Райдиан
30 Рахил та Иаковӕн иу сывӕллон дӕр нӕ ныййардта, ӕмӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ Иаковӕн загъта+: «Ратт мын сывӕллӕттӕ. Афтӕмӕй ӕз цӕй сылгоймаг дӕн – удӕгасӕй мард»+. 2 Иаков Рахилмӕ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йын загъта+: «Исты ӕз Хуыцау дӕн? Хуыцау дын зӕнӕг нӕ дӕтты, ӕз та цы аххосджын дӕн?»+ 3 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Мӕнӕ дын мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕ+. Йемӕ ӕмуат ӕрцу, цӕмӕй мын* ныййара сывӕллӕттӕ, ӕмӕ мӕнӕн дӕр уа цот»+. 4 Гъемӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕг Валлӕйы усӕн радта, ӕмӕ Иаков йемӕ ӕмуат ӕрцыд+. 5 Ӕмӕ Валлӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу+. 6 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Мӕ тӕрхонгӕнӕг Хуыцау мӕм ӕркаст+ ӕмӕ мын мӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ мын радта лӕппу». Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдта Дан*+. 7 Ӕмӕ та Рахилы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕ ногӕй басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу дӕр. 8 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Стыр тохы бацыдтӕн мӕ хоимӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕн!» Ӕмӕ уый тыххӕй лӕппуйы схуыдта Неффалим*+.
9 Ныр Лийӕйӕн зӕнӕг куы нал цыди, уӕд уый дӕр Иаковӕн усӕн радта йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйы+. 10 Ӕмӕ Лийӕйы лӕггадгӕнӕг Зелфӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу. 11 Ӕмӕ уӕд Лийӕ загъта: «Амонд мӕм бахудт!» Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Гад*+. 12 Уый фӕстӕ Лийӕйы лӕггадгӕнӕг Зелфӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу дӕр. 13 Ӕмӕ уӕд Лийӕ загъта: «Мӕнӕ цы амондджын дӕн! Ныр мӕ сылгоймӕгтӕ хондзысты амондджын»+. Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Асир*+.
14 Иу бон, мӕнӕугӕрдӕн афон+, Рувим+ ацыди быдырмӕ ӕмӕ дзы ссардта мандрагорӕтӕ*. Ӕмӕ сӕ йӕ мад Лийӕйӕн ӕрбахаста. Уӕд Рахил Лийӕйӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ фырт кӕй ӕрбахаста, уыцы мандрагорӕтӕй-ма мын авӕр»+. 15 Фӕлӕ йын Лийӕ дзуапп радта: «Мӕ лӕджы+ мын кӕй байстай, уый дын фаг нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ фырты мандрагорӕтӕ дӕр исыс?» Ӕмӕ йын уӕд Рахил загъта: «Дӕ фырты мандрагорӕтӕй мын ратт, ӕмӕ ахсӕв Иаков уыдзӕн демӕ».
16 Изӕры Иаков быдырӕй куы ’рбаздӕхт+, уӕд Лийӕ йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ахсӕв мемӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕ лӕппуйы мандрагорӕтӕй балхӕдтон». Ӕмӕ уыцы ӕхсӕв Иаков баззад йемӕ+. 17 Хуыцау фехъуыста Лийӕйы, ӕмӕ Лийӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фӕндзӕм лӕппу+. 18 Ӕмӕ Лийӕ загъта: «Хуыцау мын хӕрзиуӕг ракодта, мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы мӕ лӕгӕн кӕй радтон, уый тыххӕй». Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Иссахар*+. 19 Уый фӕстӕ та Лийӕ ногӕй басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм лӕппу+. 20 Ӕмӕ загъта: «Хуыцау мын диссаджы лӕвар ракодта. Ныр мӕм мӕ лӕг хуыздӕр цӕстӕй кӕсдзӕн*+, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон»+. Ӕмӕ уый тыххӕй лӕппуйы схуыдта Завулон*+. 21 Уый фӕстӕ та йын райгуырд чызг ӕмӕ йӕ схуыдта Динӕ+.
22 Уӕд Хуыцауӕн Рахил йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд ӕмӕ йын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ йын зӕнӕг радта+. 23 Рахил басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Хуыцау мӕ мӕ худинагӕй фервӕзын кодта!»+ 24 Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Иосиф*+, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Йегъовӕ ма мын ноджыдӕр иу лӕппу радта».
25 Рахилӕн Иосиф куы райгуырд, уӕд Иаков Лаванӕн загъта: «Ауадз мӕ, ӕмӕ нӕхимӕ, мӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ацӕуон+. 26 Ратт мын мӕ устыты, кӕй тыххӕй дын фӕкуыстон, уыдоны, ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ ацӕуон. Куыд дын фӕкуыстон, уый дӕхӕдӕг дӕр хорз зоныс»+. 27 Уӕд ын Лаван загъта: «Курӕг дӕ дӕн, ма ацу, лӕуу ам мемӕ. Ӕз ӕй уынын, Йегъовӕ мын дӕу тыххӕй кӕй арфӕ кӕны»+. 28 Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр загъта: «Дӕ куысты тыххӕй дӕ цы хъӕуы, уый мын зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй ратдзынӕн»+. 29 Ӕмӕ йын уӕд Иаков загъта: «Хорз ӕй зоныс, куыд дын куыстон ӕмӕ дын дӕ фосмӕ куыд кастӕн+. 30 Раздӕр дӕм фос бирӕ нӕ уыд, ныр та дын сбирӕ сты, уымӕн ӕмӕ дӕм ӕз куы ’рцыдтӕн, уӕд дын Йегъовӕ раарфӕ кодта+. Мӕхи бинонтӕн та ма кӕд цы сараздзынӕн?»+
31 Ӕмӕ та йӕ уӕд Лаван бафарста: «Омӕ мын зӕгъ, цы дӕ хъӕуы?» Ӕмӕ йын Иаков дзуапп радта: «Ницы мӕ хъӕуы+. Ӕрмӕст дын цы зӕгъон, уый мын сараз, ӕмӕ та дын хиздзынӕн дӕ фос+. Хъахъхъӕндзынӕн та дын сӕ+. 32 Абон ӕрзилӕм дӕ дзугыл, ӕмӕ дзы рахицӕн кӕн тӕппытӕ ӕмӕ хъулон фысты, морӕ фырыты, стӕй хъулон ӕмӕ тӕппытӕ сӕгъты се ’ппӕты дӕр. Амӕй фӕстӕмӕ ахӕм фос уыдзысты мӕ мызд+. 33 Цы мын бафыстай, уый уынынмӕ кӕдфӕнды ма ’рцӕуай, фендзынӕ йӕ, кӕй дӕ нӕ сайын+. Кӕд мӕ фосимӕ, тӕппытӕ ӕмӕ хъулон чи нӕу, ахӕм сӕгъ разына, стӕй, морӕ чи нӕу, ахӕм фыр, уӕд сӕ нымай давӕггагыл»+.
34 Ӕмӕ уӕд Лаван загъта: «Хорз, разы дӕн! Куыд загътай, афтӕ уӕд»+. 35 Ӕмӕ уыцы бон Лаван ахицӕн кодта гӕрӕм ӕмӕ хъулон цӕуты, сӕгътӕй дӕр тӕппытӕ ӕмӕ хъулон чи уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр, фырытӕй гыццыл урс дӕр кӕуыл уыди, уыдоны, стӕй морӕ фырыты дӕр се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сӕ йӕ фыртты бар бакодта. 36 Ӕмӕ сӕ атардта, Иаковӕй ӕртӕ боны цыд кӕдӕм уыд, ахӕм ранмӕ. Иаков та хызта Лаваны иннӕ фос.
37 Уӕд Иаков райста стираксбӕласы+, миндалбӕласы+ ӕмӕ платанбӕласы+ ногконд уистӕ ӕмӕ сын ранӕй-рӕтты сӕ цъар растыгъта, сӕ урс куыд разындаид, афтӕ+. 38 Стӕй уыцы уистӕ сӕвӕрдта фосы раз, дон нуазынмӕ-иу кӕдӕм ӕрбацыдысты, уыцы къанаугӕндты ӕмӕ дондарӕн бӕлӕгъты+, цӕмӕй-иу фос уым схъазыдаиккой.
39 Гъемӕ-иу фос уисты раз схъазыдысты, ӕмӕ-иу ныззадысты гӕрӕм, тӕппытӕ ӕмӕ хъулон уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ+. 40 Иаков-иу рахицӕн кодта фырыты ӕмӕ-иу стӕй дзугтӕ афтӕ фездӕхта, цӕмӕй-иу Лаваны фос кастаиккой гӕрӕм ӕмӕ морӕ фосы ’рдӕм. Уый фӕстӕ Иаков йӕхи дзугтӕ дардта хицӕнӕй, Лаваны фосимӕ йын нӕ уыдысты. 41 Дзӕбӕх+ фос-иу куы хъазыдысты, уӕд-иу сын Иаков алы хатт дӕр къанаугӕндты+ сӕ разы уистӕ сӕвӕрдта, цӕмӕй-иу уым схъазыдаиккой. 42 Лӕмӕгъ фос-иу куы хъазыдысты, уӕд та-иу сын сӕ разы уистӕ нӕ сӕвӕрдта. Гъемӕ-иу лӕмӕгъ фос алы хатт дӕр ӕрхаудтой Лаванмӕ, дзӕбӕх фос та – Иаковмӕ+.
43 Ӕмӕ Иаков хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кодта: уыдис ӕм стыр дзугтӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+.