Исай
56 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Рӕстӕй архайут+ ӕмӕ, раст цы у, уый аразут+, уымӕн ӕмӕ ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уый тагъд ӕрцӕудзӕн+ ӕмӕ мӕ рӕстдзинад раргом уыдзӕн+. 2 Амондджын у уыцы адӕймаг, афтӕ чи кӕны+, ӕмӕ адӕймаджы фырт, ууыл фидар чи хӕцы+, сабаты тыххӕй цы закъон ис, уый чи ӕххӕст кӕны, цӕмӕй сабат хынджылӕггаг ма скӕна+, ӕмӕ йӕхи алы ӕвзӕрдзинадӕй чи хизы+. 3 Йегъовӕмӕ чи ӕрбаиу, уыцы ӕндӕрбӕстаг афтӕ ма дзурӕд+: „Йегъовӕ мӕ йӕ адӕмӕй ӕнӕмӕнг фӕхицӕн кӕндзӕн“+. Ӕмӕ сахъат нӕлгоймаг*+ дӕр ма зӕгъӕд: „Ӕз хус бӕлас йеддӕмӕ ницы дӕн“».
4 Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Сабаты тыххӕй цы закъон радтон, уый чи ӕххӕст кӕны, ӕхсызгон мын цы у, уый чи равзӕрста+ ӕмӕ мын мӕ бадзырдыл фидар чи хӕцы, уыцы сахъат нӕлгоймӕгтӕн+ 5 ӕз мӕ хӕдзары+ ӕмӕ мӕ къулты мидӕг ратдзынӕн бынат*+ ӕмӕ ном+ – фырттӕй ӕмӕ чызджытӕй хуыздӕр цы у, уый+. Ӕз сын ратдзынӕн ном ӕнустӕм+ ӕмӕ уыцы ном никуы фесӕфдзӕн+.
6 Ӕмӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕй Йегъовӕмӕ чи ӕрбаиу, цӕмӕй йын лӕггад кӕна+, Йегъовӕйы ном уарза+ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг суа, сабаты тыххӕй цы закъон ис, уый чи ӕххӕст кӕны, цӕмӕй сабат хынджылӕггаг ма скӕна, ӕмӕ мын мӕ бадзырдыл фидар чи хӕцы, уыдоны се ’ппӕты дӕр+ 7 ӕз скӕндзынӕн мӕ сыгъдӕг хохмӕ+, ӕмӕ уыдон цин кӕндзысты мӕ кувӕн хӕдзары+. Сӕ судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ+ ӕхсызгонӕй ист ӕрцӕудзысты мӕ нывондхӕссӕныл+, уымӕн ӕмӕ мын мӕ хӕдзар хондзысты кувӕн хӕдзар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр»+.
8 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, Израилы адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны чи ӕмбырд кӕны, уыцы Хуыцау+: «Кӕй дзы ӕрӕмбырд кодтон, уыдонмӕ ма ӕз ӕрбамбырд кӕндзынӕн иннӕты дӕр»+.
9 Быдырон сырдтӕ ӕмӕ хъӕды сырдтӕ, иууылдӕр хӕрынмӕ рацӕут+. 10 Йӕ хъахъхъӕнджытӕ сты куырм+. Иу дӕр сӕ ницы уыны+. Иууылдӕр сты ӕгомыг куыйтӕ, сӕ бон рӕйын дӕр нӕу+, тыхулӕфт кӕнынц, хуыссынц, уарзынц фынӕй кӕнын+. 11 Уыдон сты ӕнӕфсис куыйтӕ+, ницӕмӕй ӕфсӕдынц+. Сты, ӕмбаргӕдзинад кӕмӕ нӕй, ахӕм фыййӕуттӕ+. Иууылдӕр ацыдысты сӕхи фӕндагыл, алчидӕр дзы йӕ бынатӕй ацыд, цӕмӕй сайа ӕмӕ афтӕмӕй йӕхицӕн хъӕздыгдзинӕдтӕ скӕна. Уыдон дзурынц+: 12 «Рацӕут! Райсдзыстӕм сӕн ӕмӕ нуаздзыстӕм, цалынмӕ нӕ фӕрасыг уӕм+. Райсом дӕр уыдзӕн абоны хуызӕн, ӕмӕ абонӕй дӕр хуыздӕр»+.