Райдиан
16 Аврамы ус Сарӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди+. Сарӕйӕн та уыди лӕггадгӕнӕг, египетаг сылгоймаг, Агар, зӕгъгӕ+. 2 Ӕмӕ Сарӕ Аврамӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Йегъовӕ мын зӕнӕг нӕ дӕтты+. Курын дӕ, мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцу. Кӕд мын уымӕй уӕддӕр уаид сывӕллӕттӕ»+. Ӕмӕ Аврам байхъуыста Сарӕмӕ+. 3 Ӕмӕ Сарӕ йӕ лӕг Аврамӕн усӕн радта йӕ лӕггадгӕнӕджы, египетаг Агары. Уый уыди, Аврам Ханааны зӕххыл дӕс азы куы фӕцард, уӕд+. 4 Аврам дӕр Агаримӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ Агар басывӕрджын. Ӕмӕ, сывӕрджын кӕй у, уый куы базыдта, уӕд йӕ хицаумӕ, Сарӕмӕ, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта+.
5 Ӕмӕ уӕд Сарӕ Аврамӕн загъта: «Ацы маст ӕз дӕу тыххӕй бавзӕрстон. Мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы дын мӕхӕдӕг радтон*, ӕмӕ, сывӕрджын кӕй у, уый куы базыдта, уӕд мӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта. Йегъовӕ йӕ равзарӕд, мӕнӕй ӕмӕ дӕуӕй раст чи у, уый»+.6 Уӕд Аврам Сарӕйӕн загъта+: «Дӕ лӕггадгӕнӕг дӕ бар у. Цы дӕ фӕнды, уый йын кӕн»+. Ӕмӕ Сарӕ Агары афтӕ райдыдта ӕфхӕрын, ӕмӕ дзы фӕлыгъди+.
7 Цасдӕры фӕстӕ йӕ Йегъовӕйы зӕд+ ссардта ӕдзӕрӕг быдыры, Сурмӕ фӕндагыл цы суадон уыди, уый раз+. 8 Ӕмӕ йӕ бафарста: «Агар, Сарӕйы лӕггадгӕнӕг, кӕцӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Агар ын дзуапп радта: «Мӕ хицау Сарӕйӕ алыгътӕн». 9 Ӕмӕ йын уӕд Йегъовӕйы зӕд загъта: «Фӕстӕмӕ дӕ хицау Сарӕмӕ аздӕх ӕмӕ йӕ разы дӕхи ӕрныллӕг кӕн»+. 10 Йегъовӕйы зӕд ма йын ноджыдӕр загъта: «Дӕ байзӕддӕгты дын афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ сӕ банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн»+. 11 Стӕй ма Йегъовӕйы зӕд йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Дӕхи бар нӕ дӕ, ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Измаил*+, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕ дзыназын фехъуыста+. 12 Дӕ фырт уыдзӕн хъӕддаг хӕрӕгау* хивӕнд. Алкӕй ныхмӕ дӕр цӕудзӕн, ӕмӕ алчидӕр цӕудзӕн йӕ ныхмӕ+. Ӕмӕ йе ’фсымӕрты раз цӕрдзӕн цатырты»+.
13 Ӕмӕ уӕд Агар Йегъовӕйы, йемӕ чи ныхас кодта, уыцы Хуыцауы, схуыдта «Ды дӕ алцыуынӕг Хуыцау*+», уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Цымӕ ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕн чи уыны, уый?» 14 Уыцы цъай Беер-Лахай-Рои*+ дӕр уымӕн хуыйны. Уый ис Кадес ӕмӕ Береды ’хсӕн. 15 Цасдӕры фӕстӕ Агар Аврамӕн ныййардта лӕппу. Ӕмӕ Аврам, Агар ын кӕй ныййардта, уыцы лӕппуйы схуыдта Измаил+. 16 Агар Аврамӕн Измаилы куы ныййардта, уӕд Аврамыл цыди ӕстай ӕхсӕз азы.