Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 18
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Рацыд 18:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 2:21; 3:1
  • +ЙсН 2:10; 9:9

Рацыд 18:3

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Нысан кӕны «ӕрцӕуӕггаг уыцы ран».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 7:29
  • +Рц 2:22

Рацыд 18:4

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Нысан кӕны «мӕ Хуыцау – ӕххуысгӕнӕг».

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Аз 23:15
  • +Рц 2:15; 2Кр 1:10

Рацыд 18:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 19:2; 1Пд 19:8

Рацыд 18:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 4:18; Нм 10:29

Рацыд 18:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 33:3; 2См 14:33; Ро 12:10

Рацыд 18:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 7:3; 14:28; Д.з 4:34; Не 9:10
  • +Рц 15:22; 16:3; Нм 20:14
  • +Пс 81:7; 102:2; Дан 3:29

Рацыд 18:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 33:29; Ро 15:10

Рацыд 18:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рд 14:20; Лк 1:68

Рацыд 18:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 15:11; 2Аз 2:5; Пс 95:3; 97:9; Дан 2:47

Рацыд 18:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мл 1:11
  • +Рд 31:54

Рацыд 18:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 23:2

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/2/2013, 6 ф.

Рацыд 18:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 20:19; Нм 12:8; 27:5

Рацыд 18:16

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 24:14; Д.з 17:8; 1Кр 6:1
  • +Д.з 4:5; 5:1; 6:1

Рацыд 18:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 11:11
  • +Нм 11:14; Д.з 1:9; Хъд 6:2

Рацыд 18:19

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Рц 18:24; Ӕм 9:9
  • +ЙсН 1:17
  • +Рц 20:19; Д.з 5:5
  • +Нм 27:5

Рацыд 18:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Д.з 7:11; Не 9:14; Мч 10:3
  • +1См 12:23; Пс 32:8; Ис 30:21; Йер 42:3; Мх 4:2

Рацыд 18:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 11:17; Д.з 1:13; Хъд 6:3; 1Тм 3:2; Тит 1:9
  • +2Аз 6:31; 19:7; Иов 2:3; Ӕм 8:13
  • +Йез 18:8; Дан 6:5; 1Фс 2:10; 1Тм 3:7; Тит 1:7
  • +Рц 23:8; Хъд 20:33; 1Тм 3:3; 1Пт 5:2
  • +Нм 10:4
  • +Д.з 1:15; Хъд 14:23; Тит 1:5

Рацыд 18:22

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лв 24:11; Нм 15:33; Д.з 1:17
  • +Нм 11:17

Рацыд 18:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 11:14

Рацыд 18:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 12:15

Рацыд 18:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 6:5

Рацыд 18:26

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Хъд 15:2

Рацыд 18:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Нм 10:29

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Рац. 18:1Рц 2:21; 3:1
Рац. 18:1ЙсН 2:10; 9:9
Рац. 18:3Хъд 7:29
Рац. 18:3Рц 2:22
Рац. 18:41Аз 23:15
Рац. 18:4Рц 2:15; 2Кр 1:10
Рац. 18:5Рц 19:2; 1Пд 19:8
Рац. 18:6Рц 4:18; Нм 10:29
Рац. 18:7Рд 33:3; 2См 14:33; Ро 12:10
Рац. 18:8Рц 7:3; 14:28; Д.з 4:34; Не 9:10
Рац. 18:8Рц 15:22; 16:3; Нм 20:14
Рац. 18:8Пс 81:7; 102:2; Дан 3:29
Рац. 18:9Д.з 33:29; Ро 15:10
Рац. 18:10Рд 14:20; Лк 1:68
Рац. 18:11Рц 15:11; 2Аз 2:5; Пс 95:3; 97:9; Дан 2:47
Рац. 18:12Мл 1:11
Рац. 18:12Рд 31:54
Рац. 18:13Мф 23:2
Рац. 18:15Рц 20:19; Нм 12:8; 27:5
Рац. 18:16Рц 24:14; Д.з 17:8; 1Кр 6:1
Рац. 18:16Д.з 4:5; 5:1; 6:1
Рац. 18:18Нм 11:11
Рац. 18:18Нм 11:14; Д.з 1:9; Хъд 6:2
Рац. 18:19Рц 18:24; Ӕм 9:9
Рац. 18:19ЙсН 1:17
Рац. 18:19Рц 20:19; Д.з 5:5
Рац. 18:19Нм 27:5
Рац. 18:20Д.з 7:11; Не 9:14; Мч 10:3
Рац. 18:201См 12:23; Пс 32:8; Ис 30:21; Йер 42:3; Мх 4:2
Рац. 18:21Нм 11:17; Д.з 1:13; Хъд 6:3; 1Тм 3:2; Тит 1:9
Рац. 18:212Аз 6:31; 19:7; Иов 2:3; Ӕм 8:13
Рац. 18:21Йез 18:8; Дан 6:5; 1Фс 2:10; 1Тм 3:7; Тит 1:7
Рац. 18:21Рц 23:8; Хъд 20:33; 1Тм 3:3; 1Пт 5:2
Рац. 18:21Нм 10:4
Рац. 18:21Д.з 1:15; Хъд 14:23; Тит 1:5
Рац. 18:22Лв 24:11; Нм 15:33; Д.з 1:17
Рац. 18:22Нм 11:17
Рац. 18:23Ӕм 11:14
Рац. 18:24Ӕм 12:15
Рац. 18:25Хъд 6:5
Рац. 18:26Хъд 15:2
Рац. 18:27Нм 10:29
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Рацыд 18:1–27

Рацыд

18 Моисейы каис+, Мадиамы сауджын Иофор, фехъуыста, Хуыцау Моисейӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, Йегъовӕ Израилы Египетӕй куыд ракодта, уый тыххӕй+.2 Ӕмӕ Иофор, Моисейы каис, йемӕ акодта Моисейӕн йӕ усы, Сепфорӕйы,– Моисей йӕ уый размӕ арвыста йӕ цӕгатмӕ,– 3 ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты+. Сӕ иуы Моисей схуыдта Гирсон*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз дӕн ӕрцӕуӕггаг ӕцӕгӕлон зӕххыл». 4 Иннӕйы та схуыдта Елиезер*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Мӕ фыды Хуыцау у ме ’ххуысгӕнӕг, уый мӕ фервӕзын кодта фараоны хъамайӕ»+.

5 Гъемӕ Моисейы каис Иофор Моисейӕн йӕ фырттимӕ ӕмӕ йӕ усимӕ ӕрцыд Моисеймӕ, ӕдзӕрӕг быдыры сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уырдӕм, ӕцӕг Хуыцауы хохы размӕ+. 6 Ӕмӕ йӕм фӕхабар кодта: «Дӕ каис Иофор+ дӕм ӕрцыд. Дӕ ус дӕр йӕ дыууӕ лӕппуимӕ мемӕ ис». 7 Ӕмӕ Моисей уайтагъд йӕ каисы размӕ рацыд, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын апъа кодта+. Стӕй иу иннӕйы афарста, куыд дӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ цатырмӕ бацыдысты.

8 Ӕмӕ Моисей йӕ каисӕн радзырдта, Йегъовӕ израилӕгты тыххӕй фараонӕн ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр цы бакодта+, стӕй фӕндагыл цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой+, фӕлӕ сӕ Йегъовӕ куыд ирвӕзын кодта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй+. 9 Ӕмӕ Иофор фӕцин кодта, Йегъовӕ израилӕгтӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, египетӕгты къухӕй сӕ куыд фервӕзын кодта, ууыл+. 10 Ӕмӕ загъта: «Табу Йегъовӕйӕн, сымах египетӕгты къухӕй ӕмӕ фараоны къухӕй чи фервӕзын кодта, йӕ адӕмы Египеты цагъарадӕй чи ссӕрибар кодта, уыцы Хуыцауӕн+. 11 Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ ӕппӕт хуыцӕуттӕй дӕр уӕлдӕр кӕй у+. Уый рабӕрӕг, египетӕгтӕ сӕ фырсӕрбӕрзондӕй израилӕгты ныхмӕ куы цыдысты, уӕд». 12 Уый фӕстӕ Моисейы каис Иофор Хуыцауӕн ӕрхаста судзинаг нывонд ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ дӕр+. Ӕмӕ Аарон ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты, цӕмӕй Моисейы каисимӕ ӕцӕг Хуыцауы раз къӕбӕр бахордтаиккой+.

13 Дыккаг бон та Моисей иннӕ бонтау ӕрбадт адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕвзарынмӕ+, ӕмӕ адӕм райсомӕй изӕрмӕ лӕууыдысты йӕ разы. 14 Моисей адӕмимӕ куыд архайы, уый йӕ каис куы федта, уӕд ын загъта: «Уый адӕмӕн цы кусыс? Иунӕгӕй цӕмӕн бадыс, ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕм райсомӕй изӕрмӕ дӕ разы цӕмӕн лӕууынц?» 15 Моисей йӕ каисӕн загъта: «Адӕм мӕм цӕуынц, цӕмӕй Хуыцауы бафӕрсой+. 16 Исты хабар сӕм куы рауайы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц+, ӕмӕ ӕз се ’хсӕн тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕууын ӕмӕ сын ӕцӕг Хуыцауы уынаффӕтӕ ӕмӕ закъӕттӕ фехъусын кӕнын»+.

17 Ӕмӕ уӕд Моисейӕн йӕ каис загъта: «Нӕ, хорз нӕ кӕныс. 18 Дӕхи дӕр ӕмӕ ацы адӕмы дӕр тухӕнӕй амардзынӕ, уымӕн ӕмӕ дын ацы хъуыддаг ӕгӕр уӕззау уаргъ у+. Иунӕгӕй ницы бакӕндзынӕ+. 19 Байхъус мӕм+. Иу уынаффӕ дын ратдзынӕн, ӕмӕ Хуыцау уыдзӕни демӕ+. Адӕмӕн ӕцӕг Хуыцауы раз лӕуу минӕварӕй+ ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ӕцӕг Хуыцауы размӕ хӕсс+. 20 Амон сын уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+. Стӕй сын ӕмбарын кӕн, цы фӕндагыл хъуамӕ цӕуой ӕмӕ цы хъуамӕ аразой, уый+. 21 Фӕлӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕнӕй равзар фӕлтӕрд лӕгты+, Хуыцауӕй чи тӕрсы+, ӕууӕнкджын чи у+ ӕмӕ хи пайда чи нӕ агуры+, ахӕмты. Ӕмӕ сӕ сӕвӕр адӕмы сӕргъы: кӕй мин адӕймаджы сӕргъы+, кӕй сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дӕс адӕймаджы сӕргъы+. 22 Ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд уыдон ӕвзардзысты адӕмы хъуыддӕгтӕ. Исты стыр хъуыддаг сӕм куы уа, уӕд-иу сӕ дӕумӕ ӕрбарвитдзысты+, гыццыл хъуыддӕгтӕ та сӕхӕдӕг ӕвзардзысты. Уыдон уыцы уаргъ хӕсдзысты демӕ ӕмӕ дын ӕнцондӕр уыдзӕни+. 23 Афтӕ куы бакӕнай,– ӕмӕ дын кӕд Хуыцау дӕр афтӕ зӕгъа,– уӕд дын уыцы хъуыддаг рауайдзӕн, ӕмӕ ацы адӕм дӕр иууылдӕр сӕхимӕ фарнимӕ аздӕхдзысты»+.

24 Моисей дӕр байхъуыста йӕ каисмӕ ӕмӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта+. 25 Ӕгас Израилӕй равзӕрста фӕлтӕрд лӕгты ӕмӕ сӕ адӕмы сӕргъы сӕвӕрдта+: кӕй мин адӕймаджы сӕргъы, кӕй сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дӕс адӕймаджы сӕргъы. 26 Ӕмӕ-иу исты хъуыддаг равзарын куы хъуыди, уӕд-иу ӕй уыдон равзӕрстой. Стыр хъуыддӕгтӕ ӕрвыстой Моисеймӕ+, гыццыл хъуыддӕгтӕ та ӕвзӕрстой сӕхӕдӕг. 27 Уый фӕстӕ Моисей йӕ каисы+ ахизын кодта, ӕмӕ Иофор аздӕхт йӕ бӕстӕмӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын