Амос
2 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Моав+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Едомы паддзахы стджытӕ басыгъта ӕмӕ сӕ чъыр фестын кодта+. 2 Ӕз Моавыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Кериофы цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн+. Моавӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, хъӕлӕба, фӕдисы хъӕр ӕмӕ сыкъайы уасын куы хъуыса, уӕд+. 3 Амардзынӕн ын йӕ тӕрхонгӕнӕджы ӕмӕ йемӕ йӕ кънйӕзты се ’ппӕты дӕр“+,– зӕгъы Йегъовӕ“.
4 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Иудӕ+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы закъоныл сӕ къух систой+ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтой, фӕлӕ, сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнгдзинады+ фӕдыл ацыдысты, уый фӕдыл адзӕгъӕл сты уыдон дӕр+. 5 Ӕз Иудӕйыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Иерусалимы цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн“+.
6 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Израил+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон рӕстгӕнӕджы уӕй кӕнынц ӕвзистыл, ӕмӕ мӕгуыр адӕймаджы – дыууӕ дзабыры аргъыл+. 7 Мӕгуыр адӕмӕн зӕххы рыг сӕ сӕрыл феной, ӕндӕр сӕ ницы хъӕуы+. Сабыр* адӕмы иуварс схойынц+. Фырт ӕмӕ фыд уыцы иу ӕрыгон сылгоймагмӕ цӕуынц+, ӕмӕ мын мӕ сыгъдӕг ном чъизи кӕнынц+. 8 Цъынды кӕй райсынц, уыцы уӕлӕдарӕсыл сӕхи ауадзынц+ алы нывондхӕссӕны+ цур ӕмӕ, кӕй фӕивар кӕнынц, уыдоны сӕн сӕ хуыцӕутты кувӕндоны нуазынц“+.
9 „Ӕз та уыдоны тыххӕй аморейты+, кедрбӕлӕстау бӕрзонд ӕмӕ стыр бӕлӕстау фидар адӕмы, ныццагътон+. Уӕлейӕ сыл дыргъ нӕ ныууагътон, бынӕй та – уидаг+. 10 Ӕз уӕ Египеты зӕххӕй ракодтон+ ӕмӕ уӕ цыппор азы кодтон ӕдзӕрӕг быдырыл+, цӕмӕй аморейты зӕхх сымах бауыдаид+. 11 Уӕ фырттӕй уын хъомыл кодтон пехуымпартӕ+ ӕмӕ уӕ лӕппутӕй – назорейтӕ+. Зӕгъут-ма, Израилы фырттӕ, афтӕ нӕу?“ – зӕгъы Йегъовӕ.
12 „Фӕлӕ сымах назорейтӕн сӕн дардтат+, пехуымпартӕн та дзырдтат: „Ма пехуымпариуӕг кӕнут!“+ 13 Гъемӕ ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ зӕхх уӕ быны змӕлдзӕн, ногкарст хоры куыристӕй йедзаг уӕрдон куыд фезмӕлы, афтӕ. 14 Цӕрдӕг чи у, уый дӕр йӕхицӕн ӕмбӕхсӕн не ссардзӕн+, фидар адӕймаг йӕ хъаруйыл нӕ бафтаудзӕн ӕмӕ тыхджын лӕг йӕ уд нӕ аирвӕзын кӕндзӕн+. 15 Фатӕхсӕг дӕр фидар нӕ фӕлӕудзӕн, сагсур дӕр нӕ алидздзӕн ӕмӕ барӕг дӕр йӕ уд нӕ аирвӕзын кӕндзӕн+. 16 Фидар зӕрдӕйы хицау чи у, уыцы тыхджын лӕг дӕр уыцы бон бӕгънӕгӕй алидздзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ».