Дыккаг закъон
21 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл искуы быдыры адӕймаджы мард куы ссарай ӕмӕ йӕ чи амардта, уый бӕрӕг куы нӕ уа+, 2 уӕд хъуамӕ уӕ хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ уӕ тӕрхонгӕнджытӕ+ ӕрбацӕуой ӕмӕ сбарой, мард кӕм ссардтой, уыцы бынатӕй йӕ алыварс горӕттӕм цас у, уый 3 ӕмӕ сбӕрӕг кӕной, мард хӕстӕгдӕр кӕцы горӕтмӕ ис, уый. Уӕд уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕ хъуамӕ ракӕной, кӕуыл нӕма куыстой ӕмӕ ӕфсондз кӕуыл нӕма уыди, ахӕм дыгӕрдыг. 4 Ӕмӕ хъуамӕ уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕ дыгӕрдыджы акӕной, дон кӕм кӕлы, ахӕм дӕлвӕзмӕ, хуым кӕй нӕ кӕнынц ӕмӕ кӕм ницы тауынц, уырдӕм. Ӕмӕ уым дӕлвӕзы дыгӕрдыгӕн хъуамӕ йӕ бӕрзӕй асӕттой+.
5 Уырдӕм ӕрбацӕудзысты сауджынтӕ дӕр, Левийы фырттӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдоны равзӕрста, цӕмӕй йын лӕггад кӕной+ ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы номӕй арфӕ кӕной+, ӕмӕ хъуамӕ уыдоны ныхасмӕ гӕсгӕ цӕуой лыггонд фыдракӕндтимӕ баст хъуыддӕгтӕ иууылдӕр+. 6 Уый фӕстӕ, мард хӕстӕгдӕр цы горӕтмӕ уа, уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ сӕ къухтӕ ныхсой+, дӕлвӕзы йӕ бӕрзӕй кӕмӕн асастой, уыцы дыгӕрдыджы сӕрмӕ 7 ӕмӕ зӕгъой: „Ацы туг нӕ къухӕй нӕ ныккалд, стӕй йӕ чи ныккалдта, уый дӕр нӕ федтам+. 8 О Йегъовӕ, ма йӕ банымай тӕригъӕдыл дӕ адӕмӕн, кӕй фервӕзын кодтай+, уыцы Израилы адӕмӕн. Ӕнаххос туг кӕй ныккалд+, уый дӕ адӕмы, Израилы адӕмы, аххос ма фӕкӕн“. Ӕмӕ уыцы тугныккалд уыдоны тӕригъӕдыл нымад не ’рцӕудзӕн. 9 Афтӕмӕй уӕхи ӕнаххос тугӕй ссыгъдӕг кӕндзыстут+, уымӕн ӕмӕ бакӕндзыстут, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый+.
10 Де знӕгтимӕ куы схӕцай ӕмӕ дын сӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ къухмӕ куы ратта+ ӕмӕ сӕ уацары куы акӕнай+ 11 ӕмӕ уацайрӕгты ’хсӕн рӕсугъд сылгоймаг куы фенай, дӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуа+ ӕмӕ йӕ дӕхицӕн усӕн куы ракӕнай, 12 уӕд ӕй дӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕн. Сылгоймаг хъуамӕ йӕ сӕр адаса+, йӕ ныхтӕ ракӕна 13 ӕмӕ йӕ уацары цы уӕлӕдарӕсы ракодтой, уый раласа. Уый цӕрдзӕн дӕ хӕдзары ӕмӕ иу мӕй кӕудзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадыл+. Уый фӕстӕ йемӕ ӕмуат ӕрцу, ракур ӕй, ӕмӕ дӕ ус бауыдзӕн. 14 Фӕлӕ дӕ зӕрдӕмӕ куы нал цӕуа, уӕд ӕй арвит+, йӕхи кӕдӕм фӕнда, уырдӕм. Ӕрмӕст-иу ӕй уӕй ма акӕн. Ӕгъатыр митӕ йын ма кӕн+, уымӕн ӕмӕ дзы дӕхицӕн ус тыхӕй скодтай.
15 Зӕгъӕм, лӕгӕн ис дыууӕ усы, ӕмӕ дзы иуы уарзы, иннӕйы та нӕ уарзы*. Ӕмӕ йын сӕ дыууӕ дӕр, кӕй уарзы, уый дӕр ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уый дӕр, ныййардтой лӕппутӕ, ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уый лӕппу у хистӕр+. 16 Ӕмӕ уыцы лӕг йӕ бынтӕ, цы йӕм ис, уый йӕ фырттыл куы уара, уӕд ын нӕй бар, цӕмӕй, кӕй уарзы, уыцы усы фырты хистӕрыл банымайа, афтӕмӕй та хистӕр у, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы фырт+. 17 Хъуамӕ хистӕрыл банымайа, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы фырты ӕмӕ йын ратта, цыдӕриддӕр ӕм ис, уымӕй дыууӕ хайы+, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ лӕджы хъаруйы райдиан+. Хистӕр фырты бартӕ уый сты+.
18 Искӕмӕн йӕ фырт хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон+ куы уа, йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ куы нӕ хъуса+, зонд ын куы амоной, фӕлӕ сын сӕ ныхас куы ницӕмӕ дара+, 19 уӕд ӕй йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад хъуамӕ ӕрбакӕной горӕты хистӕр лӕгтӕм, кулдуары размӕ+, 20 ӕмӕ сӕ горӕты хистӕр лӕгтӕн зӕгъой: „Нӕ фырт у хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон. Ӕппындӕр нӕм нӕ хъусы+. У гуыбындзӕл+ ӕмӕ расыггӕнаг+“. 21 Уӕд ӕй горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр дуртӕй фӕхойдзысты. Уый хъуамӕ амӕла. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут. Ӕмӕ ӕгас Израилы адӕм уыцы хабар фехъусдзысты ӕмӕ тӕрсдзысты+.
22 Исчи, мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕм тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ йӕ куы амарой+ ӕмӕ йӕ хъӕдыл куы ’рцауындзой+, 23 уӕд йӕ мард ӕхсӕвы хъӕдыл ма баззайӕд+. Тӕккӕ уыцы бон ӕй баныгӕн, уымӕн ӕмӕ, хъӕдыл кӕй ӕрцауындзой, уый Хуыцауӕй ӕлгъыст+ у. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх ма фӕчъизи кӕн+.