Райдиан
44 Цасдӕры фӕстӕ Иосиф, йӕ хӕдзары сӕргъы ӕвӕрд чи уыди, уыцы лӕгӕн+ загъта: «Ацы адӕмӕн сӕ голджыты ныккӕн, сӕ бон ахӕссын цас бауыдзӕн, уыйбӕрц хор. Ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’хцатӕ йӕ голладжы нывӕр+. 2 Кӕстӕры голладжы та йӕ хоры ӕхцатимӕ нывӕр мӕ къус, ме ’взист къус». Ӕмӕ йын Иосиф куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта+.
3 Куы ’рбабон, уӕд ӕфсымӕрты афӕндараст кодтой+, ӕмӕ сӕ хӕрджытимӕ араст сты. 4 Ӕмӕ горӕтӕй дард нӕма ацыдысты, афтӕ Иосиф, йӕ хӕдзары сӕргъы ӕвӕрд чи уыди, уымӕн загъта: «Рӕвдздӕр, уыцы адӕмы аййаф ӕмӕ сын зӕгъ: „Хорз ӕвзӕрӕй цӕмӕн фидут?+ 5 Цӕмӕн рахастат, мӕ хицау кӕмӕй фӕнуазы ӕмӕ дӕсны кӕмӕй фӕфӕрсы, уыцы къус?+ Тынг ӕвзӕр ми бакодтат“».
6 Гъемӕ сӕ уый дӕр баййӕфта ӕмӕ сын загъта уыцы ныхӕстӕ. 7 Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Нӕ буц хицау ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн кӕны? Дӕ цагъартӕ ахӕм ми куыд хъуамӕ бакодтаиккой? 8 Нӕ голджыты цы ’хцатӕ ссардтам, уыдон дӕр ма дын Ханааны зӕххӕй фӕстӕмӕ куы ’рхастам+, уӕд ныр нӕ хицауы хӕдзарӕй ӕвзист кӕнӕ сызгъӕрин куыд хъуамӕ адавтаиккам?+ 9 Уыцы къус кӕмӕ разына, уый амӕлӕд, мах та цагъартӕ суыдзыстӕм нӕ хицауӕн»+. 10 Уӕд сын уый загъта: «Куыддӕриддӕр зӕгъут, афтӕ уӕд+. Кӕмӕ разына, уый суыдзӕн мӕ цагъар+, иннӕтӕ та ницы аххосджын уыдзысты». 11 Ӕмӕ уайтагъд сӕ голджытӕ зӕхмӕ ӕристой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ голлаг байгом кодта. 12 Ӕмӕ дзы алкӕй голлаг дӕр федта. Хистӕрӕй райдыдта ӕмӕ кӕстӕрӕй фӕци. Ӕмӕ къус разынд Вениамины голладжы+.
13 Уӕд ӕфсымӕртӕ сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+, алчидӕр сӕ йӕ хӕссинаг фӕстӕмӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта ӕмӕ горӕтмӕ аздӕхтысты. 14 Иудӕ+ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ Иосифы хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд нырма уым уыди, ӕмӕ йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+. 15 Ӕмӕ сын Иосиф загъта: «Уый цы ми бакодтат? Нӕ йӕ зыдтат, мӕнӕн мӕ бон кӕй у дӕсны фӕрсын ӕмӕ алцыдӕр базонын?»+ 16 Уӕд Иудӕ загъта: «Цы зӕгъӕм нӕ хицауӕн? Цы у нӕ бон зӕгъын? Цӕмӕй у нӕ бон нӕхи сраст кӕнын?+ Ӕцӕг Хуыцау раргом кодта дӕ цагъарты тӕригъӕд+. Ныр мах стӕм нӕ хицауы цагъартӕ+, мах дӕр ӕмӕ, къус кӕмӕ разынд, уый дӕр!» 17 Фӕлӕ сын Иосиф загъта: «Нӕ, ӕз афтӕ нӕ бакӕндзынӕн!+ Къус кӕмӕ разынд, уый суыдзӕн мӕ цагъар+. Сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ»+.
