Райдиан
4 Адам йӕ ус Евӕимӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ Евӕ басывӕрджын+. Ӕмӕ йын райгуырд Каин*+, ӕмӕ Евӕ загъта: «Йегъовӕйы фӕрцы мын райгуырди* лӕппу»+. 2 Уый фӕстӕ та йын райгуырд Авел+, Каины ӕфсымӕр.
Авел сси фысгӕс+, Каин та кодта зӕххы куыст+. 3 Иуцасдӕры фӕстӕ Каин зӕххы тыллӕгӕй+ Йегъовӕйӕн ӕрхаста кувинаг+. 4 Авел та нывондӕн ӕрхаста йӕ дзуджы фыццагзад+ уӕрыччытӕй цалдӕр ӕмӕ сӕ фиу+ дӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс Авелӕй, ӕмӕ йын йӕ кувинаг айста+. 5 Каинӕй та йӕ зӕрдӕ нӕ барухс, ӕмӕ йын йӕ кувинаг нӕ айста+. Каин тынг смӕсты+ ӕмӕ йӕхи ныттар кодта. 6 Уӕд Йегъовӕ Каинӕн загъта: «Цӕуыл смӕсты дӕ ӕмӕ дӕхи цӕуыл ныттар кодтай? 7 Хорздзинад аразын куы райдайай, уӕд дӕ не сбӕрзонд кӕндзынӕн?+ Фӕлӕ хорздзинад аразын куы нӕ райдайай, уӕд тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл ӕмӕ дӕ ӕрцахсынмӕ хъавы+. Фӕлӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ?»+
8 Уый фӕстӕ Каин йе ’фсымӕр Авелӕн загъта: «Цом-ма мемӕ быдырмӕ». Гъемӕ быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта+. 9 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Каины бафарста: «Де ’фсымӕр Авел та кӕм ис?»+ Уый йын дзуапп радта: «Цы йын зонын. Исты ме ’фсымӕрӕн хъахъхъӕнӕг дӕн?»+ 10 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Уый цы бакуыстай? Хъусыс? Де ’фсымӕры туг мӕм зӕххӕй дзыназы+. 11 Ныр ды дӕ ӕлгъыст: ды ныккалдтай де ’фсымӕры туг+, ӕмӕ йын йӕ туг цы зӕхх айста, уыцы зӕххӕй фӕхауӕггаг уыдзынӕ+. 12 Зӕхх-иу куы бакусай, уӕд дын тыллӕг нӕ дӕтдзӕн+. Зӕххыл рахау-бахау кӕндзынӕ, иу ранӕй иннӕ ранмӕ лидздзынӕ»+. 13 Ӕмӕ уӕд Каин Йегъовӕйӕн загъта: «Мӕ фыдракӕнды тыххӕй мын уый ӕгӕр стыр ӕфхӕрд у, нӕ бафӕраздзынӕн. 14 Абон мӕ ацы зӕххӕй сурыс, ӕмӕ дӕ разы нал уыдзынӕн+, ӕмӕ зӕххыл рахау-бахау кӕндзынӕн+, иу ранӕй иннӕ ранмӕ лидздзынӕн. Ӕмӕ мыл чи фембӕла, уый мӕ удӕгасӕй нӕ ныууадздзӕн»+. 15 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Каины чи амара, уый авд хатты баййафдзӕн ӕфхӕрд»+.
Гъемӕ Йегъовӕ Каины тыххӕй скодта нысан, цӕмӕй йыл чи фембӕлдаид, уыдонӕй йӕ мачи амардтаид+. 16 Ӕмӕ Каин ацыд Йегъовӕйы разӕй+ ӕмӕ ӕрцард Ноды* зӕххыл, Едемӕй скӕсӕнырдыгӕй.
17 Уый фӕстӕ Каин йӕ усимӕ+ ӕмуат ӕрцыд. Йӕ ус басывӕрджын, ӕмӕ йын райгуырд Енох. Уӕд Каин сарӕзта горӕт ӕмӕ йӕ схуыдта йӕ фырт Енохы номӕй+. 18 Фӕстӕдӕр Енохӕн райгуырд Ирад. Ирадӕн райгуырд Мехиаел, Мехиаелӕн – Мафусал, Мафусалӕн та – Ламех.
19 Ламех ӕрхаста дыууӕ усы. Сӕ иу хуынди Адӕ, иннӕ та – Циллӕ. 20 Цасдӕры фӕстӕ Адӕйӕн райгуырд Иавал. Уымӕй рацыдысты, цатырты+ чи цӕры ӕмӕ фос+ чи дары, уыдон. 21 Йе ’фсымӕр та хуынди Иувал. Уымӕй рацыдысты, дыууадӕстӕнон фӕндырӕй+ ӕмӕ уадындзӕй+ чи цӕгъды, уыдон се ’ппӕт дӕр. 22 Циллӕйӕн та райгуырд Тувалкаин. Уый ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй арӕзта алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ+. Тувалкаинӕн ма уыдис хо дӕр, Наамӕ, зӕгъгӕ. 23 Ламех йӕ устытӕн, Адӕ ӕмӕ Циллӕйӕн, ӕрхъуыды кодта ахӕм ӕмдзӕвгӕ:
«Байхъусут мӕм, Ламехы устытӕ,
Байхъусут мын мӕ ныхӕстӕм:
Ӕз амардтон иу лӕджы, кӕй мӕ фӕцӕф кодта, уый тыххӕй.
О, ӕрыгон лӕппуйы – кӕй мӕ ныццавта, уый тыххӕй.
24 Кӕд, Каины чи амара, уый авд хатты баййафдзӕн ӕфхӕрд+,
Уӕд, Ламехы чи амара, уый та – ӕвдай авд хатты».
25 Адам йӕ усимӕ ногӕй ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ йӕ ус ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Сиф+, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Хуыцау мын Авелы бӕсты радта* ӕндӕр байзӕддаг, уымӕн ӕмӕ йӕ Каин амардта»+. 26 Сифӕн дӕр райгуырд лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Енос+. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы ном хынджылӕггаг скодтой+.