Райдиан
41 Уымӕй рацыд дыууӕ азы, ӕмӕ фараон фыны федта+, цыма лӕууы Нилы цӕугӕдоны был. 2 Ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ донӕй рацыд авд рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст хъуджы ӕмӕ Нилы был кӕрдӕгыл хизын райдыдтой+. 3 Сӕ фӕстӕ донӕй рацыд ӕндӕр авд хъуджы, уыдон та уыдысты фыдынд ӕмӕ мӕллӕг+. Ӕмӕ уыдон дӕр Нилы былыл иннӕ хъуццыты цур ӕрлӕууыдысты. 4 Стӕй фыдынд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой авд рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст хъуджы+. Ӕмӕ уӕд фараон фехъал+.
5 Фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ бафынӕй ӕмӕ та федта фын: иу мӕнӕуы зӕнгыл ӕрзад авд нӕрст ӕмӕ дзаг ӕфсиры+. 6 Уыдоны фӕстӕ та ӕрзади+, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд афтид ӕфсиры+. 7 Ӕмӕ афтид ӕфсиртӕ аныхъуырдтой авд нӕрст ӕмӕ нӕмыгӕй дзаг ӕфсиры+. Ӕмӕ уӕд фараон фехъал ӕмӕ бамбӕрста, фын кӕй уыди, уый.
8 Райсомӕй фараон йӕхицӕн ӕнцой нал ардта+. Ӕмӕ Египеты цыдӕриддӕр кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ+ ӕмӕ зондджын лӕгтӕ+ уыди, уыдоны ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта+. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци уыцы фынтӕ райхалын.
9 Ӕмӕ уӕд сӕндарты хистӕр фараонӕн+ загъта: «Абон мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты мӕ тӕригъӕдтӕ+. 10 Иухатт ды, о цытджын фараон, смӕсты дӕ дӕ лӕггадгӕнджытӕм+, ӕмӕ мӕн дӕр ӕмӕ дзулгӕнджыты хистӕры дӕр, хъахъхъӕнджыты хистӕры+ хӕдзары раз цы ахӕстон ис, уым бакодтай. 11 Ӕмӕ уым иу ӕхсӕв нӕ дыууӕ дӕр федтам фынтӕ. Нӕ фынтӕ уыдысты алыхуызон ӕмӕ сӕ нысаниуӕг дӕр уыди алыхуызон+. 12 Уым немӕ уыди иу ӕрыгон дзуттаг+ лӕппу, хъахъхъӕнджыты хистӕры лӕггадгӕнӕг+. Ӕмӕ йын нӕ фынтӕ куы радзырдтам+, уӕд нын сӕ райхӕлдта. Загъта нын, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ фын цы нысан кодта, уый. 13 Ӕмӕ нын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ рауад: мӕн фӕстӕмӕ мӕ бынаты сӕвӕрдтой+, дзулгӕнджыты хистӕры та ӕрцауыгътой»+.
14 Уӕд фараон Иосифмӕ арвыста+, цӕмӕй йӕ ахӕстонӕй ӕвӕстиатӕй ӕрбакодтаиккой+. Иосиф йӕхи адаста+, йӕ дзаумӕттӕ раивта+ ӕмӕ бацыд фараонмӕ. 15 Ӕмӕ йын фараон загъта: «Ӕз федтон фын, фӕлӕ йӕ никӕй бон у райхалын. Дӕу тыххӕй та афтӕ фехъуыстон, ӕмӕ дын адӕймаг йӕ фын куы радзура, уӕд ӕй дӕ бон кӕй у райхалын»+. 16 Иосиф ын дзуапп радта: «Ӕз та цы дӕн! Ӕз нӕ, фӕлӕ Хуыцау раргом кӕндзӕн фараонӕн уыцы фын, цӕмӕй йын хорз уа»+.
17 Ӕмӕ фараон Иосифӕн радзырдта: «Фыны Нилы цӕугӕдоны был фестадтӕн. 18 Ӕмӕ кӕсын, ӕмӕ донӕй рацыд авд хӕрзхаст ӕмӕ рӕсугъд хъуджы ӕмӕ Нилы был кӕрдӕгыл хизын райдыдтой+. 19 Сӕ фӕстӕ донӕй рацыд ӕндӕр авд хъуджы, уыдон та уыдысты мӕллӕг ӕмӕ фыдынд, царм ӕмӕ стджытӕ+. Ахӕм фыдынд хъуццытӕ ӕз Египеты зӕххыл никуы федтон. 20 Ӕмӕ мӕллӕг ӕмӕ фыдынд хъуццытӕ бахордтой авд хӕрзхаст хъуджы+. 21 Ӕмӕ сӕ кӕд бахордтой, уӕддӕр сыл никӕцырдыгӕй фӕзынд – куыд фыдынд ӕмӕ куыд мӕллӕг уыдысты, афтӕ баззадысты+. Ӕмӕ уӕд фехъал дӕн.
