Псалом
Амонӕгӕн. Идифун*+. Давиды зарӕг.
39 Ӕз загътон: «Мӕ хъус лӕмбынӕг дардзынӕн мӕ фӕндӕгтӕм+,
Цӕмӕй ме ’взагӕй тӕригъӕд ма ракӕнон+.
Мӕ дзыхыл рохтӕ* бакӕндзынӕн, цӕмӕй йӕ уромон+,
Цалынмӕ мӕ разы фыдгӕнӕг уа, уӕдмӕ»+.
2 Ӕз багомыг дӕн, хъусӕй лӕууыдтӕн+,
Хорз цы у, уый тыххӕй дӕр нӕ дзырдтон+
Ӕмӕ мӕ рыст мӕ мидӕг урӕдтон.
4 «О Йегъовӕ, раргом мын кӕн, куыд тагъд ӕрцӕудзӕн мӕ кӕрон+
Ӕмӕ мын цас ис цӕрӕнбон+,
Цӕмӕй йӕ ӕмбарон, мӕ цард куыд цыбыр у+.
5 Бирӕ цӕрӕнбон мын нӕ радтай+,
Мӕ царды бонтӕ дӕ разы ницы сты+.
Ӕцӕгдӕр, зӕххон адӕймаг куыдфӕнды фидар ма лӕууа, уӕддӕр комулӕфт йеддӕмӕ ницы у+. (Села́)
6 Афтӕ у, адӕймаг аууонау рацу-бацу кӕны+.
Ӕцӕгдӕр, дзӕгъӕлы скатай вӕййынц адӕм+.
Адӕймаг фӕллӕйттӕ скӕны, кӕмӕн баззайдзысты, уый та нӕ фӕзоны+.
7 Ӕмӕ уӕд ӕз цӕуыл дарын мӕ ныфс, о Йегъовӕ?
Дӕумӕ у ме скаст+.
11 Ды адӕймагӕн амоныс зонд – йӕ рӕдыд ын ӕргом фӕзӕгъыс+.
Рӕмпӕг дзаума куыд бахӕры, афтӕ йын фесафыс, зынаргъ ын цы у, уыдӕттӕ+.
Ӕцӕгдӕр, зӕххон адӕймаг комулӕфт йеддӕмӕ ницы у+. (Села́)