Соломоны зарӕг
6 «Цы фӕци дӕ уарзон, о сылгоймӕгты рӕсугъддӕр?+ Кӕдӕм ацыд дӕ уарзон? Мах дӕр ӕй демӕ бацагурӕм».
2 «Мӕ уарзон ацыд йӕ дыргъдонмӕ+, хӕрздӕфгӕнаг дидинӕгдонмӕ+, дыргъдӕтты йӕ дзуг хизынмӕ+ ӕмӕ лилитӕ ӕмбырд кӕнынмӕ. 3 Ӕз дӕн мӕ уарзоны, мӕ уарзон та у мӕн+. Уый йӕ дзуг хизы+ лилиты ’хсӕн».
4 «О мӕ хуры хай+, ды дӕ Удӕнцойы горӕтау+ рӕсугъд, Иерусалимау+ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, тырысаты раз чи ӕрӕмбырд+, уыцы ӕфсӕдтау тас ӕфтауыс+. 5 Дӕ цӕстытӕ азил+, ма мӕм кӕс. Куы мӕм ӕрбакӕсыс, уӕд мӕ зӕрдӕ пиллон арт фесты. Дӕ сӕрыхъуынтӕ сты, Галаадӕй гӕппытӕгӕнгӕ чи ӕрызгъоры, уыцы сӕгъты дзуджы хуызӕн+. 6 Дӕ дӕндӕгтӕ сты ногнад фысты дзуджы хуызӕн – алкӕцыйӕн дӕр дзы ис дыууӕ уӕрыччы, ӕмӕ дзы иуӕн дӕр йӕ уӕрыччытӕй нӕ фӕхъуыд+. 7 Дӕ кӕлмӕрзӕны бынӕй дӕ къӕмисӕнтӕ гранаты къӕрттытау ӕрттивынц+.8 Ис мын ӕхсай усы, паддзахы устытӕ, ӕмӕ ӕстай номылусы, стӕй ис бирӕ ӕндӕр чызджытӕ дӕр+, 9 фӕлӕ иунӕг у мӕ бӕлон+, мӕ ӕнӕфау уарзон+. Уый у йӕ мадӕн йӕ уарзон хъӕбул, йӕ ныййарӕгӕн – ӕнаипп чызг. Чызджытӕ йӕ федтой, ӕмӕ йӕ схуыдтой амондджын, федтой йӕ паддзахӕн йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ, ӕмӕ дзы ӕппӕлын райдыдтой+: 10 „Чи у уыцы сылгоймаг+, сӕуӕхсидау бӕрзондӕй чи кӕсы?+ Уый у дзаг мӕйау рӕсугъд+, цӕхӕркалгӕ хурау сыгъдӕг+, тырысаты раз чи ӕрӕмбырд, уыцы ӕфсӕдтау тас ӕфтауы“»+.
11 «Ӕз ацыдтӕн, ӕнгузбӕлӕстӕ кӕм зайы, уыцы дыргъдонмӕ+, зӕгъын, фенон, дӕлвӕзы бӕлӕстӕ ракъуыбыр кодтой+, сӕнӕфсир таутӕ рауагъта ӕмӕ гранатбӕлӕстӕ дидинӕг ракалдтой ӕви нӕ+. 12 Ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон, мӕ зӕрдӕ мӕ куыд ӕрбакодта мӕ зӕрдӕхӕлар адӕмы бӕхуӕрдӕтты цурмӕ».
13 «Раздӕх, суламитаг чызг, раздӕх! Раздӕх, раздӕх фӕстӕмӕ, ӕмӕ дын дӕ уындӕй бафсӕдӕм!»+
«Ахӕмӕй цы федтат суламитаг чызджы?»+
«Маханаимы* кафты хуызӕн цыдӕр!»