18 Уӕд ӕм Иудӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц хицау, лӕгъстӕ дын кӕнын, дӕ цагъарӕн уый бар ратт, цӕмӕй дын йӕ ныхас зӕгъа+. Ма смӕсты у+ дӕ цагъармӕ, уымӕн ӕмӕ дӕуӕй ӕмӕ фараонӕй уӕлдай нӕй+. 19 Нӕ буц хицау бафарста йӕ цагъарты, фыд кӕнӕ ма уын ӕфсымӕр ис, зӕгъгӕ. 20 Ӕмӕ мах нӕ буц хицауӕн дзуапп радтам: „Ис нын зӕронд фыд ӕмӕ ма ноджыдӕр иу ӕфсымӕр, не ’ппӕты кӕстӕр+. Уый нӕ фыдӕн зӕрондырдӕм райгуырд. Йе ’фсымӕр нал ис, ӕрмӕстдӕр ма уый баззад йӕ мады зӕнӕгӕй+, ӕмӕ йӕ йӕ фыд бирӕ уарзы“. 21 Ӕмӕ уый фӕстӕ ды дӕ цагъартӕн загътай, ӕркӕнут мӕм ӕй, цӕмӕй йӕ мӕхи цӕстӕй фенон, зӕгъгӕ+. 22 Фӕлӕ мах нӕ буц хицауӕн загътам: „Лӕппуйӕн йӕ бон нӕу йӕ фыды ныууадзын. Куы йӕ ныууадза, уӕд фыд исты кӕндзӕн“+. 23 Уӕд ды дӕ цагъартӕн загътай: „Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куы не ’рцӕуа, уӕд мын уӕхи мауал фенын кӕнут“+.
24 Ӕмӕ уӕд мах ацыдыстӕм дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, ӕмӕ нын нӕ буц хицау цы загъта, уый йын радзырдтам. 25 Иуцасдӕры фӕстӕ нын нӕ фыд загъта, ногӕй ацӕут ӕмӕ та иу гыццыл хойраг балхӕнут, зӕгъгӕ+. 26 Фӕлӕ йын мах загътам: „Нӕ бон нӕу уырдӕм ацӕуын. Кӕд нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ ацӕуа, уӕд ацӕудзыстӕм. Уый немӕ куы нӕ уа, уӕд нӕ бон нӕу уыцы адӕймагӕн нӕхи равдисын“+. 27 Ӕмӕ нын уӕд дӕ цагъар, нӕ фыд, загъта: „Сымах ӕй зонут, мӕ ус мын дыууӕ фырты кӕй ныййардта+. 28 Иу бон мӕ сӕ иу ныууагъта ӕмӕ ӕз загътон: „Хъӕддаг сырд ӕй бахордта!“+ Ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нал федтон. 29 Ныр ма мын ай дӕр куы акӕнат ӕмӕ ауыл дӕр исты куы ’рцӕуа, уӕд мын мӕ урс сӕр ӕцӕгдӕр ингӕнмӕ* кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ барвитдзыстут“+.
30 Ӕмӕ ныр ӕз дӕ цагъармӕ, мӕ фыдмӕ, куы ’рыздӕхон ӕмӕ, йӕ удӕй фылдӕр кӕй уарзы, уыцы лӕппу немӕ куы нӕ уа+, 31 ӕмӕ, немӕ кӕй нӕй, уый куыддӕр фена, афтӕ исты кӕндзӕн. Ӕмӕ дӕ цагъартӕ сӕ фыдӕн йӕ урс сӕр ингӕнмӕ кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ барвитдзысты. 32 Афтӕмӕй та, лӕппуйы йӕ фыдӕй куы кодтам, уӕд ӕз дӕ цагъарӕн, нӕ фыдӕн, дзырд радтон+, зӕгъын дӕм ӕй фӕстӕмӕ куы не ’ркӕнон, уӕд цӕрӕнбонтӕм аххосджын уыдзынӕн дӕ разы+. 33 Ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ буц хицау, лӕппуйы бӕсты цагъарӕй мӕн ныууадз, уый та йе ’фсымӕртимӕ ацӕуӕд+. 34 Лӕппу мемӕ куы нӕ уа, уӕд афтӕмӕй куыд аздӕхон мӕ фыдмӕ ӕмӕ мӕ фыды цы бӕллӕх баййафдзӕн, уымӕ куыд кӕсон?»+