Райдиан
42 Иаков базыдта, Египеты хор кӕй ис, уый+. Ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Кӕрӕдзимӕ цы кӕсут?» 2 Стӕй ма сын загъта: «Ӕз фехъуыстон, Египеты кӕй ис хор+. Ацӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй аирвӕзӕм, науӕд ӕххормагӕй амӕлдзыстӕм». 3 Ӕмӕ Иосифы дӕс ӕфсымӕры+ ацыдысты Египетмӕ хор ӕлхӕнынмӕ. 4 Фӕлӕ Иаков Вениамины+, Иосифы ӕфсымӕры, иннӕ ӕфсымӕртимӕ нӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ загъта: «Уӕд та ма йыл исты ’рцыд»+.
5 Израилы фырттӕ Египетмӕ ӕрцыдысты, хор ӕлхӕнынмӕ ма ноджыдӕр чи цыд, уыдонимӕ иумӕ, уымӕн ӕмӕ Ханааны зӕххыл хӕринаг нӕ уыди+. 6 Иосиф та уыди Египеты хицау+. Алы рӕттӕй цы адӕм цыд, уыдонӕн хор уый уӕй кодта+. Гъемӕ Иосифмӕ ӕрбацыдысты йе ’фсымӕртӕ дӕр ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывтой+. 7 Иосиф йе ’фсымӕрты куы федта, уӕд сӕ уайтагъд базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта+. Ӕмӕ сӕ тызмӕгӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрцыдыстут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ханааны зӕххӕй. Хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдыстӕм»+.
8 Афтӕ Иосиф базыдта йе ’фсымӕрты, уыдон та йӕ нӕ базыдтой. 9 Ӕмӕ ӕвиппайды Иосифӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, йе ’фсымӕрты фыны куыд федта, уый+, ӕмӕ сын загъта: «Сымах чидӕр ӕрбарвыста! Нӕ бӕстӕмӕ ӕрбабырсӕн кӕцырдыгӕй ис, уый базонынмӕ ӕрцыдыстут!»+ 10 Уыдон ын загътой: «Нӕ, нӕ буц хицау+, дӕ цагъартӕ+ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдысты. 11 Мах иууылдӕр стӕм иу лӕджы цот. Мах раст адӕм стӕм. Дӕ цагъарты ӕрвитгӕ ничи ӕрбакодта»+. 12 Фӕлӕ та сын уый загъта: «Нӕ, сымах уый тыххӕй ӕрцыдыстут, цӕмӕй базонат, нӕ бӕстӕмӕ ӕрбабырсӕн кӕцырдыгӕй ис, уый!»+ 13 Ӕмӕ йын уӕд уыдон загътой: «Дӕ цагъартӕ уыдысты дыууадӕс ӕфсымӕры+. Мах иу лӕджы цот стӕм+, цӕрӕм Ханааны зӕххыл. Не ’фсымӕртӕй иу нал ис+, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззад»+.
14 Фӕлӕ та сын Иосиф загъта: «Нӕ зӕгъын, чидӕр уӕ ӕрбарвыста! 15 Мах ӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ. Фараонӕй сомы кӕнын: цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр не ’рбацӕуа, уӕдмӕ ардыгӕй нӕ ацӕудзыстут+. 16 Уӕ иуы арвитут ӕмӕ уе ’фсымӕры ӕркӕнӕд, иннӕтӕ та уал уыдзысты ахст, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ+. Кӕд нӕ, уӕд сомы кӕнын фараонӕй: сымах чидӕр ӕрбарвыста». 17 Ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны ахӕстоны фӕдардта.
18 Ӕртыккаг бон сын Иосиф загъта: «Ӕз тӕрсын+ ӕцӕг Хуыцауӕй. Гъемӕ уӕдӕ, куыд уын зӕгъон, афтӕ бакӕнут ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут. 19 Кӕд ӕцӕгдӕр раст адӕм стут, уӕд уӕ иу баззайӕд ахӕстоны+, иннӕтӕ та ацӕуӕнт, ӕмӕ уӕ бинонтӕн хойраг аласут, уымӕн ӕмӕ сӕм, цы бахӕрой, уый нӕй+. 20 Ӕмӕ мӕм уый фӕстӕ ӕркӕнут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры, цӕмӕй базонон, кӕй нӕ сайут, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут»+. Ӕмӕ уыдон дӕр сразы сты.
21 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурын байдыдтой: «Не ’фсымӕры раз цы тӕригъӕд ракодтам, уый ныр фидӕм+. Уый нын цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, фӕтӕригъӕд мын кӕнут, зӕгъгӕ, мах та йӕм нӕ байхъуыстам. Ӕмӕ ныл ацы бӕллӕхтӕ дӕр уый тыххӕй цӕуынц»+. 22 Ӕмӕ сын уӕд Рувим загъта: «Нӕ уын дзырдтон, лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ мӕм нӕ байхъуыстат+. Ӕмӕ йын ныр йӕ туг фидӕм»+. 23 Иосиф сын сӕ ныхӕстӕ кӕй ӕмбары, уый та нӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ семӕ тӕлмацгӕнӕджы фӕрцы ныхас кодта. 24 Уӕд Иосиф сӕ разӕй ацыд ӕмӕ ныккуыдта+. Стӕй сӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ та семӕ аныхас кодта. Ӕмӕ се ’хсӕнӕй Симеоны ракодта+ ӕмӕ йӕ сӕ разы сбаста+. 25 Уый фӕстӕ Иосиф бардзырд радта, цӕмӕй сын сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной, стӕй дзы алкӕмӕн дӕр йе ’хца фӕстӕмӕ йӕ голладжы нывӕрой+ ӕмӕ сын семӕ фӕндагмӕ хӕринаг дӕр раттой+. Ӕмӕ афтӕ бакодтой.
26 Гъемӕ хор сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой ӕмӕ араст сты. 27 Ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдысты, уым сӕ иу йӕ голлаг райхӕлдта, хӕрӕгӕн холлаг авӕрон, зӕгъгӕ+, ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ йе ’хцатӕ уым+. 28 Ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ме ’хцатӕ мын фӕстӕмӕ нывӕрдтой! Мӕнӕ мӕ голладжы сты!» Ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныллӕууыдысты, тарстхуызӕй кӕрӕдзимӕ бакастысты+ ӕмӕ загътой: «Ай нын Хуыцау цы бакуыста?»+
29 Сӕ фыд Иаковмӕ Ханааны зӕхмӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд ын сӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдтой: 30 «Уыцы бӕстӕйы хицау чи у, уый немӕ тызмӕгӕй ныхас кодта+. Афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ нӕ чидӕр ӕрбарвыста+. 31 Фӕлӕ йын мах загътам: „Мах раст адӕм стӕм+. Ничи нӕ ӕрбарвыста. 32 Мах уыдыстӕм дыууадӕс ӕфсымӕры+, иу фыды цот+. Не ’фсымӕртӕй иу нал ис+, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззад Ханааны“+. 33 Фӕлӕ уыцы бӕстӕйы хицау чи у, уый нын загъта+: „Раст адӕм стут ӕви нӕ, уый ӕз базондзынӕн+. Уӕ иу ам мемӕ баззайӕд+, сымах та уе ’ххормаг бинонтӕн хӕринаг ахӕссут ӕмӕ ацӕут+. 34 Ӕмӕ мӕм уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры ӕркӕнут, цӕмӕй йӕ базонон, ӕрвитгӕ уӕ кӕй ничи ӕрбакодта, фӕлӕ ӕцӕгдӕр раст адӕм кӕй стут. Уӕд уе ’фсымӕры фӕстӕмӕ акӕндзыстут ӕмӕ уӕ бон уыдзӕн нӕ бӕстӕйы хор ӕлхӕнын“»+.
35 Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ куы ’вдӕлон кодтой, уӕд кӕсынц, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йе ’хцайы баст йӕ голладжы. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр ӕхцатӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. 36 Ӕмӕ сӕ фыд Иаков загъта: «Мӕ хъӕбултӕй мӕ ӕнӕхай фӕкодтат!+ Иосиф нал ис, Симеон дӕр афтӕ+, ныр та ма мын Вениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Мӕнӕ мӕ сӕр цытӕ ӕййафы!» 37 Фӕлӕ Рувим йӕ фыдӕн загъта: «Фӕстӕмӕ дын ӕй куы нӕ ӕркӕнон, уӕд мын мӕ дыууӕ фырты дӕр амар+. Мӕ бар ӕй бакӕн, ӕз дын ӕй фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн»+. 38 Фӕлӕ Иаков загъта: «Мӕ лӕппу уемӕ нӕ ацӕудзӕн. Йе ’фсымӕр нал ис, ӕмӕ ма мын ӕрмӕст уый баззад+. Исты йыл куы ’рцӕуа фӕндагыл, уӕд мын мӕ урс сӕр кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ ингӕнмӕ* барвитдзыстут»+.