Иов
3 Уый фӕстӕ Иов райдыдта дзурын, райдыдта йӕ райгуырӕн бон ӕлгъитын+. 2 Иов загъта:
3 «Дӕлдзӕх фӕуӕд, цы бон райгуырдтӕн, уый+,
Дӕлдзӕх фӕуӕд уыцы ’хсӕв, афтӕ куы загътой, мады гуыбыны ног цард сӕвзӕрд, зӕгъгӕ.
4 Уыцы бон саудалынг бауӕд.
Бӕрзондылбадӕг Хуыцау ӕй хъуыды дӕр ма ’ркӕнӕд,
Хур ыл ма скӕсӕд.
5 Талынг, саудалынг ӕй фӕстӕмӕ йӕхи бакӕнӕд.
Къӕвдайы мигъ ӕй ӕрӕмбӕрзӕд,
Бон цӕмӕй батар вӕййы, уыдӕттӕ дзы тас уадзӕнт+.
6 Уыцы ’хсӕв сау талынг бауӕд+.
Афӕдзы иннӕ бонтимӕ йын циндзинадӕй хай ма уӕд,
Ма йын уӕд бынат мӕйты ’хсӕн.
7 Уыцы ӕхсӕв бахуыскъ уӕд,
Цины хъӕр дзы ма райхъуысӕд+.
9 Йӕ сӕууон стъалыты рухс баталынг уӕд,
Боны рухсмӕ дзӕгъӕлы фенхъӕлмӕ кӕсӕд,
Сӕуӕхсиды рухс ма фенӕд,
10 Уымӕн ӕмӕ мын мӕ мады хуылф нӕ сӕхгӕдта+
Ӕмӕ мӕ ацы мӕстытӕй нӕ бахызта.
11 Цӕуылнӕ амардтӕн мӕ мады гуыбыны?+
Мӕ мады хуылфӕй куыддӕр рацыдтӕн, афтӕ мӕ уд цӕуылнӕ систон?
12 Цӕмӕн федтон мады хъӕбыс
Ӕмӕ дзидзи+ цӕмӕн дадтон?
13 Афонмӕ ӕнӕмӕтӕй хуыссин+,
Фынӕй кӕнин ӕмӕ улӕфин+
14 Паддзӕхтимӕ ӕмӕ зӕххон уынаффӕгӕнджытимӕ+,
Сӕхицӕн бынӕттӕ чи сарӕзта ӕмӕ ныр уыцы бынӕттӕ пырхытӕй кӕмӕн лӕууынц, уыдонимӕ+,
15 Кӕнӕ, сызгъӕрин кӕмӕ ис, уыцы кънйӕзтимӕ,
Сӕ хӕдзӕрттӕ ӕвзистӕй чи дзаг кӕны, уыдонимӕ.
16 Кӕнӕ фӕлтау, мады хуылфӕй чи фӕхицӕн ӕмӕ зонгӕ дӕр кӕй тыххӕй нӕ бакодтой, ахӕм сывӕллонау+ куы фӕуыдаин,
Рухс чи нӕ федта, уыцы сывӕллӕттау+.
18 Ахст адӕм дзы иууылдӕр сты ӕнӕмӕт,
Нӕ хъусынц сӕ цӕстдарӕджы хъӕлӕс+.
19 Уым хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕймаг сты ӕмхуызон+,
Ӕмӕ дзы цагъар йӕ хицауӕй ссӕрибар.
20 Мӕстытӕ чи ӕвзары, уыдонӕн Хуыцау рухс цӕмӕн фенын кӕны,
Мастӕфхӕрд удӕн цард цӕмӕн ратты?+
21 Цӕмӕн у афтӕ, ӕмӕ чидӕртӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц, фӕлӕ сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы?+
Афтӕмӕй та йӕ ӕмбӕхст хӕзнатӕй тынгдӕр агурынц.
22 Уыдонӕн сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы,
Фырцинӕй фӕмӕлынц, ингӕн куы ссарынц, уӕд.
23 Хуыцау цӕмӕн фенын кӕны рухс, царды фӕндагыл чи фӕдзӕгъӕл, уыцы адӕймагӕн+,
Алырдыгӕй цӕлхдуртӕ кӕмӕн ӕвӕры, уымӕн?+
24 Хӕргӕйӕ дӕр мӕ хъӕрзын цӕуы+,
Мӕ богъ-богъ хъуысы дӕтты нӕрынау+,
25 Уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй тарстӕн, уый мӕ сӕр ӕййафы,
Хъуыды кӕнын дӕр цӕуыл нӕ уӕндыдтӕн, уыдон мыл цӕуынц+.
26 Ӕз ӕнӕмӕт, ӕнӕмаст нӕ уыдтӕн,
Сабыр цард мын нӕ уыд, ӕмӕ ма ноджыдӕр – маст масты фӕдыл».