Райдиан
46 Гъемӕ Израил ӕмӕ, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыди, уыдон араст сты ӕмӕ ’рцыдысты Вирсавимӕ+. Ӕмӕ уым йӕ фыд Исахъы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ+. 2 Ӕмӕ йӕм уый фӕстӕ Хуыцау ӕхсӕвы цӕстылуайӕны фӕзынд ӕмӕ йӕм фӕдзырдта+: «Иаков, Иаков!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн»+. 3 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн ӕцӕг Хуыцау+, дӕ фыды Хуыцау+. Ма тӕрс, ацу Египетмӕ. Уым ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм+. 4 Ӕз мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ Египетмӕ, ӕмӕ дӕ уырдыгӕй дӕр фӕстӕмӕ мӕхӕдӕг ракӕндзынӕн+. Иосиф дын йӕхӕдӕг ӕрӕхгӕндзӕн дӕ цӕстытӕ»+.
5 Уый фӕстӕ Иаков Вирсавийӕ дарддӕр араст. Израилы, ома Иаковы фырттӕ сӕ фыды, сӕ сывӕллӕтты ӕмӕ сӕ устыты раластой, фараон ӕм цы уӕрдӕттӕ рарвыста, уыдоныл+. 6 Семӕ ратардтой, Ханааны зӕххыл цы фос скодтой, уыдон иууылдӕр ӕмӕ сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый дӕр рахастой+. Ӕппынфӕстаг Иаков ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕрхӕццӕ сты Египетмӕ. 7 Йемӕ Египетмӕ ӕркодта йӕ фыртты, йӕ фыртты фыртты, йӕ чызджыты ӕмӕ йӕ фыртты чызджыты – йӕ байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр+.
8 Адон сты, Израилы, ома Иаковы фырттӕй Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон+. Иаковӕн йӕ хистӕр фырт уыд Рувим+.
9 Рувимы фырттӕ уыдысты Ханох, Фаллу, Есром ӕмӕ Харми+.
10 Симеоны+ фырттӕ уыдысты Йемуил, Иамин, Огад, Иахин+, Цохар ӕмӕ Саул+ – уый йын уыд ханаайнаг сылгоймагӕй.
11 Левийы+ фырттӕ уыдысты Гирсон+, Кааф+ ӕмӕ Мерари+.
12 Иудӕйы+ фырттӕ уыдысты Ир+, Онан+, Шелӕ+, Фарес+ ӕмӕ Зара+. Фӕлӕ Ир ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл+.
Фаресы фырттӕ уыдысты Есром+ ӕмӕ Хамул+.
13 Иссахары+ фырттӕ уыдысты Фолӕ+, Фувӕ+, Иов ӕмӕ Шимрон+.
14 Завулоны+ фырттӕ уыдысты Серед, Елон ӕмӕ Иахлеил+.
15 Адон сты Лийӕйы+ фырттӕ, Иаковӕн Паддан-Арамы кӕй ныййардта, уыдон, уым ын ныййардта йӕ чызг Динӕйы+ дӕр. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртын ӕртӕ уды.
16 Гады+ фырттӕ уыдысты Цифион, Хагги, Шуни, Ецбон, Ери, Ароди ӕмӕ Арели+.
17 Асиры+ фырттӕ уыдысты Имнӕ, Ишвӕ, Ишви ӕмӕ Бери+. Уыди ма сын хо дӕр, Серах, зӕгъгӕ.
Берийы фырттӕ уыдысты Хевер ӕмӕ Малхиил+.
18 Адон сты, Лаван йӕ чызг Лийӕйӕн кӕй радта, уыцы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйы+ фырттӕ. Уыдоны ныййардта Зелфӕ Иаковӕн – ӕдӕппӕтӕй ӕхсӕрдӕс уды.
19 Иаковы ус Рахилы+ фырттӕ уыдысты Иосиф+ ӕмӕ Вениамин+.
20 Иосифӕн Египеты зӕххыл райгуырдысты Манасси+ ӕмӕ Ефрем*+. Ныййардта йын сӕ Асенефӕ+, горӕт Оны дзуарылӕг Потиферы чызг.
21 Вениамины фырттӕ уыдысты Белӕ+, Бехер+, Ашбел, Герӕ+, Нааман+, Ехи, Рош, Муппим+, Хуппим+ ӕмӕ Ард.
22 Адон сты Рахилы фырттӕ, Иаковӕн кӕй ныййардта, уыдон – ӕдӕппӕтӕй цыппӕрдӕс уды.
23 Даны+ фырттӕ уыдысты Хушим+...
24 Неффалимы+ фырттӕ уыдысты Иахцеил, Гуни+, Йецер ӕмӕ Шиллем+.
25 Адон сты, Лаван йӕ чызг Рахилӕн кӕй радта, уыцы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕйы+ цот. Уыдоны ныййардта Валлӕ Иаковӕн – ӕдӕппӕтӕй авд уды.
26 Иаковимӕ Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон иууылдӕр уыдысты йӕ байзӕддӕгтӕ+, йӕ чындзытӕй фӕстӕмӕ. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсай ӕхсӕз уды. 27 Иосифӕн та Египеты райгуырд дыууӕ фырты. Уӕдӕ Иаковы бинонтӕ, Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды*+.
28 Ӕмӕ Иаков Иудӕйы+ йӕ разӕй арвыста, зӕгъгӕ, Иосифӕн фӕхабар кӕн, Гесеммӕ кӕй фӕцӕуын. Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрцыдысты Гесеммӕ+. 29 Уӕд Иосиф йӕ бӕхуӕрдон арӕвдз кӕнын кодта ӕмӕ ацыд Гесеммӕ, йӕ фыд Израилы размӕ+. Ӕмӕ йӕ куыддӕр федта, афтӕ йыл ныттыхст ӕмӕ йын хъӕбыстӕ кодта ӕмӕ куыдта ӕмӕ куыдта+. 30 Ӕмӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ныр амӕлыныл дӕр разы дӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ федтон ӕмӕ йӕ зонын, ӕгас кӕй дӕ».
31 Уӕд Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕн загъта: «Ӕз ацӕудзынӕн ӕмӕ фараонӕн фӕхабар кӕндзынӕн+: „Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕм мӕ фыды хӕдзаронтӕ Ханааны зӕххӕй ӕрцыдысты+. 32 Уыдон сты фыййӕуттӕ+, фосы куыст кӕнынц+. Ӕмӕ сӕ фос дӕр иууылдӕр семӕ ратардтой, ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон раластой ардӕм“+. 33 Ӕмӕ уӕм фараон куы фӕдзура ӕмӕ уӕ куы бафӕрса, цы куыст кӕнут, зӕгъгӕ, 34 уӕд-иу ын зӕгъут: „Дӕ цагъартӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ фосы куыст кӕнынц. Уыцы куыст кодтой нӕ фыдӕлтӕ дӕр“+. Уӕд уӕ Гесемы зӕххыл ӕрцӕрын кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ фыййау египетӕгты цӕсты ӕлгъаг у»+.