Зарӕг, горӕтмӕ цӕугӕйӕ. Давиды псалом.
122 Сцин кодтон, афтӕ мын куы загътой+:
«Цом+ Йегъовӕйы хӕдзармӕ»+.
2 Мах бахызтыстӕм+ дӕ кулдуарыл
Ӕмӕ уым лӕууыдыстӕм, о Иерусалим+.
3 Иерусалим арӕзт у горӕты хуызӕн+,
Йӕ мидӕг ӕппӕт дӕр у кӕрӕдзийыл баст+.
4 Уырдӕм ссӕуынц
Йагъы мыггӕгтӕ+,–
Израилӕн загъд куыд уыди, афтӕ+,–
Цӕмӕй кадджын кӕной Йегъовӕйы ном+.
5 Уым лӕууынц тӕрхоны бадӕнтӕ+,
Давиды хӕдзарвӕндаджы паддзахбадӕнтӕ+.
6 Курут фарн Иерусалимӕн!+
О горӕт, чи дӕ уарзы, уыдон цӕрдзысты ӕдасӕй+.
7 Фарн уӕд дӕ фидар къулты мидӕг+,
Ӕдас цард – дӕ мӕсгуыты+.
8 Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ ме ’мбӕлтты сӕраппонд дзурдзынӕн+:
«Фарн уӕд ацы бынаты!»+
9 Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзары сӕраппонд+
Кувдзынӕн дӕ хорздзинады тыххӕй+.