Амос
3 «Израилы фырттӕ, байхъусут, Йегъовӕ сымах тыххӕй+, Египеты зӕххӕй кӕй ракодта, ӕппӕт уыцы адӕмы тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ+: 2 „Зӕххыл цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис+, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр сымах зонын+. Ӕмӕ уӕ уе ’ппӕт тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп дӕр уымӕн ӕрдомдзынӕн+.
3 Дыууӕ адӕймаджы куы нӕ баныхас кӕной ӕмӕ куы нӕ фембӕлой, уӕд иумӕ искуыдӕм ацӕудзысты?+ 4 Домбай амӕттагыл куы нӕ фӕхӕст уа, уӕд хъӕды богъ кӕндзӕн?+ Науӕд ӕвзонг домбай куы ницы ӕрцахса, уӕд йе ’мбӕхсӕн бынатӕй йӕ хъӕр цӕудзӕн? 5 Цъиуӕн къӕппӕг куы ничи сӕвӕра, уӕд дзы бахаудзӕн?+ Кӕнӕ къӕппӕг куы ницы ӕрцахса, уӕд зӕххӕй фесхъиудзӕн? 6 Горӕты сыкъайӕ куы ныууасынц, уӕд адӕм фыртӕссӕй нӕ баризынц?+ Горӕты исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд уый Йегъовӕйӕ нӕ вӕййы? 7 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕны, уӕдмӕ+. 8 Домбай ныббогъ кодта+ – чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ ныхас загъта – хъусӕй кӕцы пехуымпар лӕудзӕн?“+
9 „Азоты цӕрӕн мӕсгуытӕй ӕмӕ Египеты цӕрӕн мӕсгуытӕй фехъусын кӕнут+: „Ӕрӕмбырд ут, Самарийы хӕхты ныхмӕ+ рацӕут ӕмӕ фенут, йӕ мидӕг цас змӕстытӕ ис ӕмӕ дзы сайыны куыст йеддӕмӕ кӕй ницы кӕнынц, уый+. 10 Раст цы у, уый аразын нӕ зонынц+: иннӕты фӕллӕйттӕ исынц+ ӕмӕ дзы сӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ дзаг кӕнынц“,– зӕгъы Йегъовӕ“.
11 Уый тыххӕй афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Знаг дӕ зӕххы алыварс разил-базил кӕны+. Уый дын дӕ хъару асӕтдзӕн ӕмӕ дын дӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ фӕхӕсдзӕн“+.
12 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Фыййау домбайы дзыхӕй дыууӕ къахы кӕнӕ хъусы ӕрдӕг куыд ратоны+, афтӕ ратондзысты Израилы фыртты дӕр – Самарийы хъӕздыг хуыссӕнтыл+ ӕмӕ дамаскаг фӕлмӕн хуыссӕнтыл чи бады, уыдоны“+.
13 „Байхъусут ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндаджы бафӕдзӕхсут+,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– 14 Уымӕн ӕмӕ, Израил ныхмӕ кӕй цыд, уый тыххӕй дзы дзуапп цы бон ӕрдомдзынӕн+, уыцы бон дзуапп ӕрдомдзынӕн Вефилы нывондхӕссӕнтӕй дӕр+. Ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ саст ӕрцӕудзысты ӕмӕ зӕхмӕ ӕрхаудзысты+. 15 Ӕз ныппырх кӕндзынӕн зымӕгон хӕдзар+ дӕр ӕмӕ сӕрдыгон хӕдзар дӕр“+.
„Пылыстӕгӕй конд хӕдзӕрттӕ фесӕфдзысты+, ӕмӕ бирӕ хӕдзӕрттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ».