Псалом
Амонӕгӕн. Давиды зарӕг.
64 О Хуыцау, мӕ тыхсты мын мӕ хъӕлӕс фехъус+.
Ме знӕгтӕ мӕ тасы ӕфтауынц, лӕбурынц мӕм, ӕмӕ мын мӕ цард бахъахъхъӕн+.
2 Бамбӕхс мӕ ӕвзӕргӕнджыты сусӕг фӕндтӕй+,
Чи сӕмбырд, уыцы фыдгӕнджытӕй+.
3 Уыдон се ’взӕгтӕ хъамайау сцыргъ кодтой+,
Ныхъхъавыдысты сӕ фатӕй, сӕ маргӕйдзаг ӕвзагӕй+,
4 Цӕмӕй се ’мбӕхсӕнтӕй ӕхсой ӕнӕфау адӕймаджы+.
Ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фехсынц ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр нӕ кӕнынц+.
5 Сӕ фыдӕвзаг йӕ кӕнон нӕ уадзы+.
Уынаффӕ кӕнынц, цӕмӕй сусӕгӕй къӕппӕджытӕ ӕрӕвӕрой+.
Ӕмӕ дзурынц: «Чи сӕ фендзӕн?»+
6 Хъуыды кӕнынц, фыдхъуыддаг куыд ракӕной, ууыл+.
Сусӕг кӕнынц, лыстӕггай кӕй спълан кодтой, уыцы хинвӕндтӕ+.
Сӕ мидӕг, сӕ зӕрдӕйы, цы ис, уымӕн базонӕн нӕй+.