Райдиан
35 Уый фӕстӕ Хуыцау Иаковӕн загъта: «Сыст, ацу Вефилмӕ ӕмӕ уым цӕр+. Ӕмӕ уым сараз нывондхӕссӕн ӕцӕг Хуыцауӕн, де ’фсымӕр Исавӕй куы лыгътӕ, уӕд дӕм чи фӕзынд, уыцы Хуыцауӕн»+.
2 Уӕд Иаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Цыдӕриддӕр уӕм ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдон фесафут+, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ уӕлӕдарӕс раивут+. 3 Хъуамӕ Вефилмӕ ацӕуӕм. Уым ӕз хъуамӕ саразон нывондхӕссӕн ӕцӕг Хуыцауӕн, мӕ тыхсты сахат мӕ чи фехъуыста+ ӕмӕ алкӕддӕр мемӕ чи уыди, уыцы Хуыцауӕн»+. 4 Гъемӕ сӕм цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ+ уыди ӕмӕ сӕ хъустыл цы хъусцӕджытӕ уыди, уыдон иууылдӕр Иаковмӕ радтой, ӕмӕ сӕ уый Сихеммӕ хӕстӕг стыр бӕласы бын баныгӕдта+.
5 Ӕмӕ уый фӕстӕ араст сты сӕ фӕндагыл. Сӕ алыварс горӕтты цы адӕм цард, уыдоныл та Хуыцау стыр тас бафтыдта+, ӕмӕ Иаковы фыртты фӕстейӕ ничи расырдта. 6 Гъемӕ Иаков, йемӕ чи уыди, уыдонимӕ бахӕццӕ Лузмӕ+, ома Вефилмӕ,– уый ис Ханааны зӕххыл. 7 Ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Ел-Вефил*, уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы лыгъд, уӕд ӕм уым фӕзынд ӕцӕг Хуыцау+. 8 Цасдӕры фӕстӕ амард Ревеккӕйы хъомылгӕнӕг сылгоймаг Деворӕ+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Вефилмӕ хӕстӕг стыр бӕласы бын. Уыцы бӕлас Иаков уый тыххӕй схуыдта Аллон-Бакут* дӕр.
9 Иаков Паддан-Арамӕй+ фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд та йӕм Хуыцау ногӕй фӕзынд ӕмӕ йын раарфӕ кодта+. 10 Хуыцау Иаковӕн загъта: «Дӕ ном у Иаков+. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Иаков нал уыдзӕн – дӕ ном уыдзӕн Израил». Ӕмӕ йӕ схуыдта Израил+. 11 Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау+. Дӕ байзӕддӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнӕнт ӕмӕ сбирӕ уӕнт. Дӕуӕй рацӕудзӕн адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр+. 12 Ӕмӕ Авраамӕн ӕмӕ Исахъӕн цы зӕхх радтон+, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн+». 13 Уый фӕстӕ Хуыцау, Иаковимӕ кӕм ныхас кодта, уырдыгӕй ацыд+.
14 Ӕмӕ Хуыцау йемӕ кӕм ныхас кодта, уым+ Иаков зӕххы нысанӕн ӕрсагъта дур ӕмӕ йыл рауагъта кувинаг нозт ӕмӕ сой+. 15 Хуыцау йемӕ кӕм ныхас кодта, уыцы бынат Иаков схуыдта Вефил+.
16 Уый фӕстӕ Вефилӕй рацыдысты ӕмӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой. Ӕмӕ сӕ Ефрафӕмӕ+ нырма дзӕвгар хъуыди, афтӕ Рахилӕн ӕрцыд йӕ арыны афон. Фӕлӕ йӕ сывӕллон тынг зынтӕй гуырди+. 17 Ӕмӕ куы тухӕн кодта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг загъта: «Ма тӕрс, ай дӕр дын лӕппу у»+. 18 Рахил мӕлӕты къахыл ныллӕууыд+, ӕмӕ куы мард*+, уӕд лӕппуйы схуыдта Бенони*. Фӕлӕ йӕ йӕ фыд та схуыдта Вениамин*+. 19 Афтӕ Рахил амард Ефрафӕмӕ, ома Вифлееммӕ, фӕндагыл ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой+. 20 Ӕмӕ йын Иаков йӕ ингӕныл сӕвӕрдта цырт. Уыцы цырт Рахилы ингӕныл ис абоны онг дӕр+.
21 Уый фӕстӕ Израил уырдыгӕй дарддӕр ацыд ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Едеры мӕсыджы фале+. 22 Ӕмӕ Израил уыцы зӕххыл цатырты куы цард+, уӕд иу бон Рувим бацыд йӕ фыды номылус Валлӕмӕ ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Ӕмӕ Израил уыцы хабар базыдта+.
Иаковӕн уыди дыууадӕс фырты. 23 Йӕ хистӕр фырт Рувим+, стӕй Симеон, Леви, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ йын Завулон уыдысты Лийӕйӕ. 24 Рахилӕй та йын уыди Иосиф ӕмӕ Вениамин. 25 Дан ӕмӕ Неффалим та йын уыдысты Рахилы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕйӕ. 26 Ӕмӕ Гад ӕмӕ Асир та Лийӕйы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйӕ. Адон сты Иаковы фырттӕ, ӕмӕ йын райгуырдысты Паддан-Арамы.
27 Ӕппынфӕстаг Иаков ӕрцыд йӕ фыд Исахъмӕ Мамремӕ+, Кириаф-Арбӕмӕ+, ома Хевронмӕ, Авраам ӕмӕ Исахъ ӕрцӕуӕггӕгтӕй кӕм фӕцардысты, уырдӕм+. 28 Исахъ фӕцарди сӕдӕ ӕстай азы+. 29 Ӕмӕ амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй, ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдӕлтӕм баиу+. Бавӕрдтой йӕ йӕ фырттӕ Исав ӕмӕ Иаков+.