Псалом
Давиды псалом. Зарӕг.
2 Ӕз архайдзынӕн ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ ӕнаиппӕй+.
Кӕд мӕм фӕзындзынӕ ӕххуысмӕ?+
Ӕз цӕрдзынӕн рӕстзӕрдӕйӕ мӕ хӕдзары мидӕг+.
3 Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ цӕстыты раз ницы ӕрӕвӕрдзынӕн+.
Раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны хъуыддӕгтӕй ӕз ме сӕфт уынын+.
Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕм ӕмгӕрон дӕр нӕ бацӕудзынӕн+.
5 Сусӕгӕй йе ’мбалы фыдкой чи кӕны+,
Уымӕн ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ныхъхъус уыдзӕн+.
Хъал цӕстытӕ ӕмӕ схъӕл зӕрдӕ кӕмӕн ис+,
Уый нӕ бабыхсдзынӕн+.
6 Мӕ цӕстытӕ здӕхт сты, зӕххыл иузӕрдион чи у, уыдонмӕ+,
Цӕмӕй цӕрой мемӕ+.
Мӕнӕн лӕггад кӕндзӕн+,
Ӕнаипп чи у, уый+.