33 Рӕстгӕнджытӕ, Йегъовӕйы цинӕй зарут+.
Рӕстзӕрдӕ адӕм ӕй хъуамӕ кадджын кӕной+.
2 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн дыууадӕстӕнон фӕндырыл+,
Дӕстӕнон хъисфӕндыры цагъдмӕ йын зарут+.
3 Зарут ын ног зарӕг+.
Фӕндыры хъистыл зӕрдиагӕй ӕрцӕгъдут ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй зарут+.
4 Йегъовӕйы ныхас у раст+.
Йӕ алы хъуыддагыл дӕр ис ӕууӕндӕн+.
5 Уый уарзы рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон+.
Ӕгас зӕхх дӕр дзаг у Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй+.
6 Йегъовӕйы ныхасӕй фӕзынд арв+,
Йӕ комытӕфӕй – цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон+.
7 Уый денджызы дӕттӕ уромы, цыма сын къултӕ сӕвӕры, афтӕ+,
Абухгӕ дӕттӕ бакӕны ӕвӕрӕнты.
8 Ӕгас зӕхх дӕр тӕрсӕд Йегъовӕйӕ+.
Зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр ризӕнт йӕ разы+.
9 Уый загъта, ӕмӕ фӕзынд+.
Бардзырд радта, ӕмӕ февзӕрд+.
10 Йегъовӕ адӕмтӕн сӕ уынаффӕ фехалы+,
Адӕмыхӕттытӕн сӕ фӕндтӕ ныссуйтӕ кӕны+.
11 Йегъовӕйы уынаффӕ та уыдзӕн ӕнустӕм+,
Йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
12 Амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм+,
Йӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрста, уыцы адӕм+.
13 Йегъовӕ кӕсы уӕлӕрвтӕй+,
Уыны адӕймаджы фыртты се ’ппӕты дӕр+.
14 Кӕм цӕры, уыцы бынатӕй+ кӕсы,
Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдонмӕ.
15 Алкӕй зӕрдӕ дӕр ӕлыг мигӕнӕнау аразы+.
Сӕ хъуыддӕгтӕ сын иууылдӕр уыны+.
16 Нӕ фервӕзын кӕндзӕн паддзахы йе стыр ӕфсад+,
Тыхджын адӕймаджы – йе стыр тых+.
17 Бӕхыл дӕ ныфс ма дар, фервӕзын мӕ кӕндзӕн, зӕгъгӕ,– фӕсайдзӕн дӕ+,
Йе стыр тыхӕй дӕр дӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн+.
18 Йегъовӕйы цӕст кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ+,
Йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ+,
19 Цӕмӕй сӕ мӕлӕтӕй ирвӕзын кӕна+,
Ӕххормаг заман сӕ мӕлын ма бауадза+.
20 Нӕ уд ӕнхъӕлмӕ кӕсы Йегъовӕмӕ+.
Уый у не ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ нӕ уарт+.
21 Уый у нӕ зӕрдӕтӕн сӕ цин+,
Йӕ сыгъдӕг номыл дарӕм нӕ зӕрдӕ+.
22 Де ’нувыд уарзт немӕ уӕд, о Йегъовӕ+,
Уымӕн ӕмӕ дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм+.