӕстӕ ис, уыдон акалут+, сӕ суадӕттӕ сын иууылдӕр сыджыты бын фӕкӕнут, сӕ хорз хуымзӕххытӕ та сын дуртӕй байдзаг кӕнут».
20 Райсомӕй+, хоры кувинаг хӕссыны афон куы ’рцыд+, уӕд Едомы ’рдыгӕй дон рацыд, ӕмӕ дӕлвӕз иууылдӕр донӕй байдзаг.
21 Моавӕгтӕ уый куы фехъуыстой, ӕмӕ паддзӕхтӕ семӕ хӕцынмӕ рацыдысты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой, хӕстмӕ цӕуыны кары чи бацыд+ ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сӕ арӕнтыл слӕууыдысты. 22 Моавӕгтӕ райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ, хур донмӕ куы ныккаст, уӕд сӕм иннӕ фарсмӕ дон афтӕ сырхӕй зынди, цыма туг уыд. 23 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕртӕ-ма, туг! Паддзӕхтӕ сӕ кӕрӕдзи ныхмӕ фесты ӕмӕ кӕрӕдзи фӕцагътой. Цомут, моавӕгтӕ, сӕ мулк сын рахӕссӕм!»+ 24 Израилы ӕфсад кӕм уыд, уырдӕм куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ израилӕгтӕ+ цӕгъдын райдыдтой, ӕмӕ моавӕгтӕ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. Ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ афтӕ дарддӕр цӕгъдгӕ цыдысты ӕмӕ Моавмӕ бахӕццӕ сты. 25 Ӕмӕ сын сӕ горӕттӕ ныппырх кодтой+, цыдӕриддӕр сын хорз хуымзӕххытӕ уыд, уыдон сын дуртӕй байдзаг кодтой, сӕ суадӕттӕ сын иууылдӕр сыджыты бын фӕкодтой+ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр хорз бӕлӕстӕ уыд, уыдон акалдтой+. Ӕрмӕст ма Кир-Харешеты+ дурӕй конд къултӕ баззадысты, фӕлӕ дурӕхсджытӕ горӕтыл ӕртыхстысты ӕмӕ йӕ пырх кӕнын райдыдтой.
26 Моавы паддзах куы федта, кӕй йыл тых кӕнынц, уый, уӕд авдсӕдӕ хӕстоны йемӕ акодта, цӕмӕй размӕ абырстаиккой ӕмӕ Едомы паддзахмӕ+ бахӕццӕ уыдаиккой, фӕлӕ сӕ бон не сси. 27 Ӕмӕ уӕд йӕ хистӕр фырты, йӕ фӕстӕ паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый, ракодта ӕмӕ йӕ горӕты къулыл судзинаг нывондӕн ӕрхаста+. Ӕмӕ моавӕгтӕн Израилмӕ сӕ маст ссыгъд, ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ Моавы паддзахы ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрцыдысты.