Марчы
7 Уӕд ыл ӕрӕмбырд сты, Иерусалимӕй чи ӕрцыдис, уыцы фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕй чидӕртӕ+. 2 Уыдон федтой, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ кӕй хӕрынц чъизи, ома ӕнӕхсад, къухтӕй+,– 3 фарисейтӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фыдӕлты ӕгъдауыл фидар хӕцынц: цалынмӕ сӕ къухтӕ рӕмбыныкъӕдзты онг нӕ ныхсой, уӕдмӕ ницы бахӕрдзысты. 4 Стӕй базарӕй куы ’рбацӕуынц, уӕд дӕр нӕ бахӕрдзысты, цалынмӕ сӕхиуыл дон нӕ бапырх кӕной, уӕдмӕ, ома, дам, нӕхи сыгъдӕг кӕнӕм. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл+ хӕцынц фидар, зӕгъӕм, къустӕ, дурынтӕ ӕмӕ ӕрхуы мигӕнӕнтӕ+ доны атулынц. 5 Гъемӕ йӕ уыцы фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдауыл цӕуылнӕ хӕцынц, хӕринагмӕ чъизи къухӕй цӕмӕн ӕвналынц?»+ 6 Йесо сын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, пехуымпар Исай сымах тыххӕй рӕстытӕ ныффыста+: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй+. 7 Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“+. 8 Сымах Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ницӕмӕ дарут, адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл та фидар хӕцут»+.
9 Ӕмӕ ма сын загъта: «Хорз ӕфсӕнттӕ ссарут, цӕмӕй уе ’гъдӕутты тыххӕй Хуыцауы фӕдзӕхстыты+ сӕрты ахизат. 10 Цӕвиттон, Моисей загъта: „Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады нымай“+, стӕй ма: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады чи ӕфхӕры*, уый хъуамӕ амӕла“+. 11 Сымах та фӕзӕгъут: „Адӕймаг йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ куы зӕгъа, зӕгъгӕ дӕм мӕнӕй цы ’мбӕлди, уый хъуырман+ у (ома Хуыцауӕн нывонд+)...“ 12 Ӕмӕ уымӕй уыцы адӕймагӕн фадат нал дӕттут, цӕмӕй йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн хорзӕй исты сараза+. 13 Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас уӕхи ӕвӕрд ӕгъдӕуттӕй баивтат+. Ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр ахӕм митӕ кӕнут»+. 14 Стӕй та ногӕй адӕммӕ йӕхимӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Уе ’ппӕт дӕр мӕм байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут+. 15 Ницы ис ахӕмӕй, адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ цы ныццӕуа ӕмӕ йӕ цы счъизи кӕна. Адӕймаджы чъизи кӕны, йӕ хуылфӕй цы ссӕуы, уый»+. 16* ––
17 Адӕмӕй куы фӕхибар ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы фӕсномыг ныхасӕй бафарстой, куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ+. 18 Уый сын загъта: «Ау, сымах дӕр ӕй уыдонау не ’мбарут?+ Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ цы ныццӕуы, уыдӕттӕй йӕ кӕй ницы счъизи кӕны? 19 Уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ ныццӕуы, фӕлӕ йӕ гуыбынмӕ, стӕй та рацӕуы ӕддӕмӕ»+. Уыцы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, алы хӕринаг дӕр сыгъдӕг кӕй у+. 20 Уый фӕстӕ ма загъта: «Адӕймагӕн йӕ хуылфӕй цы ссӕуы, чъизи дӕр ӕй уый кӕны+, 21 уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ хуылфӕй, сӕ зӕрдӕтӕй+, цӕуынц ӕвзӕр хъуыдытӕ, ӕмӕ уыцы ӕвзӕр хъуыдыты тыххӕй райдайынц хӕтын*+, давын, марын+, 22 цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ бӕллын+, фыдхъуыддӕгтӕ аразын, сайын, хӕлд митӕ кӕнын*+, хӕлӕгдзӕстӕй кӕсын, фауӕн ныхӕстӕ кӕнын, ссӕрбӕрзонд вӕййынц, ӕнӕзонд митӕ фӕкӕнынц. 23 Ӕппӕт ацы ӕвзӕрдзинӕдтӕ цӕуынц адӕймагӕн йӕ хуылфӕй ӕмӕ йӕ чъизи кӕнынц»+.
24 Уырдыгӕй араст Тир ӕмӕ Сидоны ’рдӕм+. Уым бацыд иу хӕдзармӕ. Ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, уым кӕй ис, уый цӕмӕй исчи базыдтаид, фӕлӕ йӕ уӕддӕр базыдтой+. 25 Йесойы тыххӕй фехъуыста, йӕ гыццыл чызджы дӕлимон уӕгъд кӕмӕн нӕ уагъта, иу ахӕм сылгоймаг, ӕмӕ йӕм уайтагъд ӕрбацыд ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд+. 26 Сылгоймаг йӕхӕдӕг уыди грекъаг, цӕргӕ та кодта Сирийы, Финикийы. Ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, мӕ чызджы мын хӕйрӕгӕй фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ+. 27 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Фыццаг уал хъуамӕ сывӕллӕттӕ бафсӕдой. Сӕ къӕбӕр сын сӕ дзыхӕй ратонай+ ӕмӕ йӕ къӕбылатӕн аппарай, уый раст нӕу»+. 28 Сылгоймаг та йын загъта: «Уый афтӕ у, Хицау. Фӕлӕ къӕбылатӕ дӕр фынджы бын фӕхӕрынц, сывӕллӕттӕй цы муртӕ+ ӕрхауы, уыдон»+. 29 Уӕд ын Йесо загъта: «Афтӕ кӕй загътай, уымӕ гӕсгӕ ацу, хӕйрӕг дын дӕ чызджы ныууагъта»+. 30 Сылгоймаг сӕхимӕ ацыд ӕмӕ йӕ сывӕллоны баййӕфта+ хуыссӕныл хуысгӕ – хӕйрӕг ӕй ныууагъта.
31 Тиры бӕстӕй куы здӕхт, уӕд йӕ фӕндаг акодта Сидоныл, ӕрцыд Галилейӕйы денджызы ’рдӕм, уый фӕстӕ та ахызт Дӕссахары бӕстӕйыл+. 32 Уым ӕм ӕрбакодтой, къуырма чи уыд, стӕй дзургӕ дӕр дзӕбӕх чи нӕ кодта, ахӕм адӕймаджы ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтой, дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, зӕгъгӕ+. 33 Уӕд ӕй Йесо адӕмӕй иуварс акодта, йе ’нгуылдзтӕ йын йӕ хъусты бавӕрдта, ӕрту кодта ӕмӕ йын йе ’взагыл андзӕвыд+. 34 Уый фӕстӕ арвмӕ скаст+, арф ныуулӕфыд+ ӕмӕ йын загъта: «Еффафа», ома: «Байгом у». 35 Ӕмӕ уӕд йӕ хъустӕ байгом сты+, сыхӕлдысты йе ’взаджы бӕттӕнтӕ, ӕмӕ дзӕбӕх дзурын райдыдта. 36 Йесо сын ныффӕдзӕхста, цӕмӕй макӕмӕн мацы зӕгъой+. Фӕлӕ сӕ цас фылдӕр фӕдзӕхста, уыйас тынгдӕр хъусын кодтой уыцы хабар+. 37 Сӕ дисӕн кӕрон нал уыди+, ӕмӕ дзырдтой: «Цыдӕриддӕр аразы, уымӕ аипп ӕрхӕссӕн нӕй. Суанг ма къуырматы дӕр хъусынхъом кӕны, ӕгомыгты та – дзурынхъом»+.