22 Уый фӕстӕ та фыны федтон, цыма иу мӕнӕуы зӕнгыл ӕрзад авд нӕрст ӕмӕ дзаг ӕфсиры+. 23 Стӕй та ӕндӕр зӕнгыл ӕрзад, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд афтид ӕмӕ хус ӕфсиры+. 24 Ӕмӕ хус ӕфсиртӕ аныхъуырдтой авд нӕрст ӕфсиры+. Ӕмӕ мӕ фынтӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн радзырдтон+, фӕлӕ сӕ уыдонӕй никӕй бон баци райхалын»+.
25 Ӕмӕ уӕд Иосиф фараонӕн загъта: «Фараоны фынтӕн сӕ нысаниуӕг иу у. Ӕцӕг Хуыцау фараонӕн раргом кодта, цы саразинаг у, уый+. 26 Авд хӕрзхаст хъуджы сты авд азы. Ӕмӕ авд нӕрст ӕфсиры дӕр сты авд азы. Фараоны фынтӕн сӕ нысаниуӕг иу у. 27 Хӕрзхаст хъуццыты фӕстӕ цы авд мӕллӕг ӕмӕ фыдынд хъуджы рацыд, уыдон дӕр сты авд азы. Скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта+, уыцы авд афтид ӕфсиры сты авд ӕххормаг азы+. 28 Ӕмӕ ӕз дӕр уый дзырдтон фараонӕн: ӕцӕг Хуыцау фараонӕн равдыста, цы саразинаг у, уый+.
29 Ӕнӕхъӕн Египеты авд азы зӕхх дӕтдзӕн тынг хъӕздыг тыллӕг. 30 Фӕлӕ уый фӕстӕ ралӕудзысты авд ӕххормаг азы, ӕмӕ Египеты зӕххыл ферох кӕндзысты, цы хъӕздыг тыллӕг истой, уый, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр сыдӕй мӕлдзысты+. 31 Ахӕм ӕххормаг рӕстӕг скӕндзӕн, ӕмӕ, раздӕр хъӕздыг тыллӕг кӕй уыд, уый зынгӕ дӕр никӕцӕйуал кӕндзӕн. 32 Фараон фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау уыцы хъуыддаг фидарӕй аскъуыддзаг кодта+ ӕмӕ йӕ тагъд рӕстӕджы кӕнгӕ дӕр бакӕндзӕн+.
33 Уӕдӕ фараон ссарӕд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын адӕймаджы ӕмӕ йӕ сӕвӕрӕд ӕгас Египеты сӕргъы+. 34 Ӕмӕ фараон бакӕнӕд афтӕ: ӕгас Египеты зӕххыл дӕр сӕвӕрӕд цӕстдарджытӕ+, ӕмӕ, хъӕздыг тыллӕг цы авд азы уа, уыцы авд азы ӕмбырд кӕнӕнт тыллӕгӕй фӕндзӕм хай+. 35 Уыцы тыллӕгджын азты хор ӕмбырд кӕнӕнт ӕмӕ йӕ горӕтты ӕфснайӕнт+, фараоны къухы куыд уа, афтӕ. 36 Уыцы ӕвӕрӕнтӕ уыдзысты, Египеты зӕххыл авд ӕххормаг азы куы скӕной, уӕдмӕ+, цӕмӕй адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр ӕххормагӕй ма сыскъуыйой»+.
37 Уыцы ныхӕстӕ фараонӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты+. 38 Ӕмӕ фараон йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Ацы адӕймаг хайджын у Хуыцауы тыхӕй*. Ӕмӕ ма ахӕм лӕджы искуы ссардзыстӕм?»+ 39 Уый фӕстӕ фараон Иосифӕн загъта: «Иугӕр Хуыцау ӕппӕт уыдӕттӕ дӕуӕн раргом кодта+, уӕд дӕу хуызӕн ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын ӕндӕр нӕй+. 40 Дӕу ӕвӕрын мӕ хӕдзары сӕргъы+, ӕмӕ мӕ адӕм иууылдӕр хъусдзысты дӕ алы ныхасмӕ дӕр+. Паддзахбадӕныл кӕй бадын, ӕрмӕстдӕр уымӕй уыдзынӕн ӕз дӕуӕй уӕлдӕр»+. 41 Ӕмӕ ма фараон йӕ ныхасмӕ ноджыдӕр бафтыдта: «Ӕз дӕ ӕвӕрын ӕгас Египеты сӕргъы»+. 42 Ӕмӕ фараон йӕ къухӕй раласта, мыхуыримӕ йыл цы къухдарӕн+ уыди, уый, ӕмӕ йӕ Иосифы къухыл бакодта, скодта йыл ӕппӕты хуыздӕр хъуымацӕй хуыд дзаумӕттӕ ӕмӕ йын йӕ хъуырыл ӕрцауыгъта сызгъӕрин рӕхыс+. 43 Стӕй бардзырд радта, цӕмӕй йӕ ласой паддзахы дыккаг бӕхуӕрдоныл ӕмӕ йӕ адӕм кадджын кӕной+ ӕмӕ хъӕр кӕной: «Аврех!*» Афтӕ фараон Иосифы сӕвӕрдта ӕгас Египеты сӕргъы.
44 Стӕй фараон Иосифӕн загъта: «Ӕз фараон дӕн, фӕлӕ ӕнӕ дӕу бафӕрсгӕйӕ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр йӕ къух дӕр ӕмӕ йӕ къах дӕр ничи фезмӕлын кӕндзӕн»+. 45 Уый фӕстӕ фараон Иосифы схуыдта Цафнаф-Панеах* ӕмӕ йын радта Асенефӕйы+ – горӕт Оны+ дзуарылӕг Потиферы чызджы. Ӕмӕ Иосиф араст, цӕмӕй Египеты зӕххыл ӕрзылдаид+. 46 Иосиф фараоны раз, Египеты паддзахы раз, куы ’рлӕууыд, уӕд ыл цыди ӕртын азы+.
Гъемӕ Иосиф фараонӕй рацыд ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл ӕрзылд. 47 Авд тыллӕгджын азы зӕхх лӕвӕрдта хъӕздыг тыллӕг+. 48 Ӕмӕ Египеты зӕхх уыцы авд азы цы тыллӕг лӕвӕрдта, уый Иосиф ӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ горӕтты ӕфснайдта+. Алы горӕты дӕр ӕфснайдта, йӕ алыварс быдыртӕй цы тыллӕг истой, уый+. 49 Ӕмӕ Иосиф ӕрӕмбырд кодта тынг бирӕ хор+, денджызы был змис цас ис, раст уыйбӕрц, ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ нымайгӕ дӕр нал кодтой, уымӕн ӕмӕ йын нӕ уыди банымайӕн+.
50 Цалынмӕ ӕххормаг рӕстӕг не скодта, уӕдмӕ Иосифӕн Асенефӕ, горӕт Оны дзуарылӕг Потиферы чызг, ныййардта дыууӕ фырты+. 51 Ӕмӕ Иосиф йӕ хистӕр фырты схуыдта Манасси*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Хуыцау мын ферох кӕнын кодта мӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр»+. 52 Йӕ дыккаг фырты та схуыдта Ефрем*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Бирӕ мӕстытӕ кӕм бавзӕрстон, уыцы зӕххыл мын Хуыцау радта зӕнӕг»+.
53 Уӕдмӕ фесты, Египеты зӕхх хъӕздыг тыллӕг куы лӕвӕрдта, уыцы авд азы+. 54 Ӕмӕ, Иосиф куыддӕриддӕр загъта, афтӕ райдыдтой авд ӕххормаг азы+. Ӕппӕт бӕстӕты дӕр скодта ӕххормаг рӕстӕг, Египеты та уыди хойраг+. 55 Фӕлӕ ӕнӕхъӕн Египеты дӕр куы ницыуал уыди бахӕринаг, уӕд адӕм фараонӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой, хойраг нын ратт, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ фараон египетӕгтӕн загъта: «Ацӕут Иосифмӕ, ӕмӕ уын уый куыд зӕгъа, афтӕ кӕнут»+. 56 Уӕдмӕ ӕххормаг рӕстӕг скодта ӕгас зӕххы цъарыл дӕр+. Ӕмӕ уӕд Иосиф байгом кодта, цыдӕриддӕр сӕм хордӕттӕ уыди, уыдон, ӕмӕ египетӕгтӕн хор уӕй кӕнын райдыдта+, уымӕн ӕмӕ Египеты тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта. 57 Ӕмӕ Египетмӕ Иосифӕй хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕтӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг+.