Тӕрхонгӕнджыты
5 Уыцы бон Деворӕ+ ӕмӕ Авиноамы+ фырт Варак+ зарыдысты+:
2 «Израилы адӕм хӕстмӕ барвӕндӕй кӕй рацыдысты
Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ дзырд кӕй сӕххӕст кодтой*+,
Уый тыххӕй арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн!+
3 Байхъусут, паддзӕхтӕ+, байхъусут, хицӕуттӕ:
Ӕз зардзынӕн Йегъовӕйӕн.
4 Йегъовӕ, Сеирӕй+ куы рацӕйцыдтӕ,
Едомы+ зӕххӕй куы рараст дӕ,
Уӕд зӕхх ӕнкъуысыд+, арв фемӕхст+,
Мигътӕй дон калд.
6 Анафы фырт Самегары+ рӕстӕджы,
Иаилы+ рӕстӕджы къахвӕндӕгтыл цӕуӕг нал уыди,
Ӕмӕ фӕндӕгтыл цӕуӕг адӕм дӕрдтыл зылдысты+.
7 Израилы хъӕуты цӕрӕг нал баззад, сафтид сты+,
Цалынмӕ ӕз, Деворӕ+, нӕ сыстадтӕн,
Цалынмӕ Израилӕн мадау ӕххуысмӕ нӕ сыстадтӕн, уӕдмӕ+.
8 Ног хуыцӕуттӕ равзӕрстой сӕхицӕн+.
Ӕмӕ уӕд кулдуӕртты раз хӕст бацайдагъ+.
Израилы цыппор мин хӕстонмӕ
Нӕдӕр уарт уыд фенӕн, нӕдӕр – арц+.
9 Мӕ зӕрдӕ ис Израилы ӕфсӕддон хицӕуттимӕ+,
Адӕмы ’хсӕнӕй хӕстмӕ барвӕндӕй чи рацыд, уыдонимӕ+.
Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн!+
10 Сымах, бур хӕрджытыл чи цӕуы+,
Сымах, зынаргъ гауызтыл чи бады
Ӕмӕ фӕндагыл чи цӕуы, уыдон,
Лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут!+
11 Дон кӕм фӕисынц, уым хъуысы, дон чи дӕтты, уыдоны хъӕлӕс+,
Уыдон уым дзурын райдыдтой Йегъовӕйы раст хъуыддӕгтыл+,
Израилы хъӕуты йын чи цӕры, уыцы адӕмы раст хъуыддӕгтыл.
Уӕд Йегъовӕйы адӕм ӕрцыдысты кулдуӕрттӕм.
13 Уӕд чи аирвӕзт, уыдон ӕрцыдысты кадджынтӕм.
Йегъовӕйы адӕм мӕм ӕрцыдысты, цӕмӕй тыхджынты ныхмӕ рацӕуӕм.
14 Дӕлвӕзмӕ чи ’рцыд, уыдон сты Ефремӕй+,
Уыдон демӕ сты, Вениамин, дӕ адӕмы ’хсӕн.
Махирӕй+ рацыдысты ӕфсады хистӕртӕ,
Ӕмӕ Завулонӕй – сӕ къухы писыры фыссӕнгарз кӕмӕн ис, уыдон+.
15 Иссахары+ кънйӕзтӕ уыдысты Деворӕимӕ,
Иссахары мыггаг дӕр ӕмӕ Варак+ дӕр.
Уый фистӕгӕй ӕрцыд дӕлвӕзмӕ+.
Рувимы къордтӕ та уыдысты ӕнӕныфсхаст+.
16 Дыууӕ уаргъы ’хсӕн цы ӕрбадтӕ
Ӕмӕ, дзугтӕн уадындзӕй куыд цӕгъдынц, уымӕ цы хъусыс?+
Рувимы къордтӕ уыдысты ӕнӕныфсхаст+.
17 Галаад баззад Иорданы фаллаг фарс, нӕ фезмӕлыд йӕ бынатӕй+.
Дан та? Уыцы рӕстӕг наутыл цӕргӕйӕ цӕмӕн баззад?+
Асир йӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй бадти денджызы был,
Ӕмӕ йӕ наулӕууӕнты раз царди+.
19 Паддзӕхтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ хӕцыдысты.
Уӕд хӕцыдысты Ханааны паддзӕхтӕ+
Фаанахы+, Мегиддойы+ дӕтты раз.
Ӕвзист нӕ бафтыд сӕ къухы+.
22 Уӕд бӕхтӕ сӕ цӕфхӕдтӕй зӕхх цавтой+,
Размӕ бырстой, сӕхи тыдтой йӕ бӕхтӕ.
23 „Ӕлгъитут+ Мерозы,– загъта Йегъовӕйы зӕд+,–
Ӕнӕрлӕугӕйӕ йын ӕлгъитут йӕ цӕрджыты,
Уымӕн ӕмӕ уыдон не ’рцыдысты Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ,
Не ’рцыдысты Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ тыхджынтимӕ иумӕ“.
24 Кенейаг+ Хеверы ус Иаил+ уыдзӕн сылгоймӕгтӕй се ’ппӕтӕй арфӕгонддӕр,
Цатырты цӕрӕг сылгоймӕгтӕй се ’ппӕтӕй арфӕгонддӕр+.
25 Дон дзы ракуырдта, уый та йын ӕхсыр радта,
Кадджын адӕм кӕмӕй фӕнуазынц, уыцы стыр къусы йын ӕхсырысӕртӕ бахаста+.
26 Стӕй йӕ къухмӕ райста цатыры къӕбӕл,
Йӕ рахиз къухмӕ райста кусджыты дзӕбуг+
Ӕмӕ дзы Сисарӕйы зӕхмӕ ныххуыдта, йӕ сӕр ын ныххуынкъ кодта+,
Афаста йын йӕ сӕр, йӕ къӕмисӕнтӕ йын батыдта.
27 Йӕ къӕхты раз ӕрхауд, афӕлдӕхт, ныддӕлгом,
Йӕ къӕхты раз ӕрхауд, афӕлдӕхт.
Кӕм ӕрхауд, уырдыгӕй нал сыстад+.
28 Сылгоймаг рудзынгӕй каст, ӕнхъӕлмӕ йӕм касти,
Сисарӕйы мад касти рудзынгӕй+:
„Цӕмӕн афтӕ ӕрӕгмӕ цӕуы йӕ бӕхуӕрдон?+
Нырмӕ куыннӕ райхъуыст йӕ бӕхуӕрдӕтты хъӕлӕба?“+
29 Уӕздан сылгоймӕгтӕй йын сӕ зондджындӕртӕ+ дзуапп радтой,
Ӕниу, йӕхӕдӕг дӕр йӕхицӕн загъта:
30 „Ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фӕллӕйттӕ байстой ӕмӕ сӕ сӕ кӕрӕдзийыл уарынц+.
Сылгоймаг, нӕ, дыууӕ сылгоймаджы – алы нӕлгоймагӕн дӕр+,
Хъулон хъуымац – Сисарӕйӕн, хъулон хъуымац,
Нывӕфтыд уӕлӕдарӕс, хъулон хъуымац, нывӕфтыд уӕлӕдарӕсӕй дыууӕ фӕлысты –
Кӕуыл сӕ уарынц, уыдоны уӕхсчытыл ӕрбакӕнынӕн“.