Райдиан
29 Уый фӕстӕ Иаков уырдыгӕй дарддӕр араст, Скӕсӕны адӕм кӕм цардысты, уыцы зӕхмӕ+. 2 Ӕмӕ иу ран кӕсы, ӕмӕ быдыры цъай. Цъайы раз хуыссыд фыстӕ, ӕртӕ дзуджы, уымӕн ӕмӕ-иу сын фыййӕуттӕ дон уырдыгӕй истой+. Цъайы сӕрыл та ӕвӕрд уыди стыр дур+. 3 Фысты дзугтӕ-иу иууылдӕр уырдӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд-иу фыййӕуттӕ цъайы сӕрӕй дур афӕлдӕхтой ӕмӕ-иу фыстӕн дон радтой. Стӕй-иу дур фӕстӕмӕ цъайы сӕрыл бафӕлдӕхтой.
4 Ӕмӕ сӕ Иаков бафарста: «Кӕцӕй стут, ме ’фсымӕртӕ?» Уыдон ын загътой: «Харранӕй»+. 5 Уӕд сӕ Иаков бафарста: «Ӕмӕ Нахоры фыртыфырт+ Лаваны+ нӕ зонут?» Уыдон ын загътой: «Зонӕм». 6 Ӕмӕ сӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ дзӕбӕх, ӕнӕниз у?»+ Уыдон та йын дзуапп радтой: «О, дзӕбӕх у. Уӕртӕ йӕ чызг Рахил+ дӕр йӕ фыстимӕ ӕрбацӕуы»+. 7 Иаков та сын загъта: «Изӕрмӕ нырма бирӕ куы ис ӕмӕ фос ӕмбырд кӕнын афон куы нӕма у. Дон сын раттут ӕмӕ уал сӕ хизынмӕ атӕрут»+. 8 Уыдон та йын загътой: «Дзугтӕ иууылдӕр куы ӕрӕмбырд уой ӕмӕ цъайы сӕрӕй дур куы афӕлдахой, уӕд сын ратдзыстӕм дон. Уӕдмӕ нӕ бон нӕу».
9 Иаков ма фыййӕуттимӕ ныхас кодта, афтӕ Рахил+ дӕр йӕ фыды фыстимӕ ӕрбацыд – уый-иу сӕ хызта+. 10 Ӕмӕ Иаков йӕ мадыфсымӕр Лаваны чызг Рахилы фыстимӕ куы федта, уӕд бауад, цъайы сӕрӕй дур афӕлдӕхта ӕмӕ йӕ мадыфсымӕр Лаваны фыстӕн дон радта+. 11 Уый фӕстӕ Рахилӕн апъа кодта+ ӕмӕ ныккуыдта+. 12 Ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, ӕз дӕ фыды ӕфсымӕр*+ дӕн, Ревеккӕйы лӕппу. Уӕд Рахил сӕхимӕ азгъордта ӕмӕ хабар йӕ фыдӕн радзырдта+.
13 Лаван йӕ хӕрӕфырт Иаковы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд йӕ размӕ азгъордта+, ныттыхсти йыл, апъа йын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ бакодта+. Ӕмӕ йын Иаков йӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. 14 Уый фӕстӕ йын Лаван загъта: «Ды мӕнӕн мӕ туг, ме стӕг* дӕ»+. Ӕмӕ Иаков Лаванмӕ иу мӕй фӕцард.
15 Уый фӕстӕ йын Лаван загъта: «Ныр кӕд ме ’фсымӕр+ дӕ, уӕд мын хъуамӕ лӕвар кусай?+ Зӕгъ мын, дӕ куысты тыххӕй дӕ цы хъӕуы?»+ 16 Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы. Хистӕр хуынди Лийӕ+, кӕстӕр та – Рахил. 17 Лийӕйӕн рӕсугъд цӕстытӕ нӕ уыд, Рахил+ та уыди рӕсугъд ӕмӕ хӕрзконд+. 18 Ӕмӕ Иаков Рахилы бауарзта. Гъемӕ Лаванӕн загъта: «Авд азы дын кусдзынӕн дӕ кӕстӕр чызг Рахилы тыххӕй»+. 19 Уӕд ын Лаван загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ фӕлтау дӕуӕн ратдзынӕн+. Цӕр мӕнмӕ». 20 Ӕмӕ Иаков Рахилы тыххӕй фӕкуыста авд азы+, фӕлӕ йӕм уыцы авд азы фӕкастысты цалдӕр боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг уарзта+.
21 Ӕмӕ уӕд Иаков Лаванӕн загъта: «Куыд баныхас кодтам, афтӕ дын авд азы бакуыстон. Ныр мын ратт мӕ усы, ӕмӕ йемӕ бацӕрон»+. 22 Ӕмӕ Лаван чындзӕхсӕв скодта ӕмӕ ӕрхуыдта йӕ алыварс цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр+. 23 Фӕлӕ изӕры Иаковмӕ бакодта йӕ чызг Лийӕйы, ӕмӕ Иаков йемӕ ӕмуат ӕрцыд. 24 Лаван йӕ чызг Лийӕйӕн лӕггадгӕнӕгӕй радта йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйы+. 25 Ӕмӕ райсомӕй Иаков кӕсы, ӕмӕ йӕ фарсмӕ Лийӕ! Ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дын Рахилы тыххӕй нӕ куыстон? Цӕмӕн мӕ фӕсайдтай?»+ 26 Лаван та йын дзуапп радта: «Ам, махмӕ, хистӕр чызджы разӕй кӕстӕры чындзы нӕ фӕдӕттынц. 27 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уыимӕ ӕнӕхъӕн къуыри арвит+. Уый фӕстӕ дын ратдзыстӕм иннӕйы дӕр, ӕмӕ мын уый тыххӕй бакусдзынӕ ноджыдӕр авд азы»+. 28 Иаков дӕр афтӕ бакодта. Ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Лийӕимӕ уыцы къуыри ӕнӕхъӕнӕй куы арвыста, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахилы дӕр. 29 Ӕмӕ Лаван Рахилӕн лӕггадгӕнӕгӕй радта йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕйы+.
30 Гъемӕ Иаков ӕмуат ӕрцыд Рахилимӕ дӕр. Ӕмӕ Рахилы уарзта Лийӕйӕ фылдӕр+. Ӕмӕ ма Лаванӕн куыста ноджыдӕр авд азы+. 31 Йегъовӕ федта, Иаков Лийӕйы къаддӕр кӕй уарзы*, ӕмӕ йын радта зӕнӕг+. Рахилӕн та зӕнӕг нӕ цыди+. 32 Лийӕ басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, ӕмӕ йӕ схуыдта Рувим*+, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Йегъовӕ федта, куыд ӕнамонд дӕн+, уый, ӕмӕ мӕ ныр мӕ лӕг бауарздзӕн». 33 Ӕмӕ та басывӕрджын ӕмӕ йын ноджыдӕр райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ фехъуыста+, мӕ лӕг мӕ кӕй нӕ уарзы*, уый, ӕмӕ мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Ӕмӕ йӕ схуыдта Симеон*+. 34 Ӕмӕ та ногӕй басывӕрджын ӕмӕ та йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ лӕг мӕнӕй фылдӕр никӕй уарздзӕн, уымӕн ӕмӕ йын ныййардтон ӕртӕ фырты». Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой Леви*+. 35 Лийӕ ма ноджыдӕр басывӕрджын ӕмӕ та йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Ныр ӕз Йегъовӕйы куыннӕ хъуамӕ скадджын кӕнон!» Иудӕ*+ дӕр ӕй уымӕн схуыдта. Уый фӕстӕ йын цасдӕр зӕнӕг нал цыди.