Зарӕг, горӕтмӕ цӕугӕйӕ.
132 О Йегъовӕ, ӕрхъуыды кӕн,
Давид+ цы ӕфхӕрдтытӕ баййӕфта+.
2 Ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн куыд расомы кодта+,
Иаковы+ Тыхджын Хуыцауӕн дзырд куыд радта+:
3 «Ӕз мӕ хӕдзармӕ нӕ бацӕудзынӕн+,
Мӕ хуыссӕныл не ’рхуысдзынӕн+,
4 Мӕ цӕстытӕм хуыссӕг хӕстӕг не ’рбауадздзынӕн+,
Цъынд дӕр сӕ не ’ркӕндзынӕн+,
5 Цалынмӕ Йегъовӕйы хӕдзарӕн бынат не ссарон+,
Цалынмӕ Иаковы Тыхджын Хуыцауӕн кадджын цатыр не скӕнон, уӕдмӕ»+.
6 Мах уый тыххӕй фехъуыстам Ефрафӕйы+,
Базыдтам, кӕй ис хъӕды астӕу+.
7 Цӕйут, бацӕуӕм йӕ кадджын цатырмӕ+,
Бакувӕм йӕ къӕхтӕвӕрӕны раз+.
8 Сыст, о Йегъовӕ, бацу дӕ цӕрӕнбынатмӕ+,
Дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дын дӕ хъару+ чи ӕвдисы, уыцы Чырын+ дӕр.
9 Дӕ сауджынтӕн рӕстдзинад уӕд уӕлӕдарӕсау+,
Ӕмӕ дыл иузӕрдион чи у, уыдон фырцинӕй зарӕнт+.
10 Дӕ лӕггадгӕнӕг Давиды хатырӕй+
Дӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы дӕхицӕй ма аппар+.
11 Йегъовӕ Давидӕн расомы кодта+,
Ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн+:
«Ӕз дӕ паддзахбадӕныл
Ӕрбадын кӕндзынӕн+ дӕ байзӕддаджы+.
12 Дӕ фырттӕ мӕ бадзырдыл фидар куы хӕцой+
Ӕмӕ сын цы амонон, уый куы ’ххӕст кӕной+,
Уӕд сӕ фырттӕ дӕр ӕнустӕм+
Баддзысты дӕ паддзахбадӕныл»+.
13 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ равзӕрста Сион+.
Уый йӕ хъуыди цӕрӕнбынатӕн+.
14 Афтӕ загъта: «Ай у мӕ цӕрӕнбынат ӕнустӕм+.
Ам цӕрдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ ацы бынат хъуыди+.
15 Ӕз ын ратдзынӕн бӕркад+.
Йӕ мӕгуырты йын дзулӕй бафсаддзынӕн+.
16 Йӕ сауджынтыл ын уӕлӕдарӕсау скӕндзынӕн ирвӕзындзинад+,
Ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдон фырцинӕй зардзысты.
17 Уым ӕз сбӕрзонд кӕндзынӕн Давиды сыкъа+.
Ӕз ӕрцӕттӕ кодтон цырагъ мӕ сӕрст лӕггадгӕнӕгӕн+.
18 Йе знӕгтыл ын дарӕсау скӕндзынӕн худинаг+,
Уымӕн та йӕ кадыхуд+ йӕ сӕрыл цӕхӕртӕ калдзӕн»+.