2 Азфыстыты
20 Уый фӕстӕ Моавы+ фырттӕ, Аммоны+ фырттӕ ӕмӕ маонимӕгтӕ+ Иосафаты ныхмӕ рацыдысты+. 2 Ӕмӕ адӕм Иосафатмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Денджызы ’рдыгӕй*, Едомӕй+, дӕ ныхмӕ дуне адӕм ӕрбацӕуы. Хацацон-Фамармӕ, Ен-Гедимӕ+, ӕрбахӕццӕ сты». 3 Иосафат уый куы фехъуыста, уӕд дзы тас бацыд+ ӕмӕ йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйы бацагурон+, зӕгъгӕ. Гъемӕ Иудӕйы адӕмӕн фехъусын кодта, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ком дардтаиккой+. 4 Ӕмӕ Иудӕйы адӕм ӕрӕмбырд сты Йегъовӕйы бафӕрсынмӕ+. Йегъовӕимӕ бауынаффӕ кӕнынмӕ ӕрцыдысты Иудӕйы ӕппӕт горӕттӕй дӕр+.
5 Уӕд Иосафат слӕууыд Йегъовӕйы хӕдзары+ ног кӕрты раз+ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы адӕмы акомкоммӕ 6 ӕмӕ скуывта+:
«О Йегъовӕ, нӕ фыдӕлты Хуыцау!+ Ды нӕ дӕ Хуыцау уӕлӕрвты+ ӕмӕ адӕмты паддзахӕдтӕ иууылдӕр дӕ дӕлбар не сты+, тых ӕмӕ хъомыс дӕ къухы нӕй? Чи фӕлӕудзӕн дӕ ныхмӕ?+ 7 О нӕ+ Хуыцау, ацы зӕххы цӕрджыты дӕ адӕм Израилы разӕй ды нӕ фӕсырдтай+ ӕмӕ йӕ Авраамы байзӕддӕгтӕн, чи дӕ уарзта+, уый байзӕддӕгтӕн, ӕнустӕм нӕ радтай?+ 8 Уыдон ӕрцардысты ацы зӕххыл ӕмӕ йыл дӕ номыл кувӕндон сарӕзтой+. Уыдон загътой: 9 „Исты бӕллӕх ныл куы ’рцӕуа+, хъамайы азар кӕнӕ нӕ карз тӕрхон куы баййафа, фыдниз+ ныл куы сыста кӕнӕ ӕххормаг заман+ куы скӕна, уӕд ацы хӕдзары раз ӕмӕ дӕ разы ӕрлӕудзыстӕм+,– уымӕн ӕмӕ ацы хӕдзары дӕ ном+ ис,– ӕмӕ дӕм зын сахат ӕххуысмӕ сдзыназдзыстӕм, ӕмӕ-иу нӕ ды фехъус ӕмӕ-иу нӕ фервӕзын кӕн“+. 10 Фӕлӕ-ма ныр ӕркӕс, Аммоны+ ӕмӕ Моавы+ фырттӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты+ цӕрджытӕ цы кусынц, уымӕ. Ды израилӕгты нӕ бауагътай, цӕмӕй сӕм бабырстаиккой, Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд, ӕмӕ уыдон дӕр сӕ иувӕрсты ацыдысты ӕмӕ сӕ нӕ ныццагътой+. 11 Ӕмӕ нын ныр нӕ хорздзинад мӕнӕ цӕмӕй фидынц+: ӕрцыдысты, цӕмӕй нӕ дӕ зӕххӕй, махӕн кӕй радтай, уыцы зӕххӕй фӕсурой+. 12 О нӕ Хуыцау, дӕ фыдӕх сыл нӕ ныккалдзынӕ?+ Махмӕ нӕй уыцы тых, цӕмӕй нӕм цы дуне адӕм ӕрбабырсы, уыдоны ныхмӕ фӕлӕууӕм+. Мах нӕ зонӕм, цы кӕнӕм+, уый, фӕлӕ нӕ каст дӕумӕ у»+.
13 Уыцы рӕстӕг та Иудӕйы адӕм иууылдӕр, сӕ гыццыл сывӕллӕттӕ+ дӕр, сӕ устытӕ дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕ дӕр, лӕууыдысты Йегъовӕйы раз+.
14 Адӕмы ’хсӕн лӕууыд левит Иахазиил, Асафы+ фырттӕй. Иахазиил уыд Захарийы фырт, Захари – Ванейӕйы фырт, Ванейӕ – Йеиелы фырт, Йеиел – Матфанийы фырт. Ӕмӕ Иахазиилыл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, 15 ӕмӕ загъта: «Иудӕйы адӕм, Иерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ паддзах Иосафат, уе ’ппӕт дӕр байхъусут! Афтӕ уын зӕгъы Йегъовӕ: „Ацы бирӕ адӕмӕй ӕппындӕр ма тӕрсут+, уымӕн ӕмӕ ацы тох сымах тох нӕу, фӕлӕ Хуыцауы тох+. 16 Райсом сӕм ныццӕут ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕрлӕуут. Уыдон фӕцӕуынц Цицы ӕфцӕгыл, ӕмӕ сыл фембӕлдзыстут, Йеруилы ӕдзӕрӕг быдыры раз чи ис, уыцы дӕлвӕзы кӕрон. 17 Ацы хатт сымах нӕ хъӕудзӕн хӕцын+. Сымах уӕ бынӕтты слӕуут, ӕнцад лӕуут+ ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн+, уымӕ. Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы адӕм, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут+. Райсом сӕ ныхмӕ рацӕут, ӕмӕ Йегъовӕ уыдзӕн уемӕ“»+.
18 Иосафат уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ сӕрӕй зӕххы онг ныллӕг акуывта+, ӕмӕ Иудӕйы адӕм дӕр иууылдӕр ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ дӕр Йегъовӕйы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ Йегъовӕйӕн бакуывтой+. 19 Ӕмӕ уӕд левиттӕ+, Каафы фырттӕ+ ӕмӕ Корейы фырттӕ+, сыстадысты ӕмӕ нӕргӕ хъӕлӕсӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы кадджын кӕнын райдыдтой+.
20 Гъемӕ адӕм райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ Фекойӕйы+ дӕлвӕзмӕ рацыдысты+. Ӕмӕ куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ!+ Уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл ӕууӕндут+, ӕмӕ бирӕ цӕрат. Ӕууӕндут ын йӕ пехуымпартыл+, ӕмӕ уыдзыстут ӕнтыстджын».
21 Уый фӕстӕ адӕмимӕ бауынаффӕ кодта+ ӕмӕ Йегъовӕйы зарӕггӕнджыты+ ӕмӕ, бӕрӕгбоны сыгъдӕг дарӕсы+ Хуыцауы чи кадджын кодта+, уыдоны слӕууын кодта, цӕмӕй цыдаиккой гӕрзифтонг хӕстонты+ разӕй ӕмӕ дзырдтаиккой: «Кадджын кӕнут Йегъовӕйы+, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт»+.
22 Ӕмӕ цины хъӕр кӕнын ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын куы райдыдтой, уӕд Йегъовӕ адӕмы бабадын кодта+ Аммоны ӕмӕ Моавы фыртты ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджыты размӕ, Иудӕмӕ чи ’рцыд, уыдоны размӕ, ӕмӕ уӕд кӕрӕдзи цӕгъдын райдыдтой+. 23 Аммоны ӕмӕ Моавы фырттӕ фесты Сеиры хӕхбӕсты+ цӕрджыты ныхмӕ, цӕмӕй сӕ сӕфты хай бакодтаиккой ӕмӕ сӕ ныццагътаиккой. Ӕмӕ, Сеиры цӕрджыты куы ныццагътой, уӕд та сӕ кӕрӕдзи райдыдтой цӕгъдын+.
24 Иудӕйы адӕм та бахӕццӕ сты, ӕдзӕрӕг быдыры+ цы хъахъхъӕнӕн мӕсыг уыд, уый онг. Ӕмӕ уыцы бирӕ адӕмы ’рдӕм куы акастысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ зӕххыл сӕ мӕрдтӕ+. Иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззад. 25 Уӕд Иосафат ӕмӕ йӕ адӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй сын сӕ мулк фӕхастаиккой+. Ӕмӕ сӕм дуне фӕллой, уӕлӕдарӕс ӕмӕ зынаргъ дзауматӕ ссардтой. Гъемӕ дзы сӕхицӕн уыйбӕрц ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ сӕ сӕ бон ахӕссын дӕр нӕ уыд+. Уыйбӕрц мулк дзы уыди, ӕмӕ йӕ ӕмбырд кодтой ӕртӕ боны. 26 Цыппӕрӕм бон та Берахӕйы дӕлвӕзы ӕрӕмбырд сты ӕмӕ уым Йегъовӕйӕн раарфӕ кодтой+. Уыцы бынат Берахӕйы* дӕлвӕз дӕр уымӕн схуыдтой+, ӕмӕ афтӕ хуыйны абоны онг дӕр.
27 Уый фӕстӕ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы адӕм иууылдӕр, Иосафат сӕ сӕргъы, афтӕмӕй Иерусалиммӕ цингӕнгӕйӕ аздӕхтысты, уымӕн ӕмӕ сын Йегъовӕ радта циндзинад – цин кодтой, се знӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз сты, ууыл+. 28 Ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ+, дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ+ ӕмӕ уадындзтимӕ+ ӕрцыдысты Иерусалиммӕ, Йегъовӕйы хӕдзармӕ+. 29 Йегъовӕ Израилы знӕгтимӕ куыд хӕцыд, уый зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр куы фехъуыстой, уӕд Хуыцауӕй+ старстысты+. 30 Ӕмӕ Иосафаты паддзахады уыди сабырдзинад, ӕмӕ йын Хуыцау дарддӕр дӕр алырдыгӕй ӕнцойдзинад лӕвӕрдта+.
31 Иосафат+ дарддӕр дӕр уыди Иудӕйы паддзах. Иосафат паддзах сси, ӕртын фондз азы йыл куы цыд, уӕд ӕмӕ дыууын фондз азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Азувӕ+, уыди Салаилы чызг. 32 Иосафат цыди йӕ фыд Асӕйы+ фӕндагыл ӕмӕ дзы иуварс нӕ ахызт – арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. 33 Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ+ баззадысты. Адӕм сӕ зӕрдӕ сӕ фыдӕлты Хуыцауы ’рдӕм нӕма сарӕзтой+.
34 Иосафаты иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй, фыст ис, Ананийы фырт+ Ииуй цы ныффыста+ ӕмӕ Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныгмӕ+ цы ’рцыд хаст, уым. 35 Иудӕйы паддзах Иосафат Израилы фыдгӕнӕг+ паддзах Охозиимӕ+ скодта бадзырд. 36 Йемӕ баныхас кодта, зӕгъгӕ, наутӕ араздзыстӕм, цӕмӕй Фарсисмӕ+ цӕуой, ӕмӕ Ецион-Гаверы+ иумӕ наутӕ аразын райдыдтой. 37 Фӕлӕ марешӕйаг Додавӕйы фырт Елиезер Иосафаты ныхмӕ загъта пехуымпар-ныхас: «Охозиимӕ бадзырд кӕй скодтай+, уый тыххӕй дын Йегъовӕ дӕ хъуыддаг фехалдзӕн»+. Ӕмӕ наутӕ ӕцӕгдӕр ныппырх сты+, ӕмӕ сын Фарсисмӕ ацӕуӕн нал уыди